СНИЛС-тæ – ноггуырдтæн

0
10

Ацы азы райдайæнæй нырмæ Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад ноггуырд сывæллæттæн проактивон уагæй сарæзта 3 мин СНИЛС-æй фылдæр.

Сывæллоны райгуырды рæстæг СНИЛС раттынц хæдбарæй – амынд хайадмæ курдиат æрвитын нæ хъæуы. Райгуырды тыххæй æвдисæндарæн документтæ саразыны фæстæ СНИЛС æртæ кусгæ боны æмгъуыдмæ ныййарæджы «личный кабинет»-ы портал «Госуслуги»-йы фæзыны.

Адæймагæн иунæг хатт кæй раттынц, уыцы СНИЛС цæрæнбонты нæ фæивы. Бахъуаджы рæстæг ивддзинæдтæ бахæссæн ис æрмæст СНИЛС-ы хицауы анкетон бæрæггæнæнтæм (уыимæ, СНИЛС-ы номыр нæ фæивы).

– Фæдзæхстадон номырæн гæххæттытæ аразыны фæтк хуымæтæггонд æрцыд. Ведомствæты ‘хсæн æмгуыстады фæткмæ гæсгæ, сабийы райгуырды тыххæй бæрæггæнæнтæ Социалон фонды хайадмæ хæдбарæй бафтынц. Фæдзæхстадон æвдисæндары иуæндæснысанон номыримæ документ бахъæуы социалон фиддонтæн гæххæттытæ саразынæн, медицинон кусæндон æмæ рæвдауæндонмæ бавдисынæн, фæстæдæр та – официалон уагæй куыстмæ бацæуынæн, пенсион бартæ саразынæн, стæй паддзахадон лæггæдтæ райсынæн, – зæгъы Социалон фонды республикон хайады разамонæг Милдзыхты Аслан.

Уыимæ, мады анкетон бæрæггæнæнтæ хъуамæ уой æмхуызон ЗАГС æмæ Социалон фонды хайадæй æрбафтæг хъусынгæнинагимæ. Сылгоймаг йæ мыггаг кæд фæивта, фæлæ анкетон бæрæггæнæнтæ кæд не сног кодта, уæд, уæвæн ис, æмæ сывæллоны СНИЛС портал «Госуслуги»-йы нæ фæзындзæн.

Ныййарæгмæ портал «Госуслуги»-йы растыл нымад хыгъдон фыст кæд нæй, уæд СНИЛС райсæн ис Уæрæсейы Социалон фонды хайады клиентон службæйы, кæнæ та – бирæкъабазджын центры. Ацы хъуыддаг саразынæн адæймаджы хæс у паспорт æмæ сывæллоны райгуырды тыххæй æвдисæндар бавдисын. Фæдзæхстадон æвдисæндары номыр адæймагæн ратдзысты курдиат барвитыны бон. Гæххæттытæ аразыны фæтк æххæссы сывæллоны хъомыл кæнынмæ райсæг бинонтыл дæр.

СНИЛС-æн гæххæттытæ, æнæмæнг, хъуамæ саразой канд Уæрæсейы граждæнтæ нæ, фæлæ фæсарæйнаг адæймæгтæ дæр (ацы адæймæгтæ Уæрæсейы территорийыл официалон уагæй кæд кусынц, рæстæгмæ цæрыны бардæттæг гæххæттытæ сæм кæд ис, портал «Госуслуги»-йы фадæттæй кæд пайда кæнынц, кæнæ социалон фиддонтæ кæд исынц, уæд).

Фæрстытæ уæм кæд баззадысты, уæд уæм ис 8-800-100-00-01 телефонæй Уæрæсейы Социалон фонды иумæйаг контакт-центрмæ лæвар фæдзурыны бар (УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады куысты фæтк: къуырисæрæй цыппæрæммæ – 9:00 сахатæй 18:00 сахаты онг, майрæмбоны та 9:00 сахатæй 16 сахаты æмæ 45 минуты онг).

УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here