Комкоммӕ ныхас — дзӕуджыхъӕуккӕгтимӕ

0
640

 

Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы сӕргълӕууӕг ӔЛБЕГАТЫ Барис «ӕвӕстиатон бастдзинад»-ы телефоны фӕрцы ныхас кодта горӕты цӕрджытимӕ. Ахсджиаг фарстатӕ алыг кӕнынӕн ӕххуысы фӕдыл горӕты мэримӕ чи фӕдзырдта, ӕлбеджы-фырт уыцы ахӕм адӕмӕн дзуапп лӕвӕрдта

Ӕлбегаты Барис ӕрныхас кодта «ӕвӕстиатон бастдзинад»-ы телефонмӕ ӕрбафтӕг курдиӕттыл, стӕй горӕты администраци кӕй баххӕст кӕны, адӕм уыцы лӕггӕдты хӕрзхъӕддзинадӕй разы сты ӕви нӕ, уый базыдта.

Адӕм администрацимӕ арӕхдӕр фӕдзурынц цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады къабазы ӕмӕ бирӕфатерон хӕдзӕртты кӕртытӕ аив кӕныны фарстаты фӕдыл. Зӕгъӕм, дзӕуджыхъӕуккаг Аннӕ И. куырдта, цӕмӕй Леваневскийы ӕмӕ Калинины уынгты тигъыл, автобусты ӕрлӕууӕн бынаты фӕхсбандон ӕвӕрд ӕрцӕуа. ӕлбеджы-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, фӕхсбандон ацы аз сӕвӕрдзысты.

Рӕмоны-фырты уынджы цӕрджыты номӕй горӕты хицаумӕ фӕдзырдта Евгения М. Уый куырдта, цӕмӕй Рӕмоны-фырты ӕмӕ Кировы уынгты ӕхсӕн фӕндаггон хӕххыты цухдзинады фарста лыггонд ӕрцӕуа. Ныхасы рӕстӕг горӕты администрацийы сӕргълӕууӕг куыд загъта, афтӕмӕй фӕндаггон-арӕзтадон афон куыддӕр ралӕууа, афтӕ фӕндагыл хӕххытӕ конд ӕрцӕудзысты. Уымӕй уӕлдай, адӕмы удӕнцойдзинадӕн ам фӕбӕрӕг кӕндзысты фӕндаджы сӕрты бацӕуӕн бынат дӕр.

Иуӕй-иу лыггӕнинаг фарстатӕй фӕстӕмӕ администрацимӕ ӕрбафтынц арфӕтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Неведомскийы уынджы 19-ӕм хӕдзарӕй фӕдзурӕг сылгоймаг арфӕ кодта администрацийы кусджытӕн, сӕ хӕдзары пъадвал сын донӕй равдӕлон кӕнынӕн кӕй баххуыс кодтой, уый тыххӕй.

— Адӕм Дзӕуджыхъӕуыл ӕнувыд кӕй сты, уый мын ӕхсызгон у. Фыццаджыдӕр, ӕргом кӕцы фарстатӕм ӕмбӕлы аздахын, арӕх нын горӕтӕгтӕ уый бацамонынц. Горӕтӕгтимӕ Дзӕуджыхъӕуы рӕзтӕн ахъаз кӕй кӕндзыстӕм, уый мӕ уырны, — загъта ӕлбегаты Барис.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here