«Мамысон»-æн — сæрмагонд уагæвæрд

0
324

 

Цæгат Ирыстоны разамынд УФ-йы Экономикон рæзты министрадмæ куырдиат балæвæрдта, цæмæй, хæххон-рекреацион комплекс «Мамысон» арæзт кæм цæудзæн, уыцы бынатæн ногæй лæвæрд æрцæуа «сæрмагонд экономикон тæлмы» статус. Уый тыххæй фехъусын кодта информацион агентад «ТАСС».

«УФ-йы Экономикон рæзты министрады республикæйы уыцы куырдиатмæ хæстæгдæр рæстæг æркæсдзысты æмæ æмбæлгæ уынаффæ сфидар кæндзысты. Фарстамæ Президент æмæ Хицауады цæстдард кæй ис, уый хъуыддагыл хорзырдæм сахаддзæн», — информацион агентад «ТАСС»-ы уацхæссæгæн радзырдта Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл федералон министры хæдивæг Ольгæ Рухуллаева. Министры хæдивæджы ныхасмæ гæсгæ, «Мамысон»-ы проектмæ иуæй-иу ивддзинæдтæ хаст æрцыд, комплексы территорийыл арæзт æрцæудзæн цалдæр уазæгуаты æмæ туристон инфраструктурæйы æндæр объекттæ. «Инвестортæ ныридæгæн проектмæ се ‘ргом раздæхтой», — йæ ныхасмæ бафтыдта Ольгæ Рухуллаева.

Зындгонд куыд у, афтæмæй 2018 азы ноябры УФйы Хицауад цы уынаффæ рахаста, уымæ гæсгæ «Мамысон»-ы проект æххæст кæнынæн фыццаг къæпхæ- ны дихгонд æрцæудзæн 100 милуан сомы бæрц. Респуб- ликæйы бюджетæй та радих кодтой 20 милуан сомы хъæугæ проектон-сметон документаци бацæттæ кæ- нынæн. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй комплексы арæзтадыл хæрдзтæ суыдзысты 7,5 миллиард сомы бæрц.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here