Ныййарджытæ Иумæйаг фæлварæн радтой

0
407

 

Æппæтуæрæсеон акци «Единый день сдачи ЕГЭ родителями» цыд 22 февралы нæ бæстæйы æппæт субъектты дæр. Мадзал арæзт цыдис, ахуырад æмæ наукæйы къабазы цæстдарды федералон службæйы хъæппæрисæй. Акцийæн бындурæвæрд æрцыд æртæ азы размæ, æмæ ссис æрвылазон. Йæ нысан у, æхсæнады минæвæртты, скъолаты рауагъдонты æмæ ныййарджыты фæлварæнты уавæримæ бæлвырддæр базонгæ кæнын, цæмæй æрмæст сывæллæттæ нæ, фæлæ сæ ныййарджытæ дæр банкъарой фæлварæн бынтон афтæ тæссаг кæй нæу, сæ тыхстдзинад æмæ сагъæстæ фæсæфой.

Нæ республикæйы Иумæйаг фæлварæн цыд Дзæуджыхъæуы, Гастеллойы уынджы скъола-интернаты. Архадтой дзы Ирыстоны алы районтæй ныййарджытæ — 75 адæймаджы. Уыдонимæ республикæйы районты ахуырады управлениты сæргълæуджытæ, Парламенты æмæ æхсæнады минæвæрттæ. РЦИ-Аланийы ахуырады æмæ наукæйы, социалон хъахъхъæнынады æмæ иумæйаг ахуырады хайады сæргълæууæг Бæтаты Фатимæ куыд радзырдта, афтæмæй Иумæйаг фæлварæн цæудзæн æртæ фæлтæрæй. Ацы мадзал уыдис ацы аз фыццаг.

— Фæлварæны архайджытæ сæ зонындзинæдтæ æвдисдзысты уырыссаг æвзагæй. Сæ куыст сæххæст кæнынæн лæвæрд цыдис 30 минуты, — загъта Бæтаты Фатимæ. Иумæйаг фæлварæны архайджытæй Джелыты Хасан та загъта йæ чызгæн, ацы аз астæуккаг скъолайы рауагъдонæн радзурдзæн æмæ бацамондзæн, фæлварæнæй æппындæр тæрсын кæй нæ хъæуы, уый тыххæй.

Акцийы зæрдиагæй архайдтой дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ дæр. Уыдонæй иу уыд республикон газет «Цæгат Ирыстоны»- йы уацхæссæг Махъоты Мæдинæ. Куыд радзырдта, афтæмæй йæ Иумæйаг фæлварæн раттынмæ цымыдисы æфтыдта, раздæримæ абаргæйæ,абон йæ зонындзинæдты æмвæзад уырыссаг æвзагæй цас бæрзонд у, уый.

— Мæнмæ гæсгæ, алы журналист дæр хъуамæ архайа, уырыссаг æвзаджы фæлварæны йæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæныны хъуыддаджы. Æмæ куыд арæхдæр, афтæ — хуыздæр. Иумæйаг фæлварæны сæйрагдæр теори у æмæ ахсджиаг хъуыддаг у уырыссаг æвзаджы уагæвæрдтæ арфдæр зонын, — загъта Махъоты Мæдинæ.

САУТÆТЫ Тамилæ Къам систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here