Административон бæрнондзинад. Хъæды æмæ Зæххы кодекстæ

0
277

 

«Ныртæккæ мын ме ‘взарджытимæ вæййы фембæлдтытæ æмæ адæм тынг хъаст кæнынц газы организацитæй. Сæ кусджытæ «ОМОН»-имæ зилынц хæдзари-хæдзар æмæ, афойнадыл чи нæ фиды, хæсджын чи у, уыдоны хæтæлтæ алыг кæнынц. Ныхас ууыл цæуы, æмæ хæдзæртты куы ничи вæййы, афтæмæй дæр бакæнынц уыцы хъуыддаг. Уый фæстæ ма адæм зилын райдайынц, чи йæ рæстдзинад фæамоны документтæм гæсгæ, чи æндæр æмбæлгæ æфсæнттæ æрхæссы, фæлæ сæ бон ницыуал вæййы. Хъуамæ фæрæзтæдæттæг организацитæ ахæм æфхæрæн мадзæлтты агъоммæ хæсджынтæн фехъусын кæной, æппынфæстаг, цæмæй уой сæ хæдзæртты», — знон парламентон советы æмбырды, депутат УАТАТЫ Зелим рæгъмæ рахаста, республикæйы цæрджыты тынг цы тыхсын кæны, ахæм фарста. Æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ.

Уататы Зелим куыд бафиппайдта, афтæмæй хъæубæсты разамонджытæ се ‘мбырдтæм газы хæдзарады разамонджытæм куы фæдзурынц, уæд æрбарвитынц, уыйас бæрнондзинад кæмæ нæ вæййы, ахæм кусджыты. Фылдæр хатт адæм сæ размæ цы фарстатæ сæвæрынц, уыдонæн сæ бон дзуапп раттын нæ вæййы. «Кæд газы хæтæлты хицау газы хæдзарад у, уæд нымайæнтæ цæмæн баззадысты? Фылдæр адæм нæ базонынц, нымайæны æмгъуыд фæцис, уый, æмæ куыд «фездухы», уымæ гæсгæ цæрджытæ фидынц. Газы хæдзарад та сæ фиддонтæ домы цæрæнуаты фæзуатмæ гæсгæ, уый та рауайы тынг зынаргъ. Советы уæнгтæ сæ хъуыдытæ загътой ацы уавæры тыххæй. Ома, афойнадыл чи нæ фиды, уый раст нæу, фæлæ сын ма фехъусын кæн, афтæмæй сæ газæй фæхицæн кæн, уый дæр никæй зæрдæмæ фæцæудзæн.

Дойаты Светланæ куыд загъта, афтæмæй бирæ аразгæ у фæрæзтæдæттæг организациты кусджыты ахастæй. «Мæнмæ мæ контролер æрбадзырдта телефонæй æмæ мын загъта, газ нымайæны æмгъуыд мæйы фæстæ кæй фæуыдзæн, уый. Ома, хъæуы йæ рафтауын æмæ йæ специалисттæм бахæссын, алчидæр афтæ куы куса, уæд дзы ахæм тыхстаг уавæртæ нæ уыдзæн», — бафиппайдта депутат. Токаты Людмилæйы хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ ацæргæ сылгоймаг куыдæй зона, уыцы нымайæнтæн æмгъуыдтæ ис æмæ-иу сæ рафтауын фæхъæуы, уыдæттæ. Æмбырды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй растдæр уаид, уыцы нымайæнтыл дæр фæрæзтæдæттæг организацитæ сæхæдæг дзуапдæттæг куы уаиккой, уый.

 Бокоты Эльбрус куыд радзырдта, афтæмæй сæ иу цалдæр хатты бахъуыдис ахæм цаутæ æвзарын, фæлæ фæрæзтæдæттæг организацитæ ницæуыл басастысты. «Закъонæн æнæ æххæстгæнгæ нæй, фæлхасгонд фæрæзтæн хъæуы фидын, фæлæ адæймагдзинад хъуамæ сæфт ма уа. Ныртæккæ мах цæттæ кæнæм закъоны проект, уый фæрцы хъуамæ æппæт энергон фæрæзтæдæттæг организацитæ сæхимæ райсой нымайæнтæ дæр. Сæ коммуникацитæн куыд сты бæрнон, афтæ хъуамæ дзуапп дæттой нымайæнты уавæрыл, се ‘мгъуыдтыл æмæ афтæ дарддæр. Цы хатдзæгтæ нæм ис уавæры тыххæй, уыдæттæ ма бамбырд кæнæм æмæ сыл бæстон æрныхас кæнæм», — загъта Бокойыфырт.

Алексей Мачнев сразы ис ахæм фæндонимæ, фæсидтис депутаттæм, цæмæй, цы æрмæджы хицау сты, уыдæттæй хатдзæгтæ скæной æмæ сæ сæрмагонд æмбырдмæ рахæссой.

Советы æмбырды цы фарстатæм æркастысты, уыдонæн сæ фылдæр хай бацæттæ кодта закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитет. Йæ сæрдар Ортабайты Тимур æрныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы Административон бархæлдтыты тыххæй кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл цалдæр закъоны проектыл. Æппæт Уæрæсейы дæр ахсджиаг у, йæхи æхцайы фæрцы фатеры арæзтады чи архайы, æмæ ахæм адæймæгты раз сæ хæстæ чи нæ сæххæст кæны, уыцы организацитæй бæрнондзинад бадомыны хъуыддаг. Ныртæккæ нæ бæстæйы Арæзтад æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады хатдзæгтæм гæсгæ, ахæм цæстфæлдахджыты «къæппæджы» бахаудис 70 мин адæймагæй фылдæр. Нæдæр сæ бон се ‘хца райсын у, нæдæр сын фатертæ сарæзтой. Кæд федералон закъонæй ахæм хъуыддаджы æвæрд æхца æрмæстдæр уыцы нысаныл ис схардз кæнæн, уæддæр аразджытæн бантысы йæ сæрты ахизын.

Комитеты сæрдар куыд бацамыдта, афтæмæй Кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæрцы, сæхи фæрæзтæй хæдзæрттæ кæнæ æндæр æнæзмæлгæ исбонад чи аразы, уыдоны бартæ тынгдæр хъахъхъæд цæудзысты. Зæгъæм, ивары бæрц уыдзæн 50 мин сомæй 500 мин сомы онг — уый бæрнон адæймæгтæн, 200 мин сомæй — 1 милуан сомы онг та организацитæн.

Машинæты хицæуттæ сæ транспорт, кæм не ‘мбæлы, ахæм рæтты куы ныууадзынц, уæд уымæй халынц фæндаггон уагæвæрд. Фылдæр хатт сæ аласынц эвакуаторæй иварисæн бынæттæм. Цард куыд равдыста, афтæмæй уыцы архайдæй сæхицæн пайда кæнын райдыдтой, закъон чи хъуамæ хъахъхъæна, уыдон. Эвакуацийы рæстæг уыдон халынц адæмы бартæ, арæх, транспорты фæбады адæм, уый ницæмæ æрдаргæйæ, сæрмагонд организацийы кусджытæ балæууынц хъуыддагыл. Нормативон-барадон акттæ сын уыцы бар дæттынц, афтæмæй та уымæй граждæнты бартæ къахыргонд цæуынц. Ацы ивддзинæдты фæрцы ахæм мадзæлттæй пайда кæнæн нал уыдзæн.

Административон бархæлдтыты тыххæй кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл иннæ закъоны проект та баст у «ОСАГО»-йы бадзырд фидаргæнгæйæ, алыхуызон æнæбындур æфсæнттæ аиуварс кæнынимæ. Фылдæр хатт фæдзæхстадон компанитæ, бадзырд фидаргæнгæйæ, клиентæй фæдомынц, цæмæй ма сæхи æмæ сæ хæстæджыты цард æмæ æнæниздзинад дæр бафæдзæхсой алыхуызон тæссагдзинæдтæй. Уый раст нæу, уымæн æмæ фæдзæхсджытæ хъуыддæгтæ аразынц сæхи пайдайæн.

Уæрæсейы Граждайнаг кодексы 421 статья куыд амоны, афтæмæй хицæн адæймæгтæ æмæ организацитæ сæрибар сты бадзырдтæ фидаргæнгæйæ, тыххæй сæ домын никæй бон у. Кæд æмæ алыхуызон æфхæрæн мадзæлттæ конд цæуы фæдзæхсджыты ныхмæ, уæддæр граждæнтæ хъаст кæнынц, æмæ бахъуыдис административон ивары бæрц фæфылдæр кæнын, суанг 300 мин сомæй 1 милуан сомы онг.

Аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон комитеты сæрдар Тетцойты Георги цы документтыл æрдзырдта, уыдонимæ уыдис «Уæрæсейы Федерацийы Хъæды кодексы 32 статьямæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект дæр. Уый фæрцы бæрæггонд æрцæудзæн, граждæнтæн сæ бон лæвар цы кæлддзаг бæлæстæ æмæ къалиутæ æмбырд кæнæн æмæ æфснайæн уыдзæн, уыдоны номхыгъд. Зæгъæм, арт кæнынмæ, кæнæ истытæ аразынмæ, сæ цардыуаджы хъæугæ нысантæн. Ныры онг «кæлддзаг бæлæстæ æмæ къалиутæ» — ахæм æмбарынад иунæг уæрæсейаг закъонæвæрынадон акты дæр бæрæг нæ уыдис. Уый æвзæрын кодта цæлхдуртæ, адæмæн сæ бон хъæдæй кæлддзаг хъæдтæ, къалиутæ æрхæссын нæ уыд.

Ахсджиагыл банымайгæ у «Уæрæсейы Федерацийы Зæххы кодексы 39 статьямæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл» закъоны проект дæр. Ууыл бакуыстой, цæмæй регионты социалон-экономикон ахъаззаджы рæзтыл архайæг организацитæн сæ бон Зæххы кодексы уагæвæрдтæй æнæкъуылымпытæй пайда кæнын уа. Уæрæсейы цалдæр регионы конд æрцыд ахæм территоритæ, сæ бон у хъалонты æмæ æндæр удæнцойдзинæдтæй пайда кæнын. Фылдæр фарстатæ сæ архайды баст вæййынц зæххы хæйттæ радих кæнынимæ, хъуамæ сын сæ дих кæной аукционмæ нæ рахæсгæйæ. Ныртæккæ та сæ бахъæуы зæхх райсыны охыл бирæ хъуыддæгты ацархайын, æмæ уымæй къуылымпытæ æййафынц.

Ацы закъонæвæрынадон акт сæ уыцы къуылымпытæй уæгъд кæны. Ацы æмæ иннæ документтæ фидаргонд æрцыдысты, советы уæнгтæ семæ сразы сты. Æрныхас ма кодтой сæ куысты нысантыл æмæ хæстыл.

БУТАТЫ Эльзæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here