Кадджын ном — республикæйы Сæргълæууæджы Указæй

0
345

 

Ацы бонты Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы сфæлдыстадон балцы ис болгайраг горæт Бургасы театр «Разград»-ы аивадон разамонæг æмæ директор Богдан ПЕТКАНИН. Знон республикæйы уазæгæн фембæлд уыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславимæ

Зындгонд болгайраг режиссерæн ацы балц Цæгат Ирыстонмæ фыццаг нæу — амæй размæ дæр ма цалдæр хатты уыд нæ республикæйы. Богдан Петканинæн æнгом сфæлдыстадон бастдзинæдтæ ис Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театримæ. Уымæй уæлдай, режиссер алкæддæр цымыдисдзинад равдисы, æрмæст театралон архайдмæ нæ, фæлæ нæ республикæйы æхсæнадон цардмæ дæр.

Битарты Вячеслав уазæгæн зæрдиаг æгасцуай зæгъгæйæ, йæ раныхасы фæбæрæг кодта: «Æхсызгон нын у, ногæй Ирыстонмæ кæй сæмбæлдтæ, уый. Зонын æй, Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры сценæйыл цы спектаклтæ сæвæрдтай, уыдон аивадуарзджыты зæрдæмæ фæндаг кæй ссардтой, дзæуджыхъæуккæгтæ дын де сфæлдыстадон архайдæн стыр аргъ кæй кæнынц, уый. РЦИ-Аланийы Культурæйы министрады хъæппæрис хынцгæйæ, æз цы Указ бафыстон, уымæй дын саккаг кодтам Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæджы кадджын ном. Театралон аивады къабазы де сгуыхтдзинæдтæ æмæ Ирыстоны аивады архайджытимæ æнгом æмгуыстад æнæмæнг сты уыцы кадджын номы аккаг. Мæ зæрдæ дарын, Цæгат Ирыстонимæ де сфæлдыстадон æмæ хæлар ахастдзинæдтæ ноджы фидардæр кæй кæндзысты, ууыл».

Богдан Петканин ахæм бæрзонд хæрзиуæджы тыххæй республикæйы Сæргълæууæгæн бузныг загъта æмæ йæ фæхуыдта Уырыссаг театрмæ йæ радон спектаклы премьерæмæ.

Хъуыддаг афтæ у, æмæ ацы фæлладуадзæн бонты Евгений Вахтанговы номыл академион театры сценæйыл уыдзæн Леонид Адамовы пьесæмæ гæсгæ Богдан Петканины æвæрд спектакль «Æгъдауджын чызджытæ»-йы премьерæ. Дзæуджыхъæуккаг театры сценæйыл режиссер амæй размæ сæвæрдта ноджыдæр ма æртæ спектаклы.

Фембæлды архайдта Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры аивадон разамонæг æмæ директор Владимир Уваров дæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here