Суадæтты руаджы
Раздæр азты туризм нæ республикæйы бюджетæн цы пайда лæвæрдта, уый абон æнæзындгонд нæу суанг кæстæр фæлтæры минæвæрттæн дæр, æмæ ныртæккæ фарста афтæ æвæрд цæуы, цæмæй ацы къабаз ногæй сырæза Цæгат Ирыстоны. Хъыгагæн, хæдзариуæггæнæг оргæнтæ туристон объектты «фæндаггон картæ» куы фæаразынц, уæд алы хатт дæр нысангонд хæрдзты æппынкъаддæр 90 проценты ахсынц республикæйы хæххон хаймæ, Цæгат Ирыстоны æрдзы хъуырæгънæг — Бехъаны цад та сæ æдзухдæр рохуаты баззайы. Уый, куыд зонæм, афтæмæй ис Æрыдоны районы, æмæ кæд йæ алыварс ницавæр туристон инфраструктурæ ис, уæддæр цады алæмæты рæсугъд нывтæ Кавказы сæйраг рагъы дæлвæзы сæхимæ æркæсын кæниккой, æрдзы хъæбысы йæ фæллад уадзын бирæ чи уарзы, ахæм адæмы. Уыимæ, Бехъан зæрдæскъæфæн у канд сæрды мæйты нæ, фæлæ ма зымæгон дæр, мит йæ алыварс былтæ урс хъæццулæй куы æрæхгæны, уæд.
Суанг уазал тъæнджытæ куы фæкæны, уæддæр ам рæсугъд вæййы. Удæгас æрдз дзы кæй ис, уый тыххæй ам уаид кинонывтæ исæн дæр. Уæрæсейы иннæ рæтты уазал 15 градусы онг куы вæййы, уæд бабызтæ, хъазтæ, доныленкгæнæг æндæр алыхуызон мæргътæ ардæм тæхын райдайынц Хъаспы денджызæй, Астраханы облæстæй, Стъараполы крайæ дæр. Уымæн æмæ цады дон фылдæр кæны, йæ алыварс чи ис, хъæдрæбынты чи цæуы, ахæм 300 бæрц хъарм суадæттæй. Бирæтæ сты суанг цады бын дæр, æмæ зилдухгæнæг дæттæ цады ныссæлын нæ уадзынц суанг тынг уазæлтты дæр. Ныр базыдтаиккат, доныленкгæнæг мæргътæ ардæм зымæгиуат кæнынмæ цæмæн фæтагъд кæнынц, уый.
Бехъаны цадтæ æппæтæйдæр сты кæнгæ æмæ ахсынц 65 гектары. Уыдон арæзт æрцыдысты Бехъаны гидроэлектростанцæйы донæй æфсадыны тыххæй 1948 азы. Цасдæр рæстæджы фæстæ кæсæгты лæппынтæ хъомыл кæнынмæ уагъд æрцыдысты цадтæм. Хъыгагæн, карптæ æмæ толстолобиктимæ æнæнхъæлæджы щука дæр бахауд. Куыдфæстагмæ фыццæгтæ Бехъаны цады нал фылдæр кодтой, щукæтæ та аирвæзтысты. Фæлæ ацы тугдзыхтæ хуымæтæджы кæсагахсджыты æнгуыртыл никуы «барвæссыдысты», ахстой сæ æрмæстдæр дæснытæ.
Кæсагджын бынæттæ
Абон уавæр афтæ у, æмæ кæд Бехъаны цадтæ 70 азы размæ арæзт æрцыдысты чысыл гидроэлектростанцæйы тыххæй, уæд сын ныр та ис æвæджиауы кæсагхæдзарадон хъомыс. Ацы хъуыддаг дыууæ азы размæ йæхимæ райста æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Ир-фиш»-ы разамонæг, амалхъом Гæбуты Игорь. Фыццагдæр та уал дыккаг цады иучысыл кæсаджы хæдзарад арæзт æрцыд. Амалгонд æрцыд кæсагдарджытæ «садок»-тæ кæй хонынц, ахæм ленкгæнæг цалдæр стыр донуаты, алкæцыйы аргъ дæр уыд 500 мин сомы бæрц. Кæсаг фылдæргæнæн æрмæг та æхсæнад иста, куыд еугæфы хуызы, афтæ сæ уæз 12 граммы кæмæн уыд, кæсаджы ахæм лæппынтæй дæр, æмæ сæ 2017 азы ауагътой æрыгон хæдзарадмæ. Аст мæйы куы рацыд, уæд бавнæлдтой фыццаг «тыллæг» æфснайынмæ, бæлвырддæр зæгъгæйæ та — ахсынмæ.
«Аст мæйы ахæм æмгъуыд у, æмæ уæд кæсаг бацæуы товарон хуызы. Йæ уæз вæййы иу килограмм æмæ уымæй уæлæмæ», — загътой мын бехъайнаг кæсагдарджытæ.
Дарддæр уыдон куыд радзырдтой, афтæмæй ресторанты хуыздæр исынц, кæсаджы уæз 350- 400 граммы куы вæййы, уæд. Сæ кæцыдæртæ фæласынц дыгай килограммтæ дæр. Цады былæй дарддæр чи цæры, уыдон та вæййынц бынтон лæппынтæ — 100- 120-гай граммтæ. Иу ныхасæй, балер ам тагъд рæзы. Цалдæр мæймæ уый цæттæ вæййы уæрæсейаг хæдзары æфсинты къæбицтæм æрвитынмæ.
Ныр цалдæр азы Уæрæсейы кæцыдæр горæтты цæрджытæ Цæгат Ирыстоны хонын райдыдтой, балертæ промышленнон бындурыл кæм хъомыл кæнынц, ахæм бæстæ. Æмæ уый та у, нæ хъæдбынты бирæ хъарм суадæттæ кæй ис, уый руаджы. Æрмæст Æрыдоны районы кæсæгтæ хъомыл кæнынц цалдæр кооперативы. Æппæт продукци дæр алы ран æлхæд цæуы хæлофæй, мидæггаг ерысхъомдзинадæн та ам йæ кой, йæ хъæр дæр нæй.
«Мах кæсаг уæй кæнæм, цас схъомыл кæнæм, уыйбæрц. Фæнды 30 тоннæйы уа, фæнды — 100 тоннæйы. Не ‘лхæнджытимæ баныхас кæныны тыххæй иу дзæнгæрæг дæр æгъгъæд вæййы. Балертæн, уæлдайдæр лососхуыз кæфтæн стыр аргъ кæнынц абон уæрæсейаг базарады», — радзырдта æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Ир-фиш»-ы бæрнон кусæг Габолаты Индирæ.
Раст куы зæгъæм, уæд йæ ныхæсты æппæлдæй ницы ис. Балеры куыстадæй специализаци чи кæны, уыцы цæгатирыстойнаг кæсагахсджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтой, зæгъгæ, ацы къабаз цыфæнды тагъд уæрæхдæргонд куы ‘рцæуа, уæддæр продукци кæмдæриддæр нæ фаг кæндзæн. Уымæн æмæ уæрæсейаг горæтты цæрджыты домæнтæ алкæм дæр сты æгæрон.
Ай-гъай, продукцийы гуырахстмæ гæсгæ нæ республикæйы кæсагдарджыты архайд нырма абарæн нæй, ацы къабазы разæй чи цæуы, уыцы карелæгты куыстимæ. Фæлæ фыццæгтæм уæддæр фылдæр уæлидзинад ис, æмæ уый та у æрдзон хъомыс. Хъарм зымæгтæ, сæлгæ чи нæ кæны, ахæм суадæтты руаджы балертæ рæзынц афæдзы алы афонты дæр, карелæгтæм та æрмæстдæр — 6-7 мæйы. Иу ныхасæй, бехъайнæгтæм ацы хъуыддаджы дыууæ хатты уæлидзинад ис. Уыимæ холлæгтæй уæлдай балертæ хæрынц цады цæрæг лыстæг змæлджытæ, рактæ æмæ æндæр алыхуызон цæрæгойтæ.
Кæсæгты бонтæ
Æрæджы бехъайнаг балертæм Мæскуыйæ дыууæ хатты æрцыдысты, кæсæгтæ бирæгæйттæй чи фæисы, ахæм æлхæнджытæ. Иу ластæн се стыр фурæ изотермикон контейнертимæ удæгас кæсаг сæвæры 2,5 тоннæйы. Контейнерты туаггуыры æфсисад арæзт кæй ис, уый руаджы балертæ кæройнаг бынатмæ ныххæццæ вæййынц удæгасæй. Фæлæ сæ уый тыххæй Бехъаны, цалдæр сахаты арæхстгай æвæрын бахъæуы машинæйы, цæмæй сæхи ма ныццæвой, пластмассæйæ конд бæрцуатыл. Шофыр Владимир Скоробогатов куыд загъта, афтæмæй бехъайнаг балер кæсаджы хорзæй базыдтой Мæскуыйы цæрджытæ æмæ сæ дисы æфтауы йæ ады хæрзхъæддзинад. Суткæмæ кæсæгты машинæ ныхæццæ вæййы Мæскуымæ. Ам æм зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсынц, ацы продукци бирæгæйттæй чи фæисы, ахæм æлхæнджытæ дуканитæ æмæ ресторантæм раттыны тыххæй, фылдæр кæсаг та бахъæуы кæсагахстæн дæр.
Уавæр афтæ у, æмæ кæсæгты ресторантæм ис чысыл цадтæ. Æрбацæуджытæй кæйдæрты бафæнды сæхи къухтæй балертæ æрцахсын, æмæ уый сæрмагонд мадзалæй зын хъуыддаг нæ вæййы, фæстæдæр та йæ рестораны лæггадгæнджытæ сойы фых, алы хъацæнты хæццæйæ бадæттынц фынгмæ, æмæ хуыздæр минас ма цавæр вæййы: фæлмæн æмæ сойджын сырх дзидза дзыхы фæтайы.
Ахæм хуызы цæттæгонд балеры аргъ мæскуыйаг рестораны кæны 2000 сомы, горæты базарады — 800 сомы. Бехъаны йæ бирæгæйттæй чи ‘лхæны, уыдонæн та йæ аргъ у 300 сомы. Ныр ма ахъуыды кæнут, кæройнаг уæйгæнæг йæхицæн цас пайда ассивы, ууыл. Балер кæсæгтæ чи хъомыл кæны æмæ сыл хæрдзтæ кæнын дæр кæй бахъæуы, уымæй цалдæр хатты фылдæр, æмæ уый куыд раст у.
«Махмæ ис нæхи базарадон æгъдау. Розницæйы дæр æй ауадзæм 300 сомыл. Цасфæндыдæр амалхъомтæн дзурæн ис бизнесы социалон бæрнондзинады тыххæй, фæлæ уал æй раздæр хъуыддагæй равдисын фæхъæуы. Тынг нæ фæнды бынæттон фæлхасгæнджыты аслам æмæ хæрзхъæд продукцийæ бафсадын» — бафиппайдта Габолаты Индирæ.
Ай-гъай, кæцыфæнды бизнес-проекты хуызæн бехъайнаг кæсæгты хæдзарад дæр у инвестицитæ хъуаг. Бынæттон кæсагдарджыты пъланты ис куыстад фæуæрæхдæр кæнын. РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег сын уый тыххæй æххуысæй, бæргæ, зæрдæ æвæры, кæд иуварс нæ баззаид. Уымæн æмæ проект, æцæгæйдæр у, стыр фидæн кæмæн ис, ахæм, æмæ йын министрады бæрнон кусджыты феххуыс кæнын хъæуы, цæмæй нæ фынгыл уа аслам æмæ хæрзад кæсаджы фыд.
ТОХСЫРТЫ Къоста














