Слестгæнæн управленийы разамонæг Виктор НАУМОВ дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыдис, ведомство ивгъуыд аз куыд бакуыста, уый, æмæ 2019 азы нысантимæ баст коллеги. Управленийы бæрнон кусджытæй уæлдай ма дзы архайдта РЦИ-Аланийы прокуроры хæдивæг Камиль ГУСЕЙНОВ.
Боны фæткы цы фарстатæ уыдис, уыдоны тыххæй раныхас кодтой управленийы разамонæджы хæдивджытæ, аппараты дæлхайæдты æмæ территориалон слестгæнæн хайæдты хицæуттæ. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй регистрацигонд фыдракæндты иумæйаг нымæц фæфылдæр. Уыцы-иу рæстæг терроризм æмæ адæмы амынæты райсыны цаутæ æппындæр не ‘рцыд. Æнахъомты ныхмæ æмæ æнахъомтæ сæхæдæг цы фыдракæндтæ скодтой, уыдон фæфылдæр сты.
Слестгæнæн управленийы кусджытæ 2018 азы æвзæрстой 1060 уголовон хъуыддаджы, тæрхондонмæ барвыстой 460 уголовон хъуыддаджы. Фылдæр æргом аздæхтой коррупциимæ тохмæ, цы æрмæджытæ æвзæрстой, уыдонмæ гæсгæ коррупцийы къабазы сæйрагдæр аххосæгтæ сты барадхъахъхъæнæг оргæнты, республикон æмæ бынæттон хицаудзинады кусджытæ, сæ бартæй, куыд не ‘мбæлы, афтæ кæй пайда кæнынц, бюджеты æхца адавынæн алыхуызон æнæзакъон мадзæлттæй кæй пайда кæнынц, гæртæмттæ кæй исынц, уыдон. Коррупциимæ баст хъуыддæгтæ фарон байгом кодтой 144, уыдонæй 51 арвыстой тæрхондонмæ. Уголовон бæрнондзинад бадомдтой 48 разамонæгæй.
Раздæр азты цы фыдракæндтæ конд æрцыдис, уыдон раиртасын æмæ байгом кæныныл дæр кусджытæ тынг архайдтой, уый охыл фæлтæрдджындæр слестгæнджытæй скодтой аналитикон къорд, уæдæ ма ис æппынæдзух кусæг слестгæнæг-оперативон къорд дæр. Ивгъуыд азты конд 26 фыдракæнды раргом кæныныл чи архайдта, уыдон сбæрæг кодтой аххосджынты, тæрхондонмæ барвыстой 15 уголовон хъуыддаджы. Уыдоны ‘хсæн — барæй амарыны, æнæниздзинадæн стыр зиан æрхæссыны, хъыгдард баййафæджы ныхмæ цы мадзæлттæй пайда кодтой, уымæй мæлæт расайыны, тыхми бакæныны æмæ æндæр фыдракæндтæ. Слестгæнæн комитет арæзт кæд æрцыд, уæдæй нырмæ управленийы кусджытæ раргом кодтой 1988 азæй 2011 азы онг цы уæззау æмæ ноджы уæззаудæр фыдракæндтæ конд æрцыд, уыдонæй сæдæйæ фылдæр.
Социалон æгъдауæй æнцон бахъыгдарæн цæрджыты къордтæн сæ барты ныхмæ цы фыдракæндтæ конд цæуы, уыдоны нымæц нæ къаддæр кæны, уыимæ, чысыл æмæ æнахъом сывæллæтты ныхмæ фыдракæндты нымæц дæр. Уый охыл слестгæнæг оргæнтыл æвæрд æрцыд уыцы категорийы фыдракæндтæ æххæстæй, æппæтвæрсыгæй раиртасын æмæ раргом кæныны хæс. Ахæм æбуалгъ хъуыддæгтæ чи бакæны, уыдон хъуамæ сбæрæг уой, хаст сын æрцæуа æмбæлгæ æфхæрд. Ахсджиаг у ахæм фыдракæндтæ ма ‘руадзыны охыл рагагъоммæйы куыст кæнын дæр. Æнахъомтæ сæхæдæг цы фыдракæндтæ скæнынц, уыдоны тыххæй фарон байгом кодтой 19 уголовон хъуыддаджы, сывæллæтты ныхмæ фыдракæндты тыххæй та байгом кодтой 48 уголовон хъуыддаджы. Тæрхондæттæм барвыстой, кæй сарæзтой, ахæм 18 уголовон хъуыддаджы, 30 уголовон хъуыддажы та — æнахъомты ныхмæ конд фыдракæндты тыххæй.
Фарон слестгæнджытæ æнтыстджынæй раргом кодтой, æхсæнад йе ‘ргом тынг цы фыдракæндтæм аздæхта, ахæмтæ дæр. Нæ республикæйы æртæ цæрæджы аххосджынгонд цыдысты сывæллон ауæй кæнынæй; Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы хайады кусджытæ се ‘ххæст бартæй куыд не ‘мбæлы, афтæ спайда кодтой, архайдтой тыхмийы фæрцы; Мæздæджы районы цæрæг та аххосджынгонд цыдис дыууæ адæймаджы амарынæй; республикæйы хъæуты разамонджытæ сæ куысты бынатæй пайда кæнгæйæ, скодтой фыдракæндтæ; коммерцион куыстуаты разамонæг та хъалонтæ бафидынæй йæхи аиуварс кодта.
Слестгæнæг управленийы разамынд стыр æргом здахы, фыдракæндтæ адæмæн цы зиан æрхæссынц, уый баххæст кæнынмæ. Афтæмæй фарон фыдгæнджыты азымæй зиан рауад 657,5 милуан сомы. Уыдонæй рагагъоммæйы слестгæнæн мадзæлтты фæрцы фæстæмæ баздæхтой 305,1 милуан сомы. Гуырысхойаг кæнæ фыдракæнд скæнæг адæймæгты исбон (63 милуан сомы) тæрхонгæнджыты фæрцы ахст æрцыд, хъæппæрис та равдыстой слестгæнæн оргæнтæ.
Слестгæнæн управленийы кусджытæм тынг арæх æрбарвитынц алыхуызон курдиæттæ, хъæстытæ. Фарон æркастысты 1546 ахæм документмæ, управленийы разамонджытæ фембæлдысты 784 гражданинимæ. Уыдæттæ дзурæг сты, ведомство æмæ адæмы ‘хсæн бастдзинæдтæ фидар кæй кæнынц, граждæнтæ се ‘ууæнк кæй æвдисынц, слестгæнæг управленийы разамынд та закъонхæлдтытæм къæрцхъус кæй у, уый.
Кæд æмæ слестгæнæн бирæвæрсыг архайды æнтыстдзинæдтæ æргом сты, уæддæр управленийы аппараты æмæ территориалон хайæдты разамонджытæ æруагътой рæдыдтытæ дæр. Уый тыххæй сын карз æфхæрд радта управленийы разамонæг, уый сæ бадомдта, цæмæй æппæт уыцы аипдзинæдтæ аиуварс кæной, граждæнты фыдракæндтæй бахъахъхъæнынæн æппæт уголовон мадзæлттæй пайда кæной.
Слестгæнæн управленийы пресс-службæ














