Аразынц ӕнцонвадат, лӕгъз фӕндӕгтӕ

0
620

 

Æнцонвадат, лӕгъз фӕндӕгтӕ ӕвдисдзысты, нӕ республикӕ алы ӕгъдауӕй дӕр ӕнтыстджынӕй кӕй рӕзы, уый. Афӕдзы алы афон дӕр иудадзыг зылд цӕуы фӕндӕгтӕм, алы бон дӕр сӕ ӕфснайынц, сӕ фӕйнӕфарс кӕрдӕг кӕрдынц, афӕдз дыууӕ хатты фӕндӕгтыл цӕуыны нысантӕ сног кӕнынц, хидты бынтӕ сыгъдӕг кӕнынц, зымӕджы мӕйты та мит ӕмӕ ихимӕ дӕр тох кӕнынц.

Цӕмӕй нӕ республикӕйы фӕндӕгтӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ ӕдас уой, уый тыххӕй фӕндагаразджытӕ пайда кӕнынц нырыккон технологитӕй. Республикӕйы разамынд йе ‘ргом тынг аздӕхта ацы фарстамӕ, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕй, афӕдзӕй-афӕдзмӕ республикон ӕмӕ муниципалон фӕндӕгтӕ ӕнцонвадатдӕр кӕй кӕнынц, уый.

Арӕзтадон куыстуат ООО «Ирдорстрой» ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй цы куыстытӕм бавнӕлдта, уыдон ахъаз уыдзысты адӕмы ӕдасдзинадӕн. Сӕ арӕзт фӕндӕгтыл ӕхсызгонӕй цӕудзысты куыд бӕлццӕттӕ, афтӕ шофыртӕ дӕр. Нал дзы уыдзӕнис машинӕтӕн цӕуынӕн тӕссаг бынӕттӕ.

Автомобилон фӕндаг » Æрхонкӕ-БМК-Хуымӕллӕг-Кавказ»-ы 5-ӕм километры ацы бонты «Ирдорстрой»-ы кусджытӕ калынц зӕронд бӕлӕстӕ. Дзидаханты Тамик йӕ хӕдтулгӕйыл ӕрвылбон ацы фӕндагыл цӕуы Къостайыхъӕумӕ.

— Хистӕртӕй фехъуыстон, ацы бӕлӕстӕ ивгъуыд ӕнусы 60-70-ӕм азты сагъд кӕй ӕрцыдысты, дымгӕты рӕстӕг-иу фӕндаг хус къалиутӕй байдзаг ис, тӕссаг уавӕр ӕвзӕрын кодтой. Бузныг, ацы хъӕугӕ хъуыддаг адӕмы удӕнцойӕн чи кӕны, уыдонӕн, — загъта Тамик. Кусджыты бригадӕн разамынд дӕтты прораб Пухаты Эльбрус.

— Уӕззау куыст кӕнынц лӕппутӕ, зымӕджы уавӕрты райсомӕй изӕрмӕ. Дыууадӕс адӕймаджы — хырхӕйфадджытӕ, шофыртӕ, ӕнӕуи кусджытӕ — иууылдӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ фӕллой арфӕйаг уа. Раппӕлинаг куыст кӕнынц уӕззау техникӕйы шофыртӕ ӕрсойты Гия ӕмӕ Даситы Славик, хырхӕйлыггӕнӕг Туаты Георги, кусджытӕ Плиты Рустам, Мӕхъиты Аслан, Дриаты Алан, Гаджиты Алик, Игорь Букшин ӕмӕ иннӕтӕ. Фарныхъӕуы фӕзилӕнмӕ фӕндагӕн йӕ дыууӕ фарс хъуамӕ ныссыгъдӕг кӕнӕм, ис дзы авдсӕдӕйы бӕрц зӕронд гӕды бӕлӕстӕ, хъӕддаг ӕхсынцъытӕ, — зӕгъы Эльбрус. Хырхӕйлыггӕнӕг арӕхстджынӕй кӕны йӕ куыст, бригады иннӕ уӕнгтӕ иуварсӕй кӕсынц, уыдонӕн сӕ куыст фӕстӕдӕр уыдзӕн. Цалдӕр минуты рацыд, дыууӕрдыгӕй дӕр машинӕты цыд баурӕдтой ӕмӕ мӕнӕ бӕрзонд «бутъро» бӕлас фӕндаджы астӕумӕ ӕрызгъӕлдис. Уӕззау техникӕ йӕ иуварс аласта, фӕндаджы уӕлцъар цыбыр рӕстӕгмӕ асыгъдӕг. Машинӕтӕ сӕ цыд дарддӕр кодтой. Уыцы-иу рӕстӕг къалиутӕ кӕрдынц ӕмӕ сӕ ӕндӕр ранмӕ ласынц, бырон судзынц.

— Цӕмӕй нӕ фӕндӕгтӕ бирӕ азты бӕлццӕттӕн къуылымпытӕ ма ӕвзарын кӕной, фӕлӕ ӕдас, ӕнцонвадат уой, ууыл архайӕм. Фӕндӕгты хӕдзарады комитет алы хъуыддагмӕ дӕр йӕ цӕст дары, — зӕгъы ООО «Ирдорстрой»-ы генералон директор Дзодзиаты Тамерлан. — Куысты хӕрзхъӕддзинад ӕмӕ адӕмы ӕдасдзинад — уый у нӕ сӕйраг нысан. Ацы фӕндагӕй пайда кӕнынц Къостайы, Кировы, Фарныхъӕуы, Беслӕны ӕмӕ ӕндӕр хъӕуты цӕрджытӕ. Алкӕмӕн дӕр йӕ фӕндаг ӕнӕфыдбылыз уӕд!

«Ирдорстрой»-ы коллективы бӕрны ма ис ӕндӕр объекттӕ дӕр, ӕдӕппӕт, 100 километры бӕрц, республикон ӕмӕ муниципалон нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм фӕндӕгтӕ Рахизфарсы, ӕрыдоны ӕмӕ Горӕтгӕрон районты. ӕрвылбон цӕстдард цӕуы фӕндӕгты сыгъдӕгдзинадмӕ, зымӕджы мӕйты бырынцъаджы рӕстӕг сыл пырх кӕнынц змис ӕмӕ цӕххы ӕмхӕццӕ.

ГУГКАТЫ Жаннӕ Къамтӕ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here