Уæрæсейы Федерацийы Тæрхондоны пъырыстыфты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы управленийы уыд коллегийы æмбырд. Управленийы кусджытæ бахыгътой сæ куысты ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ æмæ æрныхас кодтой фидæны нысантыл.
Коллегийы куысты архайдтой: Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвары аппараты РЦИ-Аланийы федералон инспектор Сергей Гончаров, Æдасдзинады федералон службæйы РЦИ-Аланийы управленийы разамонæг Сергей Трушкин, РЦИАланийы мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков, РЦИ-Аланийы прокуроры хæдивæг Павел Ефименко, РЦИ-Аланийы тæрхондоны пъырыстыфты управленийы цур æхсæнадон советы сæрдар Темыраты Виктор, УФ-йы Юстицийы министрады РЦИАланийы Управленийы хицау Быгъуылты Владимир, УФ-йы Хъалонты службæйы РЦИ-Аланийы управленийы разамонæджы хæдивæг Гусаты Юри, Цæгат Ирыстоны таможняйы хицау Сергей Троцко, Æфхæрдтытæ æххæст кæныны федералон службæйы РЦИ-Аланийы управленийы разамонæг Юрий Емельянов, РЦИ-Аланийы Конституцион тæрхондоны сæрдары хæдивæг Сланты Иринæ, РЦИ-Аланийы Арбитражон тæрхондоны сæрдар Джиоты Зелим.
Коллегийы сæйраг раныхасгæнæг Тæрхондоны пъырыстыфты управленийы разамонæг Къесаонты Игорь куыд радзырдта, афтæмæй куысты уаргъмæ гæсгæ сын 2018 аз хуымæтæг нæ рауад. Управленийы структурон дæлхайæдты афæдзы дæргъы уыд, тæрхондон кæй рахаста, æххæстгæнинаг ахæм хъуыддæгтæ милуаны æмбисмæ хæстæг, бæлвырддæр зæгъгæйæ, 448,1 мин хъуыддаджы. Уыцы хъуыддæгты иварты иумæйаг бæрц уыд 38,5 миллиард сомы. Æххæстгæнинаг хъуыддæгты нымæц бирæ кæй уыд, уымæ гæсгæ тæрхондоны алы пъырыстыфы дæр бахъуыд афæдзмæ сæххæст кæнын 5,6 мин хъуыддаджы.
Афæдзы куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, кæронмæ ахæццæ кæнæ кæрон æвæрд æрцыд 208 æххæстгæнинаг хъуыддагæн. Тæрхондоны пъырыстыфты архайды фæрцы, хæсдарджытæ цы ивартæ бафыстой, уыдон æдæппæт рауадысты 1,9 миллиард сомы.
Уæрæсейы Федерацийы бюджетмæ æрвыст æрцыд 593 милуаны 800 мин сомы, уыдонæй хъалонты фиддонтæ уыдысты 280 милуан сомæй фылдæр, æхцайæ æххæстгæнинаг æмбырдтæ — 54 милуан сомы, административон ивартæ — 87 милуан сомы.
Хæсдарджытæн сæ хæстæ тыхæй бафидын кæнынæн хорз фæрæз у Уæрæсейы арæнты сæрты цæуыны бар æрцыбыр кæнын. Ахæм уынаффæтæ хаст æрцыд 25 мин хæсдарæджы ныхмæ. Афтæмæй, хæсдарджытæ цы хæстæ бафыстой, уыдонæн сæ иумæйаг бæрц рауад 1,5 милуан сомæй фылдæр.
Йæхи чи æмбæхста, уыцы хæсдарджытæй тæрхондоны пъырыстыфтæ ссардтой 304 адæймаджы, уыдонæй 106 сæхи æмбæхстой алименттæ фидынæй.
Тæрхондоны пъырыстыфты ‘рдыгæй уæлдай цæстдард вæййы социалон æгъдауæй ахсджиагдæр æххæстгæнинаг хъуыддæгтæм. Афæдзы дæргъы Управленимæ бахæццæ мызд бафидынæй хæстæ дарыны тыххæй 1177 æххæстгæнинаг хъуыддаджы. Ныхас дзы цы хæстыл цыд, уыдонæн сæ иумæйаг бæрц уыд 81 милуан сомы. Адæмæн сæ куысты мызд бафидынæй стырдæр хæсдарджытæ уыдысты: Кавказы тъунелтæ аразæг компани (йемæ баст æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ уыдысты 170, куыстуатæн йæ мызды хæстæ бафидын кодтой, йæ исбон уæйгонд кæй æрцыд, уый фæрцы), Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Ирыстон-энергохызтæ» (æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ уыдысты 232, куыстуат йæ хæстæ бафыста, йæ хыгъдæй йын æхца ист кæй æрцыд, уый фæрцы). Стырдæр хæсдарджытæ ныртæккæ сты: акционерон æхсæнад «Алани-электрохызтæ» , муниципалон унитарон куыстуат «Æрыдоны инженерон хызæгтæ», æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Ирыстон-энергихызтæ».
Алименттæ тыхæй бафидыны æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ ивгъуыд аз уыдысты 3 645. Уыдонæй кæронмæ ахæццæ кæнæ кæрон æвæрд æрцыд 1523 хъуыддагæн. Алименттæ фидынæй йæхи æмбæхсгæйæ, бынтон фыдзæрдæйæ йæхи чи равдыста, уыдоны ныхмæ 2018 азы Тæрхондоны пъырыстыфты управлени сарæзта 120 уголовон хъуыддаджы УФ-йы Уголовон кодексы 157 статьямæ гæсгæ.
Ивгъуыд аз æппæты фылдæр æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ баст уыдысты фæндæгтыл æдасæй цæуыны административон барадхæлдтытимæ. Ахæм æххæстгæнинаг хъуыддæгты нымæц уыд 257 минæй фылдæр, иварты иумæйаг бæрц та — 211 милуан сомæй фылдæр.
Тæрхондæтты архайд æмбæлгæ уагæвæрдмæ гæсгæ цæмæй цæуа, æмæ уыцы уагæвæрд хæлд ма цæуа, ууыл дæр дзуапп дæттынц тæрхондоны пъырыстыфтæ. Сæ уыцы хæстæ æххæст кæнгæйæ, ивгъуыд азы дæргъы тæрхондæтты куысты рæстæг æнæнхъæлæджы æрцæуæг иунæг цау дæр нæ уыд.
Къесаонты Игорь ма радзырдта, Фæсивæды удварны æмæ патриотон хъомылады управленийы кусджытæ разæнгардæй куыд архайынц, уый тыххæй дæр. Коллегийы архайджытæ сæ хъуыдытæ загътой æмæ аргъ скодтой Тæрхондоны пъырыстыфты управленийы куыстæн.
Коллегийы кæронбæттæны кусджытæн сæ хуыздæрты схорзæхджын кодтой Управленийы Кады гæххæттытæй.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














