Ирон æвзагæн лæггадгæнджытæ

0
427

 

Знон гимназ «Диалог»-ы йæ куыст райдыдта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ‘хсæн æрвылазон конкурс. Ацы хатт ерысы бацыдысты 13 ахуыргæнæджы — Алагиры, Æрыдоны, Горæтгæрон æмæ Кировы районтæй, стæй Дзæуджыхъæуы скъолатæй.

— Конкурс-æркаст расидтис РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад. Кæддæриддæр дзы мах æхсызгонæй архайæм. Ацы цымыдисаг мадзалæн йæ сæйраг нысан у ирон æвзаджы кад бæрзонддæр æмвæзадмæ сисын, мадæлон æвзагæн чи лæггад кæны, уыцы ахуыргæнджыты фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ парахат кæнын. Бузныг — йæ саразджытæн, — загъта Æрыдоны районы ахуырады управленийы хицау Мамиаты Розæ.

Конкурсы архайджытæн сæ размæ æнцон хæстæ нæ сæвæрдтой. Фыццаг хайы алы ахуыргæнæг дæр хъуамæ йæхи, йæ куыст равдиса презентацийы хуызы, дыккаг хайы та бацæттæ кæна гом урок. Сæ дæсныдзинад æвдисдзысты бынтон æнæзонгæ сывæллæттимæ, гимназ «Диалог»-ы хицæн кълæсты кусгæйæ.

Ахуыргæнджыты арæхстдзинадæн аргъ кæндзысты жюрийы уæнгтæ 18-æм скъолайы ахуыргæнæг — Нæкуысаты Иринæ, 27- æм скъолайы ахуыргæнæг — Тахъазты Лянæ, 2015 азы уæлахиздзау, педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг — Дзусты Бэллæ, уыцы кафедрæйы доцент — Туаты Ларисæ, жюрийы сæрдар, педагогон наукæты кандидат, паддзахадон университеты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент — Безаты Фаризæ.

Конкурс цæудзæн цалдæр боны. Уæлахиздзау сбæрæг уыдзæн 1 мартъийы æмæ архайдзæн мадæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ‘хсæн æппæтуæрæсеон мастер-къласы, цæудзæн фæззæджы Мæскуыйы.

Уазджытæн сæ арæхстдзинад ирон аив дзырдæй равдыстой гимназ «Диалог»-ы ахуырдзаутæ.

ЦÆГÆРАТЫ Жаннæ Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here