Ирон ахуырад æмæ фарныл аудæг

0
716

 

Цард лæууы æртæ хорзæхыл: æгъдау, æвзаг æмæ культурæйыл. Уыдон фидар бынат кæй зæрдæйы æрцахстой, фыдæлты фарн, йæ рухстауæн, зонадон, æхсæнадон зæрдиаг архайды фæрцы Ирыстоны кæстæрты зæрдæты сæ чи тауы, уыцы фæрнджын сылгоймæгтæй иу у педагогон наукæты кандидат, доцент АЙЛАРТЫ Зарæ.

Адæймаг йе ‘взонджы бонтæй цы фены æмæ банкъары, уый дзы цæрæнбонтæм нæ ферох вæййы. Зарæ Суададжы астæуккаг скъолайы æмбарын райдыдта царды, ирон æвзаджы ад, бауарзта аивад. Æмæ сын ныр сæрыстырæй нымайы сæ арфæйаг нæмттæ: Гайты Барис, Гогаты Хæмыц, Челдыты Зинаидæ… Уæздан æмæ зæрдæаив адæймаг кæддæриддæр буц æмæ сæрыстыр у йæ фыдæлтæй æмæ хистæртæй. Абон дæр нæ рох кæны, Суададжы скъолайы раздæры директор Къаболаты Хадзымурат æй Æппæтцæдисон ногдзауты лагерь «Артек»-мæ куыд арвыста, уый.

Зарæ скъолайы ахуыры рæстæг дæр уыд хъæуы фæзминагдæр кæстæртæй иу. Хорз ахуырæй уæлдай зæрдиагæй архайдта æхсæнадон куысты. Уыд фæскомцæдисон организацийы уæнг, скъолайы «Къулы газет»-ы редактор. Уарзта ирон зарæг, фæндыр, кафт. Иу дзырдæй, йæ миднымæр уыцы азты скарста, кæй уыдзæн ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Нысанмæ уæззау зондимæ цæуын, хиуыл æнæрынцойæ кусын, цы хъуыддаг кæнай, уый бæлвырдæй æмæ бæстонæй кæнын сты Зарæйы цардæн æмæ куыстæн йæ сæйрагдæр æууæлтæ æмæ рахæцæнтæ. Уыдоныл æнцой кæнгæйæ, Зарæ цыд æмæ цæуы йæ рухстауæн æмæ зонадон архайды иу æнтыстæй иннæмæ.

ЦИПУ-йы филологон факультеты ирон-уырыссаг хайад каст куы фæци, уæд йæ дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ акодта йæ райгуырæн хъæу Суададжы астæуккаг скъолайы. Фæсивæдæн канд ирон æвзаг æмæ литературæ нæ амыдта, фæлæ ма йе ‘рбакъахдзæфæй скъолайы фæхуыздæр фæсурокты куыст дæр. Зарæ дзы сарæзта драмон, вокалон, инструменталон, ирон аив дзырды къордтæ. Æдзухдæр агуырдта йæ куысты ног гæнæнтæ æмæ фæндæгтæ фæсивæдæн ирон дзырд, фыдæлты культурæ, аивад бауарзын кæныны хъуыддаджы. Скъоладзаутимæ-иу цы гом уроктæ, сфæлдыстадон изæртæ цæттæ кодта, уыдон иугъæдон нæ уыдысты. Фæлæ алкæддæр мидисæй — хъæздыг æмæ аив, хъомыладон-методикон уагыл раст æмæ бæлвырд арæзт. Зарæ-иу йæ ахуыргæнинæгтимæ рæстæгæйрæстæгмæ хъæуы клубы æвдыста литературонмузыкалон композицитæ, арæзта фембæлдтытæ культурæ, аивад æмæ литературæйы архайджытимæ. Уыцы æппæт хъуыддæгтæ йын æнтыстысты, йæ уды бæрзонд культурæ, уæздандзинад, арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæ фидарæй кæй бадынц, уый фæрцы.

1979 азы ирон æвзагæн йæ рæзты гæнæнтæ къаддæрæй-къаддæр кодтой. Æмæ Зарæ уæд йæ куысты бынат аивта Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрады культурон-рухсадон хайадмæ, фæстæдæр та — Адæмон сфæлдыстады хæдзармæ. Ам ирондзинад æмæ фарны рухс байтыдта адæмы зæрдæты, зарджытæ, кадджытæ, таурæгътæ. Æмбисæндты гуырæн цардфенæг йæ фурды тæнджыты æмæ æрфыты ауайæг хистæртæ сты. Æмæ сын Зарæ сæ зонды æвæрæнты æмбæхст фыдæлтыккон хæзнатæ хаста нæ дзыллæмæ, арæзта адæмон сфæлдыстадимæ баст цæстуынгæ æрмæджытæ, чингуытæ, дзуапп лæвæрдта æфсæддон-патриотон хъомыладæн. Методикон æмæ практикон хуызы æххуыс кодта республикæйы районты æмæ хъæуты Культурæйы хæдзæртты директортæн, музыканттæн, хæдахуыр артисттæн.

Кæд уыцы азты йæ архайд культурæйы æмæ аивады рæзты ахадгæ уыд, уæддæр йæ зæрдæ æхсайдта ахуыргæнæджы куыстмæ. Æмæ 1985 азы сси Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы ахуырады хайады методист, уыд уæды рæстæджы нæ горæты Советон районы методикон кабинеты сæргълæууæг. Ацы бæрнон бынаты дæр йæ куысты хæстæ Зарæ фæзминагæй æххæст кодта. Уæлдай фылдæр æргом аздæхта скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæ амоныны фарстатæм.

Зарæ Дзæуджыхъæуы ахуырады управленийы куы куыста, уыцы рæстæгмæ астæуккаг скъолаты ирон æвзаг ахуыр кодтой иумæйаг уагыл, иронау хорз чи дзырдта æмæ чи нæ дзырдта, уыцы скъоладзаутæ иумæ. Афтæ раст кæй нæу, уый Зарæ уайтагъд рахатыдта, æмæ фыццаг Дзæуджыхъæуы 38-æм астæуккаг скъолайы бындурыл, йæ директор — УФ-йы сгуыхт ахуыргæнæг, педагогон наукæты кандидат Дегъуаты Валодяйы æххуысæй рапарахат кодта Дзæуджыхъæуы скъолаты æхсæн ирон æвзаг амонын хицæн къордтæй, мадæлон æвзаг чи зоны æмæ йæ чи нæ зоны, уыцы скъоладзаутæн. Ацы скъолайы рухстауæн архайд куыд æнтыстджын у, уый сбæрæг кодта, æмæ, цы хъуыдытæ æмæ хатдзæгтæм æрцыд, уыдон бæлвырдæй æрфыста сæрмагонд уацы. Фæстæдæр Зарæйы хъæппæрисæй ацы скъолайы бындурыл арæзт æрцыд семинар республикæйы скъолаты директортæн.

Айларты Зарæ бирæ хæрзты цыд æмæ цæуы республикæйы скъоладзаутæн æмæ ахуыргæнджытæн куыд бирæ ахуыргæнæн æмæ методикон чингуыты автор. Йæ бирæвæрсыг рухстауæн архайды Зарæмæ цы фæлтæрддзинад ис, уый йын уыцы фадат дæр радта.

Ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн республикон институты кусын куы райдыта Зарæ, уæд фыццаг уыд ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы ассистент, фæстæдæр та йæ сæргълæууæг. Уыцы рæстæгмæ нæ уыд рæстмæ ахуыргæнæн чингуытæ æмæ методикон амынддзинæдтæ, ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы ахуырдзаутæн. Уыцы фарста сагъæсы æфтыдта уæды рæстæг республикæйы ахуырады министр Мецъаты Эдуарды, Ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн республикон институты директор Ситохаты Георгийы æмæ йæ хæдивæг Залеты Иринæйы. Чингуытæ саразын æмæ сæм методикон амынддзинæдтæ бацæттæ кæныны хæс та æрхауд Зарæмæ. Дзæуджыхъæуы Советон районы ахуырады хайады куы куыста, уæд æм, ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы скъоладзаутимæ куысты цы фæндтæ уыд, уыдон царды æнтыстджынæй уагъд кæй æрцыдысты, уый фæрцы сын сæрмагондæй чингуытæ аразыны хъуыддагмæ æхсызгонæй æмæ разæнгардæй бавнæлдта Зарæ.

Афтæмæй фыццаг ныффыста Абеты чиныг (астæуккаг скъолайы 1-æм къласæн) æмæ йын рауагъта методикон амынддзинæдтæ. Ахæм чингуытæ ма Зарæ сарæзта 2-3-æм кълæстæн, у 5-æм къласы ирон литературæ амоныны методикон чиныджы автор. Ныффыста ма методикон æрмæджытæ (чингуытæ) ирон адæмы фыссынады истори æмæ хъæбатырты зарджытæ скъоладзаутæн амонынæй дæр. Ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты ирон æвзаджы кафедрæйы кад æмæ радæй фæкуыста 11 азы. Уыцы азты ирон æвзаджы уавæрыл, республикæйы скъолаты йæ амоныны фарстайыл, ахуыргæнджыты цæттæдзинадыл, ирон æвзаг æмæ литературæйы кабинеты ифтонгадыл кæд исчи зæрдиагæй аудыдта, уæд, фыццаджыдæр, Зарæ. Уыимæ, институты кусгæйæ, республикæйы скъолаты уæды рæстæг ирон æвзаг æмæ литературæ ахуырдзаутæн цавæр уагыл амынд цæуы, уый зыдта бæлвырдæй. Зыдта, йæ куыстыл æнувыддæр чи у, уыцы ахуыргæнджыты. Сæ рухстауæн фæзминаг архайды тыххæй иудадзыг фыста уацтæ газет «Рæстдзинад»-мæ, журнал «Мах дуг»-мæ. Се ‘нтыстытыл ныхас цыд Зарæйы руаджы семинарты æмæ алыхуызон æмбырдты, республикæйы радио æмæ телеуынынадæй. 1994 азы та Цæгат Ирыстоны паддзахадон радиойы уæды сæйраг редактор Хæмыцаты Албег æмæ Зарæйы хъæппæрисæй Ирыстоны фидиуæгæй райхъуыстысты ирон æвзаг æмæ литературæйæ фыццаг радиоуроктæ. Афтæмæй мæй дыууæ хатты авд сахаты æмæ ссæдз минутыл Зарæйы фæлмæн хъæлæс зæлыд ирон радиойæ. Ахæм хуызы уроктæ Зарæ бацæттæ кодта 45. Цалдæр дзы сæрмагондæй бацæттæ кодта куыд æрмæг газет «Рæстдзинад»-мæ.

1997 азы та Зарæйы фæндæй арæзт æрцыд ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты æхсæн фыццаг республикон конкурс. Абон дæр уыцы фæтк хæлд нæу. Фыццаг конкурсы чи архайдта æмæ дзы уæлахиздзау чи сси, уыцы ахуыргæнджытæй дыууæйæн — Фыййагдоны астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Кцойты Риммæ æмæ Бирæгъзæнджы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Гæбуты Зарæйæн саккаг кодтой Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын нæмттæ. Уыцы конкурсы уæд цы æрыгон ахуыргæнджытæ архайдтой, уыдонæй уæлахиздзауыл нымад æрцыд Дзæуджыхъæуы 17-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Кцойты Маринæ.

Институты кусгæйæ, Зарæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн цы хæрзты цыд, уыдонмæ ма бафтыдта, фæстæдæр РЦИ-Аланийы Ахуырады министрады национ хайады сæргъы куы æрлæууыд, уæд. Ам ын хорз æххуысгæнджытæ уыдысты уыцы рæстæг нæ республикæйы ахуырады министр Чъерджиаты Алыксандр, йæ хæдивæг Тотраты Владислав, хайады сæйраг спецалисттæ Хабæты Риммæ æмæ Бекъойты Мæдинæ. Хайады архайд Зарæ базыдта бæлвырд фæткмæ гæсгæ рацаразын. Йæ бæрны цы кусджытæ уыд, уыдоны размæ æмæ йæхи размæ дæр сæвæрдта бæлвырд хæстæ. Уыдон уыдысты, республикæйы æппæт скъолаты дæр ирон æвзаг æмæ литературæмæ цавæр æргом здæхт цæуы, уый зонын, йæ рæзтæн фадæттæ аразын, ахуыргæнджыты куыст бæрæг кæнын, сæ рухстауæн архайдæн сын уавæртæ аразын, ирон æвзаг æмæ литературæйы чингуытæ æмæ сæм цы методикон æрмæджытæ ис, уыдон раст уагыл аразын, скъолатæм сæ афоныл хæццæ кæнын. Иннæ ахæм, мадæлон æвзаг æмæ литературæ амоныны хъуыддаджы ахуыргæнджыты æмæ скъолаты директорты, стæй районты ахуырады хайæдты сæргълæуджыты размæ цы цæлхдуртæ ис, уыдон бæрæг кæнын, сæ аиуварс кæнынæн Ахуырады министрады разамындимæ, куы хъæуа, уæд та республикæйы Хицауадимæ гæнæнтæ агурын. Афтæмæй Зарæ ацы бæрнон бынаты дæр цы арфæйаг куыст бакодта ирон æвзаг æмæ литературæйы рæзтыл, уыцы бæркæдтæ абон дæр сты хорз дæнцæгæн бафæзминаг.

Уæздан æмæ æфсармджын сылгоймаг у Айларты Зарæ. Фæлæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйы, культурæйы рæзтыл йæ архайд у нæртон лæджы æмдых æмæ амуæз. Кæддæриддæр йæ куысты хæстæ фæзминагæй æххæст кæнгæйæ, Зарæ архайдта йæхи зонындзинæдтæ дæр фылдæр кæныныл. 2000 азы Мæскуыйы Национ фарстатæ иртасæн институты æнтыстджынæй бахъахъхъæдта педагогон наукæты кандидаты диссертаци.

Йæ рухстауæн архайды фæстаг æхсæз азы Зарæйæн æнгом баст сты ЦИПУйы ирон филологийы факультеты ирон литературон сфæлдыстады кафедрæимæ. Зарæ дзы уыд доцент. Уыцы рæстæг студенттæн каст лекцитæ, арæзта практикон ахуыртæ фондз предметæй: «Ирон литературон критикæйы истори», «Ирон адæмы традицион культурæ фольклор æмæ литературæйы», «Ирон историон зарджыты истори». Йæ разамындæй студенттæ фыстой æмæ-иу æнтыстджынæй бахъахъхъæдтой дипломон æмæ курсон куыстытæ, докладтæ æмæ рефераттæ. Зарæ йæ лекциты æмæ практикон ахуырты студенттæн канд арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæ нæ лæвæрдта, фæлæ ма-иу фæсивæдæн арæзта фадæттæ, цæмæй сæ зонд æмæ зæрдæйы сусæг сфæлдыстадон курдиæттæ æргом кæной, зоной хъуыды кæнын, зæрдæйæ уой æнкъараг, зондæй та — кæрдаг. Йæ хъæппæрисæй ирон филологийы факультеты арæзт æрцыдысты республикон наукон-практикон конференцитæ номдзыд фыссæг, газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг редактор Гæдиаты Цомахъы цард æмæ сфæлдыстады фæдыл, Ирон адæмы традицион культурæйы фарстатæ иртасынæй. Йæ курдиаты фарны хай бахаста зындгонд ахуыргонд æмæ поэт Джыккайты Шамилы монон сгуыхт сæнусон кæныны хъуыддагмæ: ныффыста йыл номарæн зарæг. Иудадзыгдæр архайдта нæ республикæйы æмæ Цæгат Кавказы регионты наукон конференциты.

Æрæджы ЦИПУ-йы рауагъдады рухс федта ахуыргæнæн чиныг «Ирон адæмон сфæлдыстад». Йæ саразджытæй иу — Айларты Зарæ. Рæхджы та хъуамæ мах бацин кæнæм йæ уацты æмæ зонадон æрмæджыты хицæн æмбырдгондыл дæр.

Ирыстоны фарныл аудæг сылгоймæгты æхсæн педагогон наукæты кандидат Айларты Зарæ сæрмагонд бынат æрцахста, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд рæдыд нæ уыдзæн. Уымæн æмæ ныр 30 азæй фылдæр уый лæггад кæны йæ рухс зонд æмæ уды бæркадæй Ирыстоны мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæн, нæ кæстæртæн. Йæ архайды нæртон бæркад кæй ис, уый — арвæй бæрæгдæр, хурæй æргомдæр. Æмæ йын нæ цæст уарзы, куысты тых æмæ амондæй ма бирæ азты хайджын куыд уа!

ГАСАНТЫ Валери

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here