«Электроцинк»: заводы архайд бауромыны мадзæлттæ цæуынц бæлвырд фæткы бындурыл

0
387

 

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславæн кусæг фембæлд уыд акционерон æхсæнад «Электроцинчы» генералон директор Игорь ХОДЫКОИМÆ. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæджы æмæ республикæйы Хицауады пресс-службæ.

Зындгонд куыд у, афтæ- мæй 2018 азы декабры Би- тарты Вячеславæн фембæлд уыд Урайлаг хæххон-метал- лургон компанийы президент Искандар Махмудовимæ. Уæд уынаффæ рахастæуыд акционерон æхсæнад «Электроцинчы» архайд ба- уромыны фæдыл. Æмæ ныр Битарты Вячеслав æмæ Игорь Ходыко æрдзырдтой, уыцы уынаффæ æххæст кæ- ныны тыххæй цы мадзæлттæ арæзт цæуы, ууыл.

Игорь Ходыко Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгæн бæстон радзырдта, заводы куыстадон архайд бауромы- ны фæдыл ныридæгæн цы арæзт æрцыд, уый тыххæй. Заводы генералон директо- ры ныхасмæ гæсгæ, æппæт куыстытæ дæр цæуынц къæпхæнгай æмæ бæлвырд пъланы бындурыл. Консер- вацион куыстытæй алкæцы- йæн дæр рагагъоммæ бæ- рæггонд æрцыд йе ‘мгъуыд, æмæ æнæкъуыхцыйæ æх- хæстгонд цæуынц

 

 

Программæ «Культурæ»-йы ахсджиаг хай — музейтæ

Сæрмагонд программæ «Культурæ»-йы ахсджиаг хай у музейты куыст. Цæгат Ирыстоны цы музейтæ ис, уыдоны архайд хъуамæ ахъаз уа туризмы райрæзтæн, республикæйы кад бæрзонддæр кæнынæн. Æппæт уыдæттыл ныхас цыд республикæйы Проектон офисы радон æмбырды. Фембæлд амыдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав.

Æмбырды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ис 18 республикон æмæ муниципалон музейы (уыимæ, Национ музейы дæлбар кусынц 11 филиалы). Уыимæ, музейтæн сæ фылдæр хайы уавæр бынтон зæрдæмæзæугæ нæу, зынгæ фæхъомысджындæр кæнинаг у сæ материалон-техникон бындур. Æмбырды архайджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй музейты уавæрыл хорзæрдæм фæзындзысты, Аланийы аргъуыды 1100 азы кадæн республикæйы цы мадзæлттæ арæзт æрцæудзæн, уыдон. Зæгъæм, федералон бюджетæй сæрмагонд фæрæзтæ радих кодтой Дзæуджыхъæуы Ирон литературæйы музей æмæ Алагиры районы Нары хъæуы Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музей сцалцæг кæнынæн. Куыст цæудзæн æндæр проекттыл дæр.

Музейты архайд цы къуылымпы кæны, уыцы æууæлты ‘хсæн ранымадтой ахæмтæ дæр кусджыты профессионалон цæттæдзинады аиппытæ, стæй, сæ фылдæр карджын кæй сты, уый. Уыцы уавæр хуыздæрæрдæм фæивынæн бахастæуыд бæлвырд фæндæттæ. Зæгъæм, 2019 азы майы Дзæуджыхъæуы музейты кусджытæн арæзт æрцæудзæн ахуырадон семинартæ. Лекцитæ бакæсынмæ уырдæм фæхондзысты Уæрæсейы Музейты цæдисы специалистты. Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, ахæм ахуырадон мадзæлттæн ныридæгæн снысан кодтой 300 мин сомы бæрц.

Сæрмагонд æргом аздæхтæуыд зындгонд уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг музейтимæ æмгуыстады, стæй æндæр ахсджиаг фарстатæм дæр.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here