Насхъидаты Хамырзæйы фырт Васили уыд æнæхъæн Цæгат Кавказы дæр фыццаг хъахъхъæнæн куыстуат «Юстас» саразæг. Йæ бындурæвæрæг. Ногдзинад царды алы хатт дæр зынтæй фæцæуы, цалынмæ йыл адæм сахуыр вæййынц, уæдмæ. Ахæм куыстуæттæ та ивгъуыд æнусы 90-æм азты фæзындысты æрмæст Мæскуыйы. Æмæ цас тухæнтæ фæкодта ацы æгъдауыл хæст, фæрнджын ирон лæг, æрмæстдæр рæстдзинад йæ тырыса кæмæн уыд, сайд æмæ фæлывдæй йæ удхæссæг чи уыдта. Уыцы рæстæг фыдгæнджыты къордтæ æнæхъæн Уæрæсейы дæр, уыимæ Ирыстоны дæр æгæр кæй сбирæ сты æмæ сын арт æмæ фæнык кæй нал уыд, уый тынг тыхсын кодта Насхъидаты Василийы дæр, æмæ сфæнд кодта ахæм хъахъхъæнæн куыстуат Ирыстоны дæр саразын.
Мæскуыйы фембæлд ахæм куыстуат «Алекс»-ы президент Валентин Косяковимæ æмæ йæ хæдивæг Андрей Молокановимæ. Цыбыр рæстæгмæ куыстуаты устав арæзт æрцыд, æмæ йын Андрей Молоканов баххуыс кодта фирмæ «Алекс»-ы филиал Дзæуджыхъæуы саразынæн. Бирæ цæлхдуртæ уыд Насхъидаты Василийы размæ куыстуаты устав сфидар кæныны хъуыддаджы, милицæ, дам, нæм куы ис, уæд, дам, ма нæ ахæм куыстуат цæмæн хъæуы, зæгъгæ. Иу михыл кау ничи бийы, зæгъгæ, фæзæгъынц. Æххуысгæнджытæ фæцис Насхъидаты Василийæн дæр. Уыцы уавæры йын баххуыс кодтой республикæйы мидхъуыддæгты министртæ В. Медведицков æмæ Сихъоты Сослан.
«Алекс» номимæ Уæрæсейы æндæр горæтты дæр ахæм куыстуæттæ кæй фæзынд, уымæ гæсгæ йын йæ ном раивын бахъуыд «Юстас»-æй. Фыццаг арендæйы райста Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады агъуыстытæй иу, куыстой Ленины райæххæсткомы, Металлургты галуаны. Ам хъахъхъæнджыты скъола байгом кæныны тыххæй Насхъидаты Васили лицензи райста Мæскуыйы Уæрæсейы Ахуырады министрады. Фæстæдæр та раивтой Миллеры уынгмæ. Æнцон нæ уыдис рахау-бахау кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, сæйрагдæр уæз, бæрнондзинад Насхъидаты Василийыл æнцад, фæлæ афтæ никуы уыд, æмæ йе ‘мкусджытæй йæхи хъулондæр кодта. Зæрдæхæларæй абон дæр ракæны, йæ тыхсты йын ныфсæнцой чи уыд, уыдоны кой.
Цыфæндыйæ дæр аразын хъуыд хи спортивонахуырадон центр, искæй сойæ сой нæй. Дзæуджыхъæуы раздæры мэр Пагæты Хъазыбеджы æххуысæй йын Ватутины уынджы, «Кузнецкий переулок» кæй хуыдтой, уым радтой зæхх «Юстас»-ы спортивон — ахуырадон центр аразынæн. Ацы ран та уыдис бырондон, хæстæгдæр хæдзæрттæй кæй хастой, ахæм. 28 уæзласæн машинæйы дзы раластой алыхуызон бырон. Уæдæ ног сыхæгтæ дæр загъд кодтой, хъыгдарыны хос йеддæмæ нын ницы стут, зæгъгæ. Насхъидаты Василийы та фæндыдис, цæмæй дзы чи ахуыр кæндзæн, уыдонæй фæстæмæ ардæм цæуой сæ сывæллæттæ лæвар, уынгты дзæгъæл рахау-бахауæн сын рæстæг ма уа, фæлæ ног спортивон залы сæ рæстæг æрвитой æмæ нозт, æндæр хъылматæй хызт уой.
Хорз хистæр æдзухдæр ууыл фæхъуыды кæны, цæмæй йæ фæстæ хорз кæстæртæ уа, йæ хъуыддæгтæ йын дарддæр чи ахæццæ кæна, йæ фарныл ын фарн чи æфтауа. Æмæ Насхъидаты Васили йæ зæрдæйы уыцы фæндиæгтæ къæбæлдзыг ныхæстæй не ‘ххæст кодта, фæлæ цæмæй сæ къæхтыл слæууой, уый тыххæй йе ‘ххуысы къух дардта суинаг спортсментæм, музыканттæм, æрыгон сфæлдыстадон фæсивæдмæ. Йæ фæстаг хæдон дæр раластаид æмæ йæ уыдонæн раттаид, æрмæст сæхиуыл схæцæнт, раст фæндагыл æрлæууæнт, сæ къухы æнтыстдзинæдтæ бафтæд. Уыдоны æнтыстытæ нымадта йæхи æнтыстытыл, сæ цин — йæ цин уыд, сæ тыхст — йæ тыхст.
Уыдис ахæм рæстæг, æмæ хъахъхъæнæн куыстуат «Юстас»-ы куыста 350 адæймаджы. Ныртæккæйы зын рæстæджы уыдон сты куысты бынæттæ, æрыгон фæсивæд сæхицæн æмæ сæ бинонтæн къæбæр кæм амал кæнынц. «Юстас»-ы директор уæвгæйæ, Насхъидаты Василийæн уый уыдис йе стырдæр хæс.
Уæдæ-иу нæм «Рæстдзинад»-ы редакцимæ куы æрбадзырдта, уæд-иу йæ фыццаг фарст уыдис, цæмæй уæм фæкæсон, зæгъгæ. Æмæ-иу æххуыс дæр бакодта, ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй — газеты тираж фæфылдæрыл-иу бацархайдта. Уæдæ йæ мидисджын æрмæджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фæзындысты газеты фæрстыл. Насхъидаты Васили уыд ирон фæрнджын лæг, æдзухдæр тыхстис, бирæтæ сæ мадæлон æвзагыл кæй суæлæхох сты, æмæ нын фыдæлтæй цы диссаджы хъæздыг æвзаг баззад, уый фæсдуармæ кæй раппæрстой, уый тыххæй. Æдзухдæр тыхстис кæстæрты фидæныл, йæхи тыхстдзинæдтæ æддæмæ не ‘ргом кодта, афтæмæй. Уый нæ, фæлæ ма алкæмæн дæр уыдис ныфсæнцой, ныфсы мæсыг.
Адæймагæн йæ цард, цал азы фæцард, уымæй баргæ нæу, фæлæ уæлæуыл цал хорздзинады ракодта, уымæй. Насхъидаты Василийы хорздзинæдтæ бирæ сты йæ уæлион царды, æмæ, хорздзинад кæмæн ракодта, уыдон цалынмæ мысынхъом уой, уæдмæ йæ нæ ферох кæндзысты.
АБАЙТЫ Эдуард














