Арфæтæ æмæ хæрзиуджытæ — курдиатджын артисттæн

0
307

 

«Бæргæ, ацы фембæлд нын театралон залы куы рауадаид, уый нæхи дæр фæндыд, фæлæ алыхатт, æвæццæгæн, фадæттæ иухуызон нæ рауайынц. Æхсызгон нын у, ам кæй сæмбæлдыстут, уый. Театры дунеон бон дзæгъæл хуымæтæджы нæ бæрæг кæнынц, æрдæбон ТУСКЪАТЫ Таймуразимæ дæр ууыл дзырдтам, ома, театралон æнкъарæнтæ æндæртимæ абарæн нæй. Бирæ зындгонд фысджытæ, æхсæнадон архайджытæ сæ хъуыдытæ дзырдтой театры тыххæй, ома, театр цы у, уымæй — цард. Рæстæг цæуы, сценæмæ та рахæссынц царды фæзындтытæ, иутæ сæм иу къуымæй акæсынц, иннæтæ — иннæ бæрзæндæй», — знон нæ республикæйы Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ æхсызгонæй сæмбæлд Цæгат Ирыстоны театрты артисттыл, арфæ сын ракодта Театры дунеон боны фæдыл.

Фембæлд уыд Хицауады хæдзары, Алексей Мачневимæ дзы архайдта РЦИАланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз. Парламенты Сæрдар куыд бафиппайдта, афтæмæй советон киноныв «Москва слезам не верит»-ы иу архайæг дзырдта, ома, ахæм дуг скæндзæн, æмæ телеуынынад алцыдæр бацахсдзæн, ницыуал уыдзæн уымæй уæлдай. Суанг, дам, театр дæр… Фæлæ йæ хъуыды рæдыд рауад, уымæн æмæ театр у æнусон, абарæн æй ис æрмæст музыкæимæ. Æнæ уыдонæй нæ цард уаид тынг фæлурс. «Уæ фæллой у æгæрон, алы рол дæр уын уæ тыхтæ бахæры, мах фæкæсæм сценæмæ, цы сурæттæ сфæлдисут, уыдон нын нæ зæрдæтæ фæагайынц. Сымах та алы ролы дæр хъазгæ нæ кæнут, фæлæ уыцы хъæбатыры цардæй фæцæрут. Ис уæм курдиат, Хуыцауæй лæвæрд уын у, мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстдзинæдтæ, уæ хъуыддæгтæ рæстмæ уæнт», — загъта Алексей Мачнев.

Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз алы бон æгасцуай загъта фембæлды архайджытæн, куыд бафиппайдта, афтæмæй аивад нывæзт у, дзыллæтæ æнусты дæргъы цы зонындзинæдтæ фембырд кодтой, уыцы егъау хæзнатæй. «Уырдæм ахæсгæ сты, хорз æмæ æвзæр цы у, уый тыххæй зонындзинæдтæ, алыхуызон адæмты æмæ цивилизациты истори. Ахæм хæзнаты уаргъ та кæддæриддæр æнусæй-æнусмæ лæвæрд цæуы, нæй йын фесæфæн, æрмæстдæр æй ис фæхъæздыгдæр кæнæн. Артист сценæмæ куы рацæуы, уæд хуымæтæджы йæ хæс не ‘ххæст кæны, фæлæ æнустæй цæуæг историйы, дуджы хай свæййы», — бафиппайдта Хицауады Сæрдар.

Тускъаты Таймуразы ныхасмæ гæсгæ, театрдзау сценæмæ кæсгæйæ кæддæриддæр бафты æнкъарæнты, зонды зилдухы, фидардæр кæны йæ удварн, культурон хъуыдыкæнынад. Театр æвдисы, нæхæдæг цавæр стæм, цæмæ тырнæм, хæзнатыл цы нымайæм, уыдæттæ. Цы æнтыстдзинæдтæ нæм ис, уыдон сты нудæсæм, ссæдзæм æнусты цы культурон размæ къахдзæф бафтыд къухы, уый фæстиуджытæ. «Ацы аз ма Театры аз дæр у, хъуамæ æркæсæм нæ рæбыны цы ис, уымæ, цæмæйты ма фæхъомысджындæр кæнæм аивады ацы къабаз — уыдæттæй нæхицæн хатдзæгтæ скæнæм. Бирæ алыхуызон программæтæ æмæ проекттæ арæзт цæуынц царды, фæлæ ма цæмæйты балæууæм театрты цур, уый ис», — фæнысан кодта ныхасгæнæг.

Куыд бамбарын кодта, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр хъавыд ацы фембæлдмæ æрбацæуын, арфæйы ныхæстæ зæгъын, фæлæ йын фадат нæ фæцис. «Битарты Вячеславы Арфæйы фыстæг дæттын культурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Къубалты Эльбрусмæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы хæрзтæ, сфæлдыстадон уæлахизтæ, сабыр æмæ фæрнæйдзаг цард», — загъта Тускъаты Таймураз.

Республикæйы театралон аивадмæ бавæрæны тыххæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артисты ном лæвæрд æрцыд Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры артисттæ Битарты Алыксандр æмæ Хæмыхъоты Дзембатæн. Бæрзонд дæсныйады æууæлты тыххæй Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисты ном лæвæрд æрцыд Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры артисттæ Бестауты Зоя, Бестауты Эльмирæ, Никитæ Верзилин, Григорий Кубашовæн, Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры артисттæ Дзанайты Эльбрус, Сугъаты Хъазыбег, Цæрикъаты Римæ æмæ Адæмты хæлардзинады республикон хæдзары раззагдæр методист Хъæбæлоты Русланæн.

Театралон аивады æнтыстджын архайды тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Кады грамотæйæ хорзæхджынгонд æрцыдысты театр «Саби»-йы артисттæ Гуыдиаты Марат, Дзгойты Марат, бæхты театр «Нартæ»-йы артисттæ Сланты Ацæмæз, Пагæты Алыксандр, Къелойты Мая, Дзагуырты Арсен æмæ Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры артисткæ Малхъарты Эльзæ.

Нæ республикæйы Парламенты Кады грамотæтæ театралон аивадмæ бавæрæны тыххæй, лæвæрд æрцыдысты Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры артист Джаджиты Виктор æмæ театры аивадон разамонæджы æххуысгæнæг Елойты Зарæйæн. Иу хатт ма Тускъаты Таймураз æмæ Алексей Мачнев арфæтæ ракодтой театралон архайджытæн, уый фæстæ систой зæрдылдарæн къам.

БУТАТЫ Эльзæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here