Æфстæуттæ. Донхорыггæнæн архайд. Рынчынтæм ахаст

0
509

 

«Æнæмæнг, ис закъон æмæ йæ хъуамæ æххæст кæнæм. Фæлæ ссæдз азы дæргъы нæ бон уыцы хæсты уаргъæй нæхи фервæзын кæнын нæу. Иу азæй иннæмæ хæстæ немæ æмдзу кæнынц, уымæ гæсгæ хъуамæ ссарæм уавæрæй рахизыны аккаг мадзал. Уый æрмæст Цæгат Ирыстоны хицауады нæ тыхсын кæны, ахæм зындзинæдтæ æвзарынц фылдæр регионтæ. Цы закъоны кой кæнæм, уый нын не уæнгтæ сбæтты, хъуамæ сбæрæг кæнæм, уæддæр нын уыйбæрц хæстæ цæмæн сæмбырд вæййынц, уый. Райсæм бюджетон æфстæуттæ, сбирæ вæййынц, федералон центримæ нын цы бадзырд ис, уымæ гæсгæ сæ бафидыны æмгъуыдтæ дихгонд æрцыдысты азтæм гæсгæ. Цасфæнды нæм хи æфтиæгтæ куы уа, уæддæр ныл нæ бахæцынц, уымæн æмæ сæ æфстæутты ныхмæ бафидæм», — знон Парламенты æмбырды депутат ТОХЪАЙТЫ Нох йæ хъуыдытæ загъта, федералон бюджетæй ист æфстæуттæ фидынимæ баст закъоны проекты тыххæй.

Æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ

Закъоны проект цы домы, уый тыххæй депутатты раз раныхас кодта финансты министр Бутаты Хъасболат. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй нæ республикæйæн федералон центримæ ис сæрмагонд бадзырд, уымæ гæсгæ хъуамæ фидæм хæс 7 миллиарды æмæ 693 милуан сомы. Уыцы-иу рæстæг сæ бафидыны амал кæй нæй, уымæ гæсгæ бахъæуы уæлæмхасæн бадзырд сфидар кæнын. Хъуамæ уыцы документ бафыссæм мартъийы кæрон, уымæ гæсгæ Бутайы-фырт бамбарын кодта, закъоны проект фыццаг æмæ дыккаг бакастыты райсын кæй хъæуы, уый. «Бюджетон æфстæуттæ фидыны тыххæй нын ис фараст бадзырды, хъуамæ 2019 азæй 2024 азмæ хæс хайгай бафидæм. Афтæмæй 2019 азы бафидын хъæуы йæ 5 проценты; 2020 азы — йæ 10 проценты; 2021 азæй 2024 азмæ — йæ 20 проценты», — загъта министр.

Депутат Тохъайты Нох йæ раныхасы куыд бамбарын кодта, афтæмæй иуæрдыгæй федералон центр, зæрдæлхæнæгау, бюджетон æфстау ратты, фæстæдæр та регионыл уыцы уæз куы æрæнцайы, хи фæрæзтæй йæ бафидын йæ бон куы нæ вæййы, уæд та рахизынц хайгай йæ бафидыны домæнмæ. «Уыдæттæ регионтæн пайда не сты, æххæстгæнæг хицаудзинад уыцы къæппæджы бахаудысты, сæ бон фарста карзæй сæвæрын нæу. Фæлæ ис алы æмвæзады депутаттæ, хъуамæ уыдон рæгъмæ хæссой уавæр иу хатт æмæ хуызæнæн алыг кæныны закъонæвæрынадон хъæппæристæ. Уый хауы махмæ дæр, Паддзахадон Думæйы депутаттæм, Федералон Æмбырды нын цы æрвыст лæгтæ ис, уыдонмæ дæр. Æз арæх фехъусын, сенатор Рябухин æппæт уыцы хæстæ регионтæй сфыссыны тыххæй фарста куыд февæры, уый. Хайгай сæ кæй фидæм, уый нын нæ экономикæйы рæзт уромы», — бафиппайдта депутат.

Æмбырды архайджытæ закъоны проект фыццаг æмæ дыккаг бакастыты сфидар кодтой.

Депутатты раз раныхас кодта нæ республикæйы зæххытæ донхорыггæнæн æмæ хъæууонхæдзарадон донæфсисады управленийы разамонæджы хæстæ æххæстгæнæг Тедеты Валери. Уый радзырдта, сæ куыстуат цавæр хæстæ æххæст кæны, цавæр фæрæзтæ æмæ авналæнты фæрцы, уый тыххæй. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй управленийы ис фондз дæлхайады: Æрыдойнаг, Змейкæйаг, Мæздæггаг, Горæтгæройнаг, Цæлыккаг. Республикæйы донхорыггæнæн зæххытæ ис 94,8 мин гектары, хусгæнинаг зæххытæ — 18,1 мин гектары. Управлени æмæ йæ дæлхайæдтæ лæггад кæнынц 20 донхорыггæнæн æмæ донæфсадæн æмæ иу хусгæнæн системæтæн.

Федералон паддзахадон донхорыггæнæн фонды ис 73 сæйраг къанауы, сæ дæргъ 512,1 километры. Ацы куыстуатмæ цы исбонад хауы, уый ацы азы 1 январы уыдис 1310,366 милуан сомы. Дарддæр Тедейы-фырт фæбæрæг кодта, сæ пълантæ куыд æххæст кæнынц, куыд сын æнтысынц, цавæр къуылымпыдзинæдтæ æвзарынц æмæ сæ сæрты ахизынæн цы мадзæлттæ саразын хъæуы, уыдæттæ. Фарстайы фæдыл ма раныхас кодта Парламенты аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон комитеты сæрдар Тетцойты Георги.

Депутат Дойаты Светланæ æмбырдмæ цы фарста рахаста, уый сагъæсы æмæ масты бафтыдта æмбырды архайджыты. Фыццагдæр, уый депутат Наталья Михайленкойы номæй бузныг загъта æппæтæн дæр, æнæнхъæлæджы йæ чызг куы фæзиан, уæд йæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый тыххæй. Дарддæр Дойаты Светланæ бæстон радзырдта, Натальяйы рæзгæ сывæллон йæхи æвзæр æнкъарын куы райдыдта, уæд Кировы районы æмæ Титовы уынджы 2-аг рынчындæтты цытæ бавзæрстой, уыдæттæ. «Кировы районы рынчындонмæ бахауд 12 февралы, уым, уымæй дарддæр иннæ рынчындæтты банкъардтой, нæ дохтыртæ низ раиртасынмæ цæттæ кæй не сты, иу рынчындонæй йæ иннæмæ аласын дæр стыр зындзинад кæй уыд, хуымæтæджы дохтыртæ ссарæн кæй нæ уыд, æмæ ма бирæ æндæр зæрдæриссæн хъуыддæгтæ», — Светла- нæ кæрæдзи фæдыл ранымадта, бонæй-бонмæ рынчын куыд уæззаудæр кодта, дохтырты ‘рдыгæй та уазал, куыдфæндыйы ахаст йеддæмæ кæй ницы уыдтой, уыцы цаутæ.

Депутаттæ, Дойаты Светланæ йæхæдæг, æнæрынцойæ архайдтой, дзырдтой дохтыртæм, сæ разамонджытæм, фæлæ уæддæр аккаг цæстæнгас лæвæрд не ‘рцыд. Иу рынчындонæй йæ иннæмæ куы рафыстой чызджы, уыцы уæззау уавæры, уæдæр æласын бахъуыдис йæхиуæтты, йæ зонгæты фæрцы. Æппæт уыцы æвирхъау хабæрттæ фæ- дзурæн дæр нæй, сывæллон зæфцы фыдæй амард.

«Æнæниздзинад хъахъхъæнынадæн нæм азмæ ис 9 миллиард сомы, мах бавзæрстам модернизаци, уый та сыстад 2 миллиард сомы. Йæ фæстæ — оптимизаци, централизаци… Фæлæ нæ рынчынты уавæр, цы ахаст сæм æвдисынц, уый хуыздæр нæ кæны. Онкологион низæй рынчын, фыццаг къорды инвалид, цæмæй йын операци скæной, уый тыххæй бафыста 29 мин сомы. Махмæ æрбадзырдтой телефонæй, архайын куы райдыдтам, уæд сын се ‘хца фæстæмæ радтой, фæлæ рынчыны чызгæн бауайдзæф кодтой, цæмæн, дам, дзы хъуыдис искæмæ дзурын. Мæнмæ цы бæрæггæнæнтæ ис, уыдонмæ гæсгæ нæ республикæйы рынчындæтты иу мæймæ амардис 116 — 119 адæймаджы, бонмæ — æртæ адæймаджы. Кæд раст нæ дæн, уæд мын æй зæгъут. Депутаттæм адæм арæх дзурынц сæ тыхстæй, кæд ныл адæм æууæндынц, уæд хъуамæ уыцы æууæнчы аккаг кусæм», — фæсидтис Дойаты Светланæ. Æппæт ацы æмæ æндæр фарстытæн дзуапп радта æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан. Йæ ныхасмæ гæсгæ, махмæ æппæт медицинон кусджытæ дæр фаг кæ- нынц, фæлæ сæ архайды ахадындзинад у ныллæг. Министр фæбæрæг кодта, ныридæгæн нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады уавæрæй цавæр хатдзæгтæ скодта, уыдæттæ. Зæрдæ бавæрдта, ацы æмæ æндæр ахæм цаутæ æвзæрст кæй æрцæудзысты æмæ аххосджынты кæй бафхæрдзысты, уыдæттæй.

Сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Кочиты Роберт, Алексей Мачнев, Гутнаты Аслæнбег æмæ иннæтæ.

Тедеты Дзамболат та æрныхас кодта, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн фæндаджы сæрты хизгæйæ, цы сæрмагонд бардæттæг документтæ фæагурынц, уыдоны тыххæй. Хъуыддаг лыггæнгæ у федералон æмвæзады, æмæ йæ бахæс кодтой сенатор Фадзайты Арсенæн.

Уататы Зелим дæр фæбæрæг кодта цалдæр ахсджиаг хъуыддаджы. Куыд бацамыдта, афтæмæй фæстаг рæстæг нæ сыхæгтæ арæхæй-арæхдæр рæгъмæ хæссынц сæ рагон фарстытæ, дзурынц зæххы тыххæй. Цæмæй ныхмæлæудтæ æмæ быцæутæ ма ‘рцæуа, уый тыххæй дыууæ республикæйы минæвæрттæ хъуамæ кæрæдзиимæ æмбæлой. Кæд хъæуы, уæд хицауады, депутатты, æхсæнады ‘рдыгæй. Фæлæ æппындæр мацы дзур, мацы æмбарын кæн — уый раст нæу. «Æппынфæстаг, раздæхæм 1992 азы цаутæм æмæ равзарæм, куыд æмæ цы уыди, уый. Хъусæй лæууын, æппындæр дзуапп ма дæтт, уый цы у?!», — загъта Уатайы- фырт.

Æмбырды ма равзæрстой æмæ сфидар кодтой æндæр ахсджиаг фарстытæ дæр.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here