Урс дидинджытæ — Бибойы ингæныл…

0
480

 

15 мартъийы Намысы аллейæйы Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист, Хетæгкаты Къостайы номыл æмæ Таджикистаны Рудакийы номыл паддзахадон премиты лауреат, Тæбæхсæуты Балойы номыл премийы фыццаг лауреат — Уататы Бибойы цыртдзæвæнмæ цы бирæ адæм æрæмбырд йæ райгуырды 80 азы фæдыл, уыдон ын йæ ингæныл æвæрдтой йæ уарзон урс дидинджытæ æмæ йын хъыгзæрдæйæ дзырдтой: «Рухсаг у».

Намысы аллейæмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Къубалты Эльбрус, йæ хæдивæг Дудайты Чермен, РЦИАланийы Парламенты депутат Уататы Зелим, Театралон аивады архайджыты цæдисы сæрдар Гуыбиаты Хъазыбег, Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры аивадон разамонæг Колыты Владислав, Ирон театры бирæ азты кæимæ куыста, уыдон, интеллигенци, Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театры директор Уалыты Мæдинæ, Бибойы бинонтæ, Уататы мыггаджы æмæ йæ райгуырæн хъæу Бæтæхъойыхъæуы минæвæрттæ.

Æрымысыдысты, Бибо Ирыстоны театралон æмæ киноаивадæн цы бирæ лæггæдты бацыд æмæ сæм цы стыр æвæрæн бахаста йæ бирæвæрсыг курдиат æмæ цардмæ æгæрон уарзондзинадæй, уыдон.

Фыццаг раныхас кодта йæ хæлар Дойаты Хъазыбег. Загъта, Бибо канд стыр артист кæй нæ уыд, фæлæ æхсæнадон архайæг дæр. Уымæн æмæ Ирон театрæн цы балæггад кодта, уымæй йæ хуынтæ Ирыстоны хæрзæбонæн сты фылдæр.

— Бибойы рухс ном мысгæйæ, фыццаджыдæр, зæрдыл æрлæууы йæ æгæрон уарзондзинад Ирыстонмæ, цардмæ, аивадмæ, адæммæ. Культурæйы министрæй кусгæйæ, йæ бон цæмæйдæриддæр уыд, уымæй лæггад кодта адæмæн. Йемæ зонгæ кæй уыдтæн, уымæй дæн уæлдай амондджындæр. Æз никуы федтон Бибойы мæстджынæй, маст та-иу дзы куыд нæ бацыд. Зæрдæ абон дæр нæ комы, не ‘хсæн кæй нал ис, ууыл сразы уæвын. Фынфенæгау у раст, — загъта Къубалты Эльбрус. Номарæн æмбырды раныхас кодта Гуыбиаты Хъазыбег:

— Бибойы ном мысгæйæ, мæ зæрдыл æппынæдзух æрлæууы иу диссаджы цау. Æрыгонæй Ташкенты уыдтæн, æмæ мæ уым киностудимæ фæхуыдта, базонгæ мæ кодта бынæттон кусджытимæ, мæнмæ цы зæрдæ дарут, ацы лæппумæ дæр уыцы зæрдæ дарут, зæгъгæ. Фæлæ уый сæйраг нæ уыд. Уынгмæ куы рахызтыстæм, уæд нæ алыварс цы адæм цыдысты, уыдониу, сæ æнкъарæнтæ нæ уромгæйæ Бибойыл атыхстысты, кодтой йыл цинтæ, йæ къухтæн пъатæ. Суанг ма-иу машинæтæ дæр сæ цыдæй æрлæууыдысты. Уый мæнмæ стыр диссаг фæкаст. Фыццаг, уый фенгæйæ, фæтарстæн, кæд, зæгъын, мыййаг, исты æрцыд. Йæ мæлæты размæ уыдыстæм Тбилисы, æмæ уым дæр адæм сæ ахастдзинад Бибомæ æвдыстой уыцы хуызы. Афтæ уыд Душанбейы, Бакуйы, нæхи кой нал кæнæм. Кæмдæриддæр уыдис, алкæмдæр уыд адæмы уарзон. Бузныг Уататы мыггагæн, Бæтæхъойыхъæуæн, Ирыстонæн, ахæм хъæбул кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.

Йæ ингæны раз ма раныхас кодтой Ирон театры аивадон разамонæг, РЦИАланийы адæмон артист Колыты Владислав, Ирон театры артисткæ Рæмонаты Ритæ. Мадзалы архайджытæн бузныг загъта РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Уататы Зелим.

Номарæн мадзæлттæ дарддæр цыдысты Ирон театры бæстыхайы. Театры фæзы æнæрынцойæ Радиотеатры руаджы хъуыстис Бибойы хъæлæс. Боны дæргъы театры рæзты цæуджытæ æмæ, йæ уд кæмæн снывонд кодта, уыцы театрдзауты рæвдыдта йæ фæлмæн ныхас, йæ зарджытæ, йæ ролты монологтæй. Дыккаг уæладзыджы та нæ республикæйы Театралон аивады музейы кусджыты æххуысæй байгом равдыст Бибойы ном мысынæн. Уарзон артист къамтæй каст алы фæлгонцтæй, æмæ театрдзауты раз сног сты, цы спектаклты архайдта, уыдон.

Уыцы изæр Ирон театры къухбакæнæн дæр нæ уыд. Театрдзаутæ æрбацыдысты, Бибойы 80 азы бонмæ Ирон театр цы спектакль сæвæрдта «Чермен», уымæ бакæсынмæ. Кæддæр дардыл цы Бибо-Чермены кой хъуыст, уыцы фæлгонц бирæ азты фæстæ ныр театрдзауы размæ рахаста РЦИАланийы сгуыхт артист Битарты Алыксандр.

Кæронбæттæны тыхджын къухæмдзæгъды фæстæ сценæйы фæзынд экран, æмæ дзы равдыстой нæхи Бобойы цардæй ист цыбыр видеоæрмæг. Адæм лæугæйæ æмдзæгъд кодтой Ирон театры легендæ Бибойæн, сæ уымæл рустыл сæ цæссыгтæ сæрфгæйæ. Артисттæ йæ къамы бынмæ æвæрдтой дидинджытæ. Дзанайты Ольгæйы зарæггæнджыты къорд та азарыд, Дзытиаты Лактемыр, Бибойы рухс ном мысгæйæ, цы зарæг ныффыста, уый. Музыкæйы автор у Ходы Олег.

Мыггаджы номæй сценæйæ раныхас кодта Уататы Зелим. Бузныг загъта театры аивадон разамонæг Колыты Владиславæн, театры артисттæн, зарæггæнджыты къордæн, театрдзаутæн æмæ, сыхаг республикæтæй цы уазджытæ æрбацыд, уыдонæн.

— Хуыцау зæгъæд, цæмæй уын Уататæ уæ кæстæрты циндзинæдты лæггад кæной. Бибойы хуызæн лæгтæй та Ирыстон цух макуы уæд! — Абоны мадзалæн стыр нысаниуæг ис. Бибо уыд нæ иумæйаг стъалы æмæ йæ ацыдыл хъыг дæр иумæ кæнæм, кæрæдзимæ хæстæгдæр æрбалæугæйæ. Бузныг зæгъын, ацы номарæн изæр чи сарæзта, уыдонæн. Нæ зæрдыл Бибойы руаджы æрлæууыдысты нæ историон цаутæ, лæгдзинад, — загъта Уалыты Мæдинæ æмæ Ирон театрæн балæвар кодта Гæбæраты Барисы конд ныв «Цъон».

— Бибо уыдис, ис æмæ уыдзæн нæ алкæй зæрдæйы дæр, — загъта кæронбæттæны Колыты Владислав.

 ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here