Адæмы æрвылбоны царды фарстатæм — иудадзыг цæстдард

0
441

Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг ÆЛБЕГАТЫ Барисæн фембæлд уыд, горæты муниципалон арæзты сконды цы хъæутæ ис, уыдоны цæрджытимæ. Фембæлдмæ æрбамбырд сты Бæлтайы, Реданты, Цмийы, Ларсы, Эзми æмæ Попов хуторы цæрджытæ.

Уый тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы пресс-службæ. Хъæууон адæмимæ ныхасы архайдтой горæты администрацийы структурон дæлхайæдты разамонджытæ, стæй ацы зылды æвзæрст депутаттæ — РЦИ-Аланийы Парламенты уæнг Зассеты Тельмæн æмæ Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутат Махъоты Дзамболат. Бынæттон цæрджытæ горæты администрацийы бæрнон кусджытæн радзырдтой сæ тыхстаг фарстаты тыххæй, бахастой бæлвырд фæндæттæ æмæ фиппаинæгтæ.

Ныхасы рæстæг бирæ хъуыддæгтæм аздæхтæуыд æргом. Зæгъæм, адæм сæвæрдтой донуадзæн æмæ электрон тыхдæттæн хæтæлтæ раивыны фарста. Иннæмæй, адæмы хъуыдымæ гæсгæ, бындуронæй цалцæггæнинаг у бынæттон клуб дæр, стæй фæнывылдæр кæнын хъæуы, уыцы хъæутæ Дзæуджыхъæуимæ цы автобусон маршрут бæтты, уый куысты график дæр.

Ацы æмæ иннæ фарстатæ горæты разамонджытæ сæхимæ фæбæрæг кодтой æмæ куыд загътой, афтæмæй æппæт хъуыддæгтæм дæр уыдзæн цæстдард.

Фембæлды архайджытæ сæрмагондæй æркастысты, бынæттон адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн ныронг цы мадзæлттæ арæзт æрцыд, уыдонмæ дæр. Зæгъæм, Редант æмæ Бæлтамæ бацæуæн фæндæгтæ банывыл кодтой, цалдæр раны сцалцæг кодтой донуадзæн æмæ электрон тыхдæттæн хæтæлтæ, Редант æмæ Ларсы уынгты цырæгътæ сауыгътой…

Уыцы куыстытæн бынæттон адæм хорз аргъ скодтой. «Горæты разамындæн бузныг зæгъæм, се ‘ргом нæм кæй здахынц, уый тыххæй. Фæстаг рæстæг зынгæ фæаивдæр нæ хъæуы скъола, цалцæггонд æрцыд тренажорты зал, фæзынд нæм сывæллæтты хъазæн фæзтæ дæр. Фæнды нæ, цæмæй цалцæггонд æрцæуа нæ рæвдауæндон дæр», — фæбæрæг кодта Бæлтайы цæрджытæй иу.

Уыцы адæймаджы курдиатæн уайтагъд дзуапп радта горæты ахуырады управленийы хицау Гозымты Раман. Йæ ныхасмæ гæсгæ, рæвдауæндоны цалцæг ныридæгæн хаст æрцыд пъланмæ, куыстытæ райдайдзысты ацы аз. Сæрды рæвдауæндонæн раивдзысты йæ сæр, стæй бакæндзысты иннæ куыстытæ дæр. Афтæ каст æрцыд æппæт курдиæттæ æмæ хъæстытæм дæр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here