Бæстæйы арв хъахъхъæдта цæсты гагуыйау

0
363

 

Ахæм хорз фæтк сфидар фæстаг 15-20 азы газет «Рæстдзинад»-ы: Ирыстоны хъæбатыр хæстонты — Советон Цæдисы Хъæбатырты æмæ Намысы ордены æххæст кавалерты, стæй нæ номдзыд инæлæртты лæгдзинады хабæрттимæ газеткæсджыты фондз азæй — фондз азмæ зонгæ кæнын, цæмæй адæмæй сæ нæмттæ рох ма кæной, уый тыххæй. Ахæм хорз хъуыддаг бакæны газет, нæ хæстонтæй æмæ инæлæрттæй искæмæн зæрдылдарæн аз куы вæййы, уæд. Ахæм аз у ацы аз даргъкъохаг инæлар Коцойты Айтегæн дæр, 15 февралы йæ райгуырдыл æххæст кæны 110 азы.

Ивгъуыд æнусы æртынæм æмæ уый фæстæ азты дæр ирон адæмæй бирæтæ сæ цард сбастой æфсадимæ. Советон дуджы сæдæгай ирæттæ систы хистæр афицертæ, фæзындис нæм дæсгай инæлæрттæ. Даргъкъохаг цардбæллон лæппу Коцойты Бицкайы фырт Айтег — сæ иу. Уый райгуырд 1909 азы 15 февралы. 1925 азы ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы 12-æм скъолайы. Фæскомцæдисы Цæгат Ирыстоны обкомы балцæгмæ гæсгæ æрвыст æрцыд ахуыр кæнынмæ Бакуйы рабфакмæ. 1926 азы йæ райстой цæттæгæнæн курсытæм. Ахуыр дæр кодта æмæ кусгæ дæр «Бакинарæзтад»-ы. Кусгæ та кодта бетонгæнæгæй, слесыр-донуадзæгæй.

1931 азы зæрдæргъæвд лæппуйы ардыгæй, Бакуйæ, арвыстой Киевы артиллерион скъоламæ. Уæдæй фæстæмæ йæ царды дæсгай азтæ снывонд кодта æфсæддон хъуыддагæн. Артиллерион скъола каст куы фæци, уæд æй 1933 азы январы арвыстой Бакумæ, снысан æй кодтой 193-æм артиллерион полчъы взводы командирæй.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты Айтег службæ кодта Фæскавказы, уыд зенитон артиллерион полчъы командир, стæй Бакуйы æрвон тыгъдад хъахъхъæнæг æфсады артиллерийы хицау. Уыцы азты Бакуйы нефты гуырæн канд сæйраг нæ уыдис нæ бæстæйы, фæлæ ма йæ æвæрæнтæм æмæ хæрзхъæддзинадмæ гæсгæ — æппæты зынаргъдæр æмæ ахсджиагдæр. Хæсты размæ Бакуйы нефты гуырæн лæвæрдта бæстæйы æппæт нефты 80 проценты. Нефтæй уæлдай ма Бакуйы уыд химион промышленносты æмæ машинæаразынады, уыдонимæ æфсæддон машинæаразынады заводтæ дæр. Ам уагътой минометтæ, гранаттæ, автоматтæ, минæтæ, авиацион бомбæтæ. Хæсты азты Бакуйы фабриктæ æмæ заводтæ фронтæн æрвыстой цинелтæ, хуыссæнгæрзтæ, къахы æмæ уæлæйыдарæс, консервтæ, макъаронтæ, зети, бапъиростæ æмæ хостæ. Горæты уыдис, 31 400 бынаты кæм уыд, ахæм 41 госпитæлы.

Иу дзырдæй, Баку уыд ССР Цæдисы ахсджиагдæр стратегион объекттæй иу. Æмæ йæ бахъахъхъæнын бафæдзæхстой Коцойты Айтегæн.

Знаг йæ быцъынæг скъуыдта Бакуйы нефтмæ, зыдта, Советон Цæдисы адæмон хæдзарады рæзты уымæн стыр нысаниуæг кæй ис, уый. Уавæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æмбæрста советон хицауад дæр. Æмæ рагацау мадзæлттæ сарæзта горæт бахъахъхъæныны тыххæй. 1942 азы ПВО-йы æртыккаг корпусы бындурыл арæзт æрцыд ПВОйы Бакуйы æфсад. Уыцы æфсады сконды уыдысты 8-æм куынæггæнæг авиакорпус æмæ фараст хицæн зенитон полчъы. Йæ сæйраг хæс уыдис Апшероны æрдæгсакъадах уæлдæфон ныббырстæй хъахъхъæнын. Кавказыл тохы бонты ацы æфсад ныхкъуырд радта Бакумæ баирвæзыныл немыцагфашистон авиацийы æппæт фæлварæнтæн дæр. Бакуйы æмæ æнæхъæнæй æппæт Азербайджаны сæрмæ дæр арв баззад сыгъдæгæй, уымæн æмæ йæ цæсты гагуыйау хъахъхъæдтой, Коцойты Айтег командæ кæмæн кодта, уыцы æфсæдтæ, Райгуырæн бæстæйыл иузæрдион хъæбултæ. Айтег кæд комкоммæ хæсты нæ архайдта, уæддæр Уæлахизы хъуыддагмæ йæ бавæрæн егъау уыд.

Хæсты фæстæ Коцойыфырт уыдис уæлдæфон тыгъдад хъахъхъæнæг 8-æм хицæн бригады командир, Донбассы, стæй та — Бакуйы районты зенитон артиллерийæн командæгæнæг. Ф.Э. Дзержинскийы номыл Артиллерион академийы цур курсытæ æнтыстджынæй каст куы фæци, уæд та йæ снысан кодтой бæстæйы арв хъахъхъæнæг зенитон артиллерийæн командæгæнæджы хæдивæгæй.

Ам дæр та йæхи равдыста арæхстджынæй, раргом сты ирон æфсæддон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæй иу — Коцойы-фырты стыр интеллектуалон хъарутæ. Æрвон тыгъдад хъахъхъæныны ног, пайдайагдæр фæндæгтæ агурыны хъуыддаджы Коцойты Айтеджы сфæлдыстадон куысты мадзæлттæ æнæбафиппайгæ нæ фесты Хъахъхъæнынады министрады æмæ йæ снысан кодтой Советон Цæдисы ПВО-йы æфсæдты хæстон цæттæдзинады управленийы хицауæй. Хъуыддагзонаг специалисттæ йын ам дæр йæ куыстæн стыр аргъ кодтой. Инæлар Коцойы-фырты миниуджытæ тынгдæр рабæрæг сты фæстæдæр, бæстæйы ПВО-йы æфсæдты сæйраг командæгæнæджы центрон аппаратмæ йæ куы баивтой, уæд.

1958 азы Коцойты Айтегæн радтой инæлар-лейтенанты цин. Уымæй фондз азы фæстæдæр та æфсадæй рацыд. Йæ æнæзæрдæхудт службæйы тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Сырх Тырысайы, Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны ордентæй, Сырх Стъалыйы æртæ орденæй, «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй» æмæ æндæр майдантæй. Коцойы-фырт кодта æхсæнадон куыст дæр, уыдис Бакуйы æмæ Харьковы горсоветты æмæ Азербайджаны ССР-йы Сæйраг Советы депутат.

Афтæ зæгъæн ис, æмæ бæстæйы цы æрвон тыгъдад хъахъхъæнæн уарт фæзынд, уый саразынмæ стыр æвæрæн бахаста, хæсты азты Бакуйы æфсæддон-промышленнон комплекс æмæ нефт бахъахъхъæныны тыххæй æппæтдæр чи сарæзта, уыцы ирон инæлар Коцойты Айтег. Уый Райгуырæн бæстæйы Гæрзифтонг тыхтæн йæ царды азтæй снывонд кодта 32, йæ курдиаты æппæт хъомыс дæр сарæзта бæстæйы сæрмæ арв цæстыгагуыйау хъахъхъæныны ахсджиаг хъуыддагмæ.

Айтег йæ царды фæстаг азтæ арвыста Мæскуыйы. 1981 азы 2 октябры йæ кусынæй банцад, хæсты фæстæйы азты ирон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæй иу — даргъкъохаг инæлар-лейтенант Коцойы-фырты нæрæмон зæрдæ. Кад æмæ йæ радимæ баныгæдтой нæ бæстæйы сæйраг горæты. Кæд уæдæй нырмæ дыууиссæдз азы бæрц рацыд, уæддæр йæ ном рох нæу йæ мыггагæй, Ирыстоны цæрæг патриоттæй.

БАГАТЫ Аврам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here