Аивад уарзы зæрдæйæ
«Аивад уарзын, раст цард куыд уарзын, афтæ». Уыцы хъуыдыйыл фидар хæст у æмæ ныридæгæн ирон музыкалон аивады æнтыстджын къахдзæфтæ кæны Культурæйы республикон колледжы ахуыргæнæг, Уæрæсейы театралон аивады академийы режиссерон хайады студент ХЪОЦЛАТЫ Сослан.
Йæ рæстæджы прогимнази «Интеллект»-ы алывæрсыг зонындзинæдтæ райсгæйæ, йæ ныййарджыты фидар фæндыл лæугæйæ, хорз æвзæрæй хицæн кæнын куы сахуыр, уæд æй йæ ахуыры фæндаг дарддæр ахуыдта Дзæуджыхъæуы 42-æм астæуккаг скъоламæ. Ам ын йæ зондамонджытæ цы предметтæ амыдтой, уыдонæй фылдæр æмæ хуыздæр йæ зæрдæмæ хæстæг иста ирон æмæ уырыссаг литературæ, уарзта æвзаджы уроктæ, чингуытæ кæсын.
Сосланы фæндаг музыкалон аивадмæ райдыдта æнæнхъæлæджы. Цæвиттон, йе ‘мбалмæ бауад Дзæуджыхъæуы 2-æм музыкалон скъоламæ. Тыргъы лæугæйæ йæ федта скъолайы директор Лидия Бинкович. Бацыди йæм, базонгæ йемæ, йæ уæздандзинадæй лæппу сылгоймаджы дисы бафтыдта. Æмæ йæ скъоламæ райсыны нысанимæ фæлварын райдыдта алыхуызон музыкалон инструменттыл. Æппынфæстаг рахатыдта, Сосланы зæрдæ ирон фæндырæй тынгдæр кæй райы, уый. Æмæ йæ йæхимæ ахуыр кæнынмæ райста Мамиаты Зитæ. Дыууæ мæйы йæм куы ацахуыр кодта Сослан, уæд иу ахæмы скъоламæ æрбацыд Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы ахуыргæнæг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, дæсны музыкант Гæдзаццаты Аллæ. Уый лæппуйы цагъдмæ куы байхъуыста, йæ арæхстдзинад ын куы федта, уæд æй райста йæхимæ дарддæр ахуыр кæнынмæ цæттæгæнæн хайадмæ.
Астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд Сосланы æнæдызæрдыгæй айстой Аивæдты колледжмæ адæмон инструментты хайадмæ. Лæппуйы зæрдæргъæвддзинадæй æмæ курдиатæй канд Аллæйы зæрдæ нæ рад, фæлæ ма колледжы разамынды æмæ æппæт ахуыргæнджытæн дæр уыд уарзон кæстæр, йе ‘мбæлттæн та фæзминаг, куыд ахуырæй, афтæ йæ уаг æмæ æгъдауæй.
Музыкæйы æмæ теорийы сусæгдзинæдтæ базоныны хъуыддаджы Сосланæн æппындæр амонын ницы хъуыд. Йæ ахуыргæнæджы æмбæрста, куыд фæзæгъынц, æрмæст цæстæнгасæй дæр. Ахæм фæзминаг ма уыдысты абон, йæхийау, аивады æнтыстджын къахдзæфтæ чи кæны, уыдон: Абойты Хетæг æмæ Кокайты Виктория. Нæудзар быдыры æппæт дидинджыты æхсæн уардитæ сæууон хуры тынтæм, уæлдай бæрæг куыд сты, раст афтæ Сослан, Хетæг æмæ Виктория уыдысты, сæ ахуыргæнæг, Гæдзаццаты Аллæйы, тынгдæр æй ныфс кæмæй уыди, уыцы ахуырдзаутæ.
— Уый нæ кæй уарзы, аргъ нын кæй кæны, уый æмбæрстам, кæддæриддæр немæ ахуыры æмæ репетициты рæстæг куыд зæрдиагæй куыста, уымæй. Уыд фидар, сфæлдыстадон удыхъæды хицау, рæстаг æмæ цæстуарзон. Стæм хатт мæиу раппæлыд, фæлæ йæ æз уый тыххæй фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ уарзтон æмæ йын кæддæриддæр кæндзынæн стыр аргъ. Колледжы дыккаг курсы ахуыр кодтон, афтæмæй Аллæ сарæзта фæндырдзæгъдджыты трио «Амран». Уым ма мæнæй уæлдай уыдысты ме ‘мкурсонтæ Абойты Хетæг æмæ Кокайты Виктория. Мах архайдтам республикон, æппæтуæрæсеон конкурсты. Бирæ хæттыты-иу систæм уæлахиздзаутæ. Уыцы æнтыстыты уыд нæ ахуыргæнæг Гæдзаццаты Аллæйы æнæрынцой уды фæллой, йæ зæрдæйы цæхæры рухс тæмæн, — загъта нын Сослан. — Мæ ахуыргæнæджы фæрцы ирон фæндыр сфæлдыстадон æгъдауæй схызт ног къæпхæнмæ. Нæ трио конкурстæм цæттæ кодта дунеон, уæрæсейаг æмæ ирон профессионалон композиторты уацмыстæ.
УФ-йы адæмон артист, нæ номдзыд музыкант Гæздæнты Булат ирон фæндыр систа цардуагон музыкалон инструменты къæпхæнæй сценикон музыкалон инструментмæ. Гæдзаццаты Аллæ та бакуыста йæ амонæнтыл галиуфарсы æрдыгæй, бахаста ивддзинæдтæ йæ аккордтæм. Йæ ацы схемæтæм гæсгæ ног хуызы фæндыртæ аразын райдыдтой нæ фабрик «Фæндыр»-ы (йæ директор уыд Узегаты Тамерлан). Уый ууыл дзурæг у, æмæ йæ фæрцы ирон фæндыры гæнæнтæ, зæгъæн куыд нæй, афтæ фæпарахатдæр сты. Уый фæрцы колледжты студентты исынц Уæрæсейы аивадон-музыкалон ахуырады уæлдæр скъолатæм. Фæлæ, уый ууыл дзурæг нæу, æмæ ирон фæндырæн йæ уавæртæ къаддæр кæнынц. Нæ, фæлæ ирон фæндырæн ныртæккæ сæрмагондæй ног уацмыстæ Гæздæнты Булатæй фæстæмæ кæй ничи фыссы нæ ирон композитортæй, уый у ахъуыдыйаг. Ис нæм æрыгон профессионалон композитортæ, æмæ се ‘рмдзæф нæ ирон нырыккон музыкæйы рæзтыл, мæнмæ гæсгæ, нæ зыны нырма, — зæгъы Сослан.
Ныртæккæ æрыгон лæппу Хъоцлаты Сослан кусы Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары методистæй. Йе ‘мкусджыты ‘хсæн ын ис кад. Йæ размæ йын цы хæстæ сæвæрынц, уыдон æххæст кæны бæрнонæй, йæ куыстыл у æнувыд. Ныридæгæн, куыд режиссер æмæ сценарист, бакуыста цалдæр аивадон изæрыл. Цæмæй йын йæ хæстæ æнцондæрæй æххæст кæнæн уа, æмæ йæ куысты ног аивадон фæзилæнтæй пайда кæнынмæ арæхса, уый тыххæй Сослан бацыд Мæскуыйы, Уæрæсейы театралон аивады академимæ (ГИТИС). Ам дæр дзы йæ ахуыргæнджытæ сты райгонд.
Уымæй уæлдай ма Сосланæн ис фæзминаг ахуырдзаутæ Культурæйы республикон колледжы. Уым ныр цалдæр азы студенттæн амоны ирон фæндырдзагъды сусæгдзинæдтæ. Æмæ кæд æрыгон у, уæддæр ныридæгæн бæрæг у, Сослан ирон культурæйы йæ къахдзæфтæ ноджы æнтыстджындæрæй кæй акæндзæн æмæ йын йæ уды цæхæрæй, зонд æмæ курдиатæй ног хъуыды зæгъынмæ кæй сарæхсдзæн, уый. Уымæн æм ис тых, ахуырмæ, ног зонындзинæдтæ райсынмæ тырнындзинад. Сослан зоны, æцæг аивад зæрдæйы æрфытæй, зонд æмæ уды рухсæй кæй гуыры, уый. Хъæуы дзы уæлтых æмæ бонзонгæ архайд. Уымæ гæсгæ, культурæ æмæ аивады фæндагыл чи æрлæууыд, уыдонæн у дæнцæг. Нæ зæрдæ йын зæгъы ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæ!
ГАСАНТЫ Валерии
Фыдгæнджытæн — додой сæ къона!..
Къостайыхъæуккаг БЫРНАЦТЫ Викæ скъоламæ дæр нæма цыд, афтæ йæ фыд уæззау низæй фæрынчын æмæ амард. Йæ мад Джульеттæйы бахъуыд йæ дыууæ æнахъом чызджы иунæгæй царды раст фæндагыл æвæрын, йæ хъæбулты фидæныл хъуыдыгæнгæйæ сæ куыстахуыр скодта.
Викæ уыцы чысылæй дæр йе ‘мгæртты ‘хсæн бæрæг дардта зонындзинæдтæм тырнындзинадæй, йæ размæ æвæрд нысантæ æххæст кæнынæй. Стыр ныфс лæвæрдта йæ ахуыргæнджытæн æмæ йæ ныййарæгæн. Йæ æгъдау æмæ уæздандзинадæй бæрæг дардта йе ‘мгæртты ‘хсæн. Алыхуызон ерысты арæх уыд уæлахиздзау. Зæгъæм, 2017 азы республикон конкурс-æркаст «Ирон дæн æз»-ы бацахста дыккаг бынат.
Викæ скъола каст фæци сыгъзæрин майданимæ. Фæстаг дзæнгæрæджы зæлтæ куы азæлыдысты, уæд, дарддæр ахуыр кæнынмæ кæдæм бацæудзынæн, ууыл дызæрдыг нæ кодта. Йæ гыццылæй фæстæмæ йæ фæндыд барадхъахъхъæнæг оргæнты кусын.
Сылгоймаджы-иу барадхъахъхъæнæджы дарæсы куы федта, уæд-иу йæ зæрдæйы æнахуыр æхсызгондзинад сæвзæрд. Мадæн йæ чызджы равзæрст йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, лæгъстæ йын кодта, цæмæй дохтыры дæсныйадмæ йæ хъус æрдара. Фæлæ Викæ йæ гæххæттытæ Бетъырбухы мидхъуыддæгты университетмæ радта, сси студенткæ.
Æвзонг чызгæн йæ бон куыд у, афтæ кусы йæхиуыл, тырны размæ. Йæ фыццаг сесси фондзтыл сæхгæдта. Викæ йæ зæрдæйы фæндонæй цы фæндаг равзæрста, ууыл, зындзинæдтæй нæ тæрсгæйæ, уæндон къахдзæфтæ кæны, æмæ нæ уырны, кæй йын бантысдзæн, уый.
АЛАМИР
РАДЗЫРД
«Зивæггæнаг чызг»
Цардысты æмæ уыдысты лæг æмæ ус. Уыдис сын иунæг чызг — тынг зивæггæнаг æмæ магуса. Йæ къух уазал доны дæр никуы атылдта. Райсомæй-иу хур мидбылхудгæ куы бакаст рудзынгæй, арæхстгай æмæ-иу рæвдаугæ йæ тынæй чызджы рус куы ахъыдзы кодта, сыст уæлæмæ, зæгъгæ, уæд-иу чызг арфдæр йæхи бануæрста хъæццулы бын. Уасæг-иу йæ райсомы зарджытæ зарын куы райдыдта, уæд та-иу чызг йæ сæр базы бын фæцавта. Удхæссæгæй уæлдай йын нæ уыди, исчи йæ куы хъыгдардта фынæй кæнын, уый. Бæргæ-иу ын уайдзæф кодтой йæ ныййарджытæ, афтæмæй дарддæр куыд цæрдзынæ, истæуыл сахуыр у, зæгъгæ, фæлæ сын чызг сæ ныхæстæ мурмæ дæр нæ дардта. Йæ къух-иу ауыгъта æмæ-иу загъта: «Исты мын сымах мæлгæ акодтат!»
Афтæмæй рæстæг цыди, æмæ, æцæгдæр, чызгæн иу иннæйы фæдыл æрбамардысты йæ мад æмæ йæ фыд. Чызг иуцасдæр акуыдта. Уый дæр, æвæццæгæн, йæхиуыл, дарддæр цы кæндзынæн, зæгъгæ. Раздæр æм афтæ нæ хъардта, фæлæ йын йæ разы цæттæ хæринаг куы ничиуал æвæрдта, йæ дзаумæттæ сыгъдæг æмæ итувæрдæй æнхъæлмæ кæсгæйæ куы нал уыдта, уæд та ногæй нырдиаг кодта. Ныр цы кæндзæнис амæй фæстæмæ, зæгъгæ.
Афтæмæй рацыд иуцасдæр рæстæг. Чызг бафæллад æххормаг æмæ æдзæллагæй, тынг сфыдхуыз, дзурын дæр æй никæимæ фæндыди. Йæ уæлæдарæс æмæ къахыдарæс арæх сусæгæй, сæхимидæг куыдтой, цæй æнамонд фестæм, куыд æдзæллаг чызджы амæттаг фестæм, зæгъгæ. Уынджы-иу чызг куы фæцæйцыди чъизи æмæ фист сæрæй, уæд-иу хæдзарон хъазтæ æмæ бабызтæ, доны сæ лæппынтимæ цъыллинджытæ кæнгæйæ, дзырдтой: «Уынут, уæртæ куыд æнæхсад æмæ чъиллонæй цæуы уыцы чызг? Уый худинаг у!». Æмæ та-иу сæ лæппынтимæ доны сæрбихъуырæйттæ кæнын райдыдтой.
Чызг æххормагæй куы сфæлмæцыди, уæд цалдæр хатты хъавыд йæхицæн хæринаг скæнын, фæлæ йын дзы ницы уад: ахуыр нæ уыди уыдæттыл.
Сæ кæрты зади зæронд донхæрис бæлас. Йæ тасаг къалиутæ раст зæхмæ хæццæ кодтой, даргъдзыкку чызджы хуызæн. Чызг-иу алы изæр дæр бацыди бæласы размæ, йæ быны-иу æрбадти æмæ йын йæ царды хъæстытæ кодта. Бæласæй йæм цыдæр хъармад хæццæ кодта. Чызгмæ удгоймаджы хуызæн каст, цыма йын йæ ныхæстæ æмбæрста. Изæрыгон-иу куы бадти бæласы бын, йæ цæссыгтæ згъалгæ, уæд-иу донхæрисы къалиутæй дæр райдыдтой хауын иугай æртæхтæ, цыма йын йæ хъысмæтыл кæугæ кодта бæлас, уыйау. Йæ къалиутæй-иу æй æрбатыхта æмæ йæ узæгау кодта.
Иу сæрдыгон изæр та чызг бæласы бын дзæвгар фæбадти, йæ зæрдæйы рыстытæ та йын фæдзырдта. Цæуынмæ куыд хъавыд, афтæ æм бæлас æнæнхъæлæджы йæ мады хъæлæсæй сдзырдта: «Зонын æй, мæ хъæбул, куыд зын дын у, уый. Мæ зæрдæ дыл риссы. Бæргæ дын-иу дзырдтон, фæлæ мæм нæ хъуыстай. Ныр мæм уæддæр байхъус». Чызг сагъдауæй аззад, бæлас та чызгæн дарддæр дзырдта, зонд ын амыдта. Чызг æм лæмбынæг хъуыста… Тынг æрфæсмон кодта йæ митыл, æрхудти йæхиуыл, кæд, æрæджиау, уæддæр.
Бынтон фендæрхуызон ис чызг, хорзæрдæм аивта. Иууылдæр ыл дис кодтой — диссаджы фæзминаг кæстæр дзы рауадис! Чызг та алы изæр, иннæ хæттытау, æрбацæуы бæласы бынмæ, донхæрисы зæнг йæ хъæбысы акæны, æрлæгъзытæ йын кæны йæ къалиутæ, йæ зæрдæйы зæгъинæгтæ йын фæдзуры… Бæлас дæр ыл йæхи бакъул кæны, йæ къалиутæй йæ рæвдауæгау æрбатухы æмæ йæ мадау йæ хъæбысы фæлмæн фæузы…
БÆРÆГЪУЫНТЫ Дзерассæ