Сæ нæмттæ рох не сты

0
465

 

23 февралы Цæгат Ирыстон сбæрæг кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав Намысы мемориалы æфсæддон намысы цыртдзæвæнтыл дидинджытæ сæвæргæйæ кад скодта, Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыцы хъæбатыр хæстонтæн.

Ацы бæрæгбонон мадзалы архайдтой республикæйы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæвар — республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Дзанайты Барис, вицепремьер Иринæ Азимова, Цæгат-Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвары аппараты сæйраг федералон инспектор Челæхсаты Владимир, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем, горæт Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис, тыхы структурæтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, 58-æм æфсады командæгæнынад æмæ æфсæддонтæ, æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты сæргълæуджытæ, Парламенты депутаттæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ дæр.

Иу минут æдзæмæй алæугæйæ, кадджын мадзалы архайджытæ æрымысыдысты, Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыцы хъæбатырты рухс нæмттæ.

Уыцы бон хæстонты рухс нæмттæ ссардтой республикæйы мингай цæрджытæ дæр. Дидинджытæ æвæрд æрцыдысты Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр Плиты Иссæйы ингæныл æмæ Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашовы цыртдзæвæныл, стелæ «Дзæуджыхъæу — Æфсæддон намысы горæт»-ыл, Уæлахизы фæзы чи ис, æмæ «1942 азы г. Дзæуджыхъæуы хъахъхъæныны рубеж», зæгъгæ, уым цы цыртдзæвæн ис, уыдоныл.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты советон адæм фашизмыл кæй фæуæлахиз сты, уым ис Цæгат Ирыстоны цæрджыты стыр бавæрæн. Сырх æфсады рæнхъыты знаджы ныхмæ хæцыдысты не ‘мзæххонтæй 95 мин адæймагæй фылдæр, æмæ дзы алы дыккаг дæр йæ фыдыуæзæгмæ нал сыздæхт. Уый фæстæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бæрæгбон адарддæр Ирон театры. Æфсæддон службæйы ветерантæ æмæ афицертæн арфæйы ныхæстæ загъта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав:

— Абоны фæсивæдæн æмæ фидæны фæлтæртæн сымах стут, тырнын кæмæ хъæуы, ахæм аккаг дæнцæг. Нæ сæр уæ бæрзæндты хæссæм! Арфæ кæнын Уæрæсейы Æфсады салдæттæ æмæ афицертæн, дунейы æмæ бæстæйы сабырдзинад, Уæрæсейы арæнтæ чи хъахъхъæны, уыдонæн, — загъта Битарты Вячеслав.

Республикæйы Сæргълæууæг йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы кæнынц стыр кад æмæ намыс, хæсты быдыры чи фесгуыхт, уыцы хъæбатыр хæстонтæн æмæ сын сæ нæмттæ нæ рох кæнынц. Цæгат Ирыстон нæ бæстæйæн радта Советон Цæдисы 79 Хъæбатыры, уыдонæй дыууæ — Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыртæ, 12 — Намысы ордены æххæст кавалертæ, 12 — Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыртæ.

РЦИ-Аланийы территорийы æдасдзинад хъахъхъæныны хъуыддагмæ стыр бавæрæн чи бахаста, уыцы æфсæддонтæ æмæ ветерантæн Битарты Вячеслав радта хæрзиуджытæ. Майдан «Ирыстоны Намыс»-æй хорзæхджынгонд æрцыд 58-æм æфсады командæгæнæг Евгени Никифоров.

Интернационалон хæс æххæст кæнгæйæ лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыстой, стæй абон дæр æхсæнадон царды разæнгардæй кæй архайынц, уый тыххæй майдан «Ирыстоны Намыс»-æй хорзæхджынгонд æрцыдысты Афганистаны хæстон цауты архайджытæ: Асаты Витали, Михаил Аспидов, Бæззаты Альберт, Баскаты Батрадз, Уалыты Зауыр, Гæджынаты Руслан, Гуыриаты Хъазыбег, Джиоты Рамин, Диамбегты Эльбрус, Дудайты Станислав, Хъоцлаты Валери, Пхалæгаты Владимир, Рубайты Алыксандр, Сопойты Алексей, Суанты Артик, Тедеты Спартак.

Сæ хæстæ цæсгомджынæй кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Кады гæххæттытæ лæвæрд æрцыд 58-æм æфсады афицертæн: штабы сæрмагонд службæйы разамонæг Саид Абдулкадыровæн, артиллери æмæ ракетон æфсады разамонæджы хæдивæг — штабы разамонæг Сергей Ивановæн, штабы оперативон хайады хистæр афицер Александр Макаренкойæн æмæ медицинон службæйы разамонæг Олег Овчаровæн.

 РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here