Хъæууон хæдзарады рæзты фарстатæ

0
19

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй скодтой, республикæйы хъæууон хæдзарады рæзты фарстатæм кæм æркастысты, ахæм æмбырд. Боны фæткы сæйраг темæтæ уыдысты аграритæн паддзахадон æххуыс фæхъомысджындæр кæнын, гидромелиоративон мадзæлттæй пайда кæнын, хъæууон туризмы рæзт.

Æмбырды архайдтой дзуапдæттæн министрадтæ æмæ ведомствæты,  «Россельхознадзор»-ы цæгаткавказаг регионты ’хсæн управлени, Цæгат Кавказы федералон зылды «Росстат»-ы управлени æмæ федералон бюджетон паддзахадон управлени «Севосетинмелиоводхоз»-ы разамонджытæ, муниципалон скондты сæрдартæ.

Паддзахадон æххуысы бæрц 2026 азы у 1,2 миллиард сомы. Фæрæзтæ хардзгонд цæуынц бирæазон культуртæ ныссадзын æмæ сæм зилынмæ, æхсыр æмæ дзидзайы хи продукци уадзынмæ, бинонты фермæтæн æххуысæн. Дзанайты Барис фæбæрæг кодта, уæлдай æргом аздахын кæмæ хъæуы, уыцы нысантæ.

Республикæйы хъæууон хæдзарады министрадæн хæсгонд æрцыд иудадзыг лæмбынæг цæст дарын, субсидитæ кæмæн дæттынц æмæ дзы куыд пайда кæнынц, уымæ. Премьер-министр бахахх кодта, уыцы фарстатæм каст хъуамæ кæй цæуа æппæт къæпхæнты дæр – гранттæ райсынæй спайда дзы кæныны онг.

– Æрвылаз нæ аграритæн æххуысæн дихгонд цæуынц дзæвгар æхцайы фæрæзтæ. Хъæуы лыстæг æркæсын, проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Хъуыддагмæ формалон цæстæй кæсын нæ хъæуы, мах хъæуы йæ фæстиуæг. Ахæм нысантæ нын нæ размæ æвæры республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, – загъта Дзанайты Барис.

Хицауады Сæрдар ма æмбырды архайджыты æргом аздæхта ихуард рагагъоммæ сбæрæг кæныны системæйы куыстмæ. Уый тыллæг бахъахъхъæныны хъуыддаджы ахсджиаг фарста у.

Тыллæгæрзад фæбæрзонддæр кæнын æмæ хъæууон хæдзарады продукцийы рæзт æнгом баст у мелиорациимæ. Премьер-министр бафæдзæхста Цæлыччы магистралон арыхъы (канал) куысты ахадындзинад сбæрæг кæнын.

– Объекты реконструкцийæн дзæвгар фæрæзтæ дихгонд æрцыд. Хъуамæ пайда хæсса бынæттон аграритæн, æххуыс уа республикæйы агропромышленнон комплексы рæзтæн. Уымæ гæсгæ дзуапдæттæн ведомствæ бацархайæд магистралон къанауы хъомысджын куыстыл, – бафæдзæхста Дзанайты Барис.

2026 азы донхорыг кæнынæн лæвæрд æрцыд 150 милуан сомæй фылдæр, уыдоны æххуысæй царды уагъд æрцæудзæн фондз проекты. Хицауады Сæрдар бахæс кодта æппæт хъæугæ мадзæлттæ саразын æмæ æхцайы фæрæзтæ лæвæрд кæмæн цæуынц, уыдонмæ сæ афойнадыл æнæкъуылымпытæй фæхæццæ кæнын.

Æмбырды архайджытæ ма лæмбынæг ныхас кодтой агротуризмы дарддæры рæзты гæнæнтыл. Ацы аз уымæн субсидитæ лæвæрд æрцæудзæн 114 милуан сомы. Фæрæзтæ схардз кæндзысты фæзуæттæ банывыл кæнын, туристтæн фысымуаты æмæ фæлладуадзæн бынæттæ саразын, хъæугæ ифтонггæрзтæ балхæнын æмæ хъæууон хæдзарады бындурыл туристон лæггæдтæ фæуæрæхдæр кæныныл.

– Æнæмæнг хъæуы æххæст хатдзæг скæнын: паддзахадон фæрæзты бæрц сбæлвырд кæнын, химæ райст хæстæ куыд æххæстгонд цæуынц, ныридæгæн цал куысты бынаты сарæзтой, æмæ бюджетмæ цæйбæрц хъалонтæ æрбацыд, – бахæс кодта Хицауады Сæрдар.

Цæгат Ирыстоны 2025 азы æххæстгонд цæуы, Хъæууон хæдзарады министрад кæй сарæзта, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы ахæм программæ. 2026 азы агробизнесы архайынмæ гранттæн радих кодтой 27 милуан сомæй фылдæр. РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Мæхъиты Алан куыд загъта, афтæмæй 1 июлы курдиæттæ исыны рæстæг фæци, программæйы архайынмæ лæвæрд æрцыд 16  курдиаты. Хæстæгдæр рæстæг къамис сбæрæг кæндзæн уæлахиздзауты.

Æмбырды архайджытæ ма æркастысты, республикæйы фæзуаты ветеринарон æдасдзинады мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Сбæлвырд кодтой ахъаззагдæр фарстатæ æмæ сæ сæххæст кæныны мадзæлттæ.

РЦИ Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here