Æххуысгæнджыты архайды фæрцы

0
591

 

Дзæуджыхъæуы Хольцманы микрорайоны цæрджытимæ фембæлдысты республикæйы Сæргълæууæджы æхсæнадон æххуысгæнджытæ. Сæ иу — ХЪАНТЕМЫРАТЫ Олег куыд радзырдта, афтæмæй цæрджыты тынгдæр тыхсын кæны, хæдзæртты зымæгон уазал кæй вæййы, уый. Уавæр ахæм у 47-æм скъолайы дæр. Цæрджытæ цæмæй тыхсынц, уыдæттæ раиртасыны охыл сын сæхи минæвæрттæй скодтой кусæг къорд.

Цæмæй микрорайоны хъармдæттæг хызæг банывыл кæной, уый тыххæй фæсидтысты разамынддæттæг компани «Эталон»-ы, горæты администрацийы специалисттæм, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады кусджытæм, Цæрæнуæттæм цæстдарды паддзахадон службæ æмæ 47-æм скъолайы администрацийы минæвæрттæм. Бацæттæ уал кодтой хъæугæ документтæ æмæ уый бындурыл хъуамæ хъуагдзинæдтæ аиуварс кæной.

Æхсæнадон æххуысгæнджыты иннæ къорды та бахъуыдис, Титовы уынджы æмдзæрæны цы 24 бинонтæ цæры, уыдонимæ фембæлын. Ацы бæстыхæйттæ хауынц раздæры ракетон училищæмæ, исбон у Уæрæсейы Хъахъхъæнынадон ведомствæйы. Уыдон сæ уынаффæйæ хъавынц æмдзæрæны бæстыхай райхалын æмæ цæрджытæн сæвæрдтой уырдыгæй рацæуыны домæн. 24 бинонтæ цы фæуой, уый сын нæй, уымæ гæсгæ, æхсæнадон æххуысгæнджытимæ иумæ ныффыстой куырдиат республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы номыл. Зæрдæ дарынц, уавæр исты амалæй лыггонд кæй æрцæудзæн æмæ адæм уынджы кæй нæ баззайдзысты, ууыл.

ÆХСАРАТЫ Р

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here