Цæгат Ирыстоны фарæстæмкъласонтæ фыццаг хатт уырыссаг æвзагæй кæронбæттæн ныхасы хуызы радтой фæлварæн. Ацы ахуыры азæй фæстæмæ амынд фæлварæн у æнæмæнг дæттинаг, æнтыстджынæй йæ чи радта, уыдонмæ уыдзæн иннæ фæлварæнтæ дарддæр дæттыны бар.
Æдæппæт кæронбæттæн ныхасы архайдтой 7304 цæгатирыстойнаг скъоладзауы, алыхуызон аххосæгтæм гæсгæ 177 ахуырдзауы та фæлварæн дæттынмæ не ‘рбацыдысты. —
Республикæйы иннæ ахуыргæнæндæтты хуызæн нæ гимназ дæр фаронæй нырмæ йæхи цæттæ кодта ацы фæлварæнмæ. Фæлварæнимæ баст иуæй-иу æууæлтæ сбæлвырд кæнын бахъуыд, ныййарджытæн æппæт хъуыддæгтæ бамбарын кодтам, æмæ афтæмæй фæлварæнмæ æххæстæй цæттæйæ æрбахæццæ стæм, — зæгъы Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназы директоры хæдивæг Наталья Подколзина.
Ахуырдзаутæ 15 минутмæ баххæст кодтой цыппар хæслæвæрды: текст хъæрæй бакастысты, уæлæмхасæн хабæрттæй пайда кæнгæйæ, уыцы тексты мидис радзырдтой, æвзæрст темæтæй иумæ гæсгæ монологы хуызы раныхас кодтой, стæй фæлварæн исæг ахуыргæнæгимæ ныхас кодтой.
— Тексты фыст хабæрттæ дзурыны рæстæг иучысыл кæд фæкъуыхцы дæн, уæддæр фæстæдæр мæ хъуыдытæ æрæмбырд кодтон æмæ мæ раныхас кæронмæ ахæццæ кодтон.
Фæлварæнмæ мæхи цæттæ кодтон ахуыргæнæгимæ, стæй хæдбарæй дæр. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, фæлварæнмæ цæттæ кæныны заман ахуырдзау йæхи æгæр хъуамæ ма фæллайын кæна. Скъолайы дæ цæуыл ахуыр кодтой, фæлварæн дæтгæйæ, уыдæттæ баххæст кæн, — зæгъы фарæстæмкъласон Хацырты Аленæ. Фæлварæн чи нæ радта, науæд æм ахсджиаг аххосæгтæм гæсгæ чи не ‘рбацыд, уыцы ахуырдзаутæ йæ уæлæмхасæн уагæй дæтдзысты 13 мартъийы æмæ 6 майы.
ГÆЛÆУТЫ Наталья, Ахуырад æмæ наукæйы министрады прессслужбæ














