Куыд хардзгонд æрцыдысты бюджеты фæрæзтæ?

0
347
????????????????????????????????????

 

2018 азы бæрæггæнæнты фæдыл уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы цæстдарæн-нымайæн палатæйы коллегийы æмбырд. Байгом æй кодта республикæйы палатæйы сæрдар ХЪÆЛЫЦТЫ Инал.

РЦИ-Аланийы цæстдарæн-нымайæн палатæйы ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнты тыххæй дзы раныхас кодта палатæйы сæрдары хæдивæг Бекъойты Хъазыбег. Коллегийы уæнгтæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2018 азы палатæйы уæнгтæ сбæрæг кодтой, Дыгуры, Æрæфы, Кировы æмæ Мæздæджы районты республикæйы бюджетæй лæвæрд æхцайы фæрæзтæ куыд хардзгонд цæуынц, уый. Закъонхæлдтытæ сбæрæг кодтой, уыдонмæ гæсгæ бюджеты æфтиæгтæм хæрдзтæ бахæссын æрдомдтой Дыгуры районæй 27896 мин сомы, Æрæфы районæй — 30946,3 мин сомы, Кировы районæй — 9126,3 мин сомы, Мæздæджы районæй — 27388,6 мин сомы.

Закъонхæлдтытæ аиуварс кæнынæн Палатæйы уæнгтæ сæ рæдыдтытæ бацамыдтой 21 организацийæн, сарæзтой дæс суагъæйы, дисциплинарон æфхæрд баййæфтой 19 адæймаджы, æртæ æрмæджы лæвæрд æрцыдысты барадхъахъхъæнæг оргæнтæм, сæ раргомгонд закъонхæлдтыты тыххæй арæзт æрцыд æртæ уголовон хъуыддаджы. Доклады фæдыл сæ хъуыдытæ загътой прокуратурæйы минæвар Хъайтыхъты Аслан, Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Баликъоты Валери. РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев цæстдарæн-нымайæн палатæйы архайд æмткæй хорзыл банымайгæйæ, загъта йæ фæндиæгтæ фидæн азы куысты хуыздæр рацаразыны фæдыл, стæй Парламенты Кады грамотæйæ схорзæхджын кодта Бекъойты Хъазыбеджы, Парламенты арфæйы писмойæ та — Таучелаты Эдуарды.

Коллегийы уæнгтæ хорзыл банымадтой цæстдарæн-нымайæн палатæйы куысты архайд, сбæлвырд кодтой ног нысантæ. Кæронбæттæны РЦИ-Аланийы цæстдарæн нымайæн бæрæггæнæнты палатæйы сæрдар Хъæлыцты Инал хуыздæр кусджытæн радта Кады гæххæттæ.

КАСАТЫ Батрадз

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here