Адæймаг, æхсæнад, дзыллон мыхуыры фæрæзтæ… Уыдон сты кæрæдзиимæ, цæгтау, æнгом баст. Сæ фæрцы, царды айдæнмæ кæсæгау, фенæм æмæ базонæм дугты, рæстæджыты уагахаст. Цардархайды къабæзтæ: наукæ, политикæ, экономикæ, ахуырад, культурæ, хъæууон хæдзарад, промышленност адæмы царды иумæйаг хорзæхыл куыд зындысты, зынынц, сæ рæзтæн цы гæнæнтæ æмæ фадæттæ уыдзæн фидæны, уый та æвдисынц се ‘рмæджыты журналисттæ. Бетъырбухы паддзахадон университеты дунеон журналистикæйы кафедрæйы профессор, УФ-йы æрдззонæн академийы уæнг-уацхæссæг, филологон наукæты доктор ТАХЪАЗТЫ Валери æрæджы уыд газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы уазæг. Æхсæнады цард, зонад, журналистикæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы абоны уавæрыл йемæ ныхас кæны газеты хистæр уацхæссæг ГАСАНТЫ Валери:
— Журналистикæ дæ царды сæйрагдæр нысанæн цæмæ гæсгæ равзæрстай?
— Лескены астæуккаг скъолайы куы ахуыр кодтон, уæд нын иуахæмы фембæлд уыд хъæбатыр хæстон, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Хъараты Мæхæмæты хоимæ (йæ ном ын нал хъуыды кæнын). Уый тохы быдыры цы лæгдзинад равдыста, уый тыххæй йæ бавдыстой Советон Цæдисы Хъæбатыры Сыгъзæрин Стъалымæ, фæлæ йæ цавæрдæр æбæлвырд аххосæгтæм гæсгæ нæ райста. Йæ хо нын фембæлды рæстæг цы фæдзырдта, уыдон мæ зæрдæйы афтæ арф ныххызтысты, æмæ мæ бафæндыд мæ хъуыдытæ гæххæтмæ рахæссын. Куы сæ ныффыстон, уæд сæ равдыстон нæ къласы разамонæг Цориты Темболаты чызг Алетæмæ. Уый сæ куы бакаст, уæд загъта, цæмæй мæ фыст ахæссон районы газет «Ленинон»-ы (ныр хуыйны «Ирæф») редакцимæ. Мæ зондамонæджы коммæ бакастæн, редакцимæ мæ фыстытæ бахастон, цалдæр боны фæстæ нæ фембæлды тыххæй мæ чысыл уац рацыд. Уæдæй фæстæмæ мæ уацхъуыдтæ нæ хъæуы цард æмæ фæзминаг адæймæгты тыххæй цæуын райдыдтой мыхуыры. Суанг ма мын редакцийы кусджытæ сæхæдæг бæлвырд темæтыл æрмæг бацæттæ кæныны тыххæй сæрмагонд хæслæвæрдтæ дæр кодтой. Уый фæрцы æз хуыздæр базыдтон, мæ хъæу Лескены колхозы фæллойгæнджыты хъазуатон куыст куыд цыд, хæдзарад паддзахады раз йæ хæстæ куыд æххæст кæны, уый. Суанг ма-иу быдырмæ, бригадæтæм дæр ацыдтæн æрмæг фыссынмæ. Газеты-иу мæ уацхъуыды бынмæ мæ мыггаг куы бакастæн, уæд-иу мын уыд тынг æхсызгон. Уымæй уæлдай ма мын мæ фыды куы фарстой, уый чи у, зæгъгæ, уæд сын уый фырнымд, фæлæ сæрыстырдзинады равгимæ, мæ фырт, зæгъгæ, дзырдта. Уæд бамбæрстон, журналистикæ диссаджы дæсныйад кæй у, æмæ дзы æнтыстджынæй, зæрдиагæй сфæлдыстадон куыст кæнæн кæй ис, уый. Фæлæ районы газетмæ цы æрмæджытæ фыстон, уыдон, афтæ зæгъон, æмæ мын сæ алкæцыдæр мыхуыр кодтой, уæд раст нæ уыдзынæн. Фæлæ ме ‘рмæг газеты кæй нæ рацæудзæн, уый тыххæй дæр мæм-иу редакцийæ хъæумæ фыстæг куы сæрвыстой, уæддæр мын тынг æхсызгон уыд. Зæгъын хъæуы, æмæ бирæ фыстон. Уæды рæстæджы уыдтæн Ирыстоны æппæты æрыгондæр уацхæссæг. Мæ фæсномыгтæ та уыдысты «Æригон» (ныр афтæ мæ къух æвæрын ме студентты фæлварæнты документты) æмæ «Тазретти». Студент куы сдæн, уæд та фыссын райдыдтон газет «Рæстдзинад»-мæ.
— Журналист хъуамæ уа объективон цæстæнгас æмæ рæстаг хъуыдытыл хæст, фæлæ ныртæккæ цыма дзыллон мыхуыры фæрæзты рæстдзинад тæссаг уавæры бахауд, афтæ дæм нæ кæсы?
— Советон Цæдис куы фехæлд, капитализмы дуг куы ралæууыд, уæд нæ журналисттæм фæзынд, амæй размæ æрмæстдæр фæсарæнты дзыллон мыхуыры фæрæзты кусджытæн цы куысты хæрзиуæг уыд зонгæ, уый, ног хабар æвæстиатæй фыссын, мыхуыр кæнын, хъусын кæнын. Уый иуæрдыгæй хорз у, иннæмæй та — æвзæр. Фæлæ ахæм куысты уагæй «æвзæр» дзурынц æрмæстдæр Хæдбар Паддзахæдты Цæдисы бæстæты. Уый дзурæг у нырма советон цардарæзты æндæвдадыл.
Фæсарæнты та æндæр у уавæр, уым дзыллон хабархæссæг фæрæзты ‘хсæн цæуы конкуренци. Æмæ, фылдæр кæмæ кæсынц, хъусынц, кæй кæсынц, уыцы дзыллон мыхуыры фæрæз у «уæлахиздзау». Уым алцыдæр уæййаг кæй у, уымæ гæсгæ æвæстиатæй архайын уыдонæн хорз у, цас тагъддæр мыхуыры рацæуа уацхъуыд, хабар, кæнæ æндæр æрмæг, уыйас æй цымыдисагдæрæй кæсынц адæм. Кæд фæразæй дæ, уæд дæ уæлахиздзау! Мах та нæ бæстæйы нæма схызтыстæм, журналистикæйæ цæмæй æхца кусæм, уыцы æмвæзадмæ. Фæсарæнты худинаг нæу бафæрсын: «Цас у дæ аргъ?» Цы æрцыд нæ бæстæйы журналистикæйы? Раст зæгъын хъæуы, советон дуджы дзырдæн йæ тых, йæ ахадындзинад фылдæр уыд. Ныр та æрцыд къæссавæлдæхт: куыд хицаудзинады, афтæ экономикæйы дæр. Ныртæккæ кæд æвастдзинады æмæ рæстаг хъуыдыйы ‘хсæн ис «быцæу», уæддæр рæстдзинад уæлахиз кæны. Раздæр, советон цардарæзты рæстæг, уыд цензурæ, фæлæ уæддæр фылдæр гæнæнтæ уыд рæстдзинад зæгъынæн, куыстуæтты хицæуттæ, организациты разамонджытæ аргъ кодтой газетты дзырдæн, уыд æфсарм дæр æмæ тасдзинад дæр. Хъуыды йæ кæнын, иуахæмы хъуамæ æрмæг ныффыстаин нæ заводтæй иуы архайды тыххæй. Заводы разамынд-иу куы базыдтой, уацхæссæг сæм æрцæудзæн, уый, уæд мæй раздæр сæхи бацæттæ кодтой йе ‘рбацыдмæ.
— Журналист алы темæйыл дæр куы фысса, куы дзура, уæд æй уый хъыгдаргæ кæны, æви йын æххуыс у?
— Æрæджы ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты студенттæн кастæн лекци. Мæ ныхасы уыд ахæм хъуыды, ныртæккæ не ‘мсис хæлæртты хъысмæт ахæм у, æмæ уый хъуамæ уа журналист дæр æмæ тракторист, дохтыр æмæ тынуафæг дæр. Редакцимæ кусынмæ æрбацыдтæ, уæд хъуамæ æххæст кæнай йæ разамынды æппæт хæслæвæрдтæ дæр. Уый мидæг ис журналисты алывæрсыгад. Уæрæсейы журналист хъуамæ зона, уа арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæдты хицау. Зæгъæм, Швецийы, кæнæ Германы афтæ нæу. Уым цардархайды алы фарстæн дæр редакцийы кусджытæй алчидæр хицæнæй дзуапп дæтты. Фæлæ, кæд зондджын дæ, ис дын ном, уæд дын ис кад æмæ аргъ дæр. Дæ бон у газеты редакцийы размæ дæхи домæнтæ æвæрын. Уæд агурдзысты газет дæ фыст æрмæджытимæ дæр. Æмæ æхца кусдзынæ. Зæгъæм, политиктæ трибунæйæ куы ныхас кæной, се ‘хсæн журналист куы уа, уæд уымæн йæ хъуыдыкæнынад уыдзæн арфдæр, йæ зонд — кæрдагдæр. — Æхсæнады ныртæккæ ис, Интернет мыхуыр æмæ телеуынынад йæ аууон кæй бакæндзæн, ахæм ныхас. Ды та куыд хъуыды кæныс, уыдзæн афтæ? — Æнæмæнг, афтæ у. Ныртæккæ социалон хызты ныхмæ журналистикæйæн зын фæлæууæн у. Блогертæ кæй хонынц, уыдон, æнцад сæ хæдзары бадгæйæ, алыхуызы æрмæг социалон хызты æвæргæйæ, фылдæр æхца кусынц журналисттæй. Ныртæккæ уыдоны æрмæджытыл фылдæр æууæндынц адæм. Абон æппæт дунейы дæр сæйрагдæр цæстæнгас здæхт цæуы фæсивæдмæ. Уыдон сты размæцыддæр, активондæр, журналтæ æмæ газеттæ чи кæсы, уыцы кардзыд адæмæй. Уымæ гæсгæ фылдæр информаци ис Интернеты социалон хызты. Сæрмагондæй ма зæгъдзынæн газетты тыххæй. 1992 азы уыд социалон иртасæнтæ, уыдоны фыстой: газет кæддæр — уæддæр амæлдзæн. Бирæ газеттæ æрцыдысты æхгæд, фæлæ ма абон цы газеттæ ис, уыдон та цæрынц субсидиты фæрцы.
— Журналистикæйæ наукон куыстмæ та де ‘ргом куыд аздæхтай?
— Раздæр мæ фæндыд мæ хъарутæ æрмæстдæр практикон журналистикæйы æвдисын. Наукæмæ цæуын мæ хъуыдыйы дæр никуы уыд. Фæлæ, Ленинграды паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты ахуыр кæнгæйæ (газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барисимæ иумæ ахуыр кодтам), бæлвырддæр та, ацы факультет каст куы фæдæн, уæд ме ‘мкурсон Хозиты Барисимæ ныхасы, нæ иннæ æмбал Сабир Мамедов нын загъта, кæй ис фадат аспирантурæмæ бацæуынæн. Ирыстонмæ куы ссыдыстæм, уæд нын, аспирантурæмæ цавæр гæххæттытæ хъуыд, уыдон бацæттæ кодтой. Уыцы хъуыддаджы ныл цæстуарзонæй аудыдта æмæ нын стыр хæрзты бацыд Галазты Æхсарбег. Куыд фæстæмæ мæ наукон архайды ме ‘ргом фылдæр здæхтон дунеон политикæйы фарстытæм, стæй Хæдбар Паддзахæдты Цæдисы бæстæтæм. Гæнæн ис, æмæ ног азы райдайæны рухс фена мæ ног фыст монографи «Информацийы дзыллон фæрæзты нырыккон уавæр Хæдбар Паддзахæдты Цæдисы бæстæты». Уыцы политикон ауæдз мын ме ‘ргом аздахын кодта дунеон ахуырадон программæтæм дæр. Алы бæстæты уæвгæйæ, канд ацы фарстытæ хынцыныл нæ архайдтон, фæлæ ма наукон архайд дæр кодтон, фыстон. Журналистикæйæн æнæ политикæ уæвæн нæй. Ныртæккæ фыст фæдæн ног чиныг «Информацийы дзыллон фæрæзты нырыккон уавæр æмæ сæ рæзты гæнæнтæ». Ныридæгæн æй радтон типографимæ. Рох мæ нæу мæ докторон диссертаци цы темæйыл фыст уыд, уый дæр «Журналистикæ æмæ литературон процесс Ирыстоны». Мæ наукон куыстыты æхсæн ис, нырма мыхуыргонд чи нæма уыд, ахæмтæ дæр. Ныртæккæ ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Тедтойты Зинаидæ кусы ахуыргæнæн чиныг «Ирыстоны журналистикæйы истори» саразыныл. Ныридæгæн дзы мыхуыры рацыд иу том. Дыккаг лæвæрд у типографимæ. Ныртæккæ национ республикæты ахæм хуызы ахуыргæнæн чингуытæ стæм хатт фæзыны. Уымæ гæсгæ стыр бузныг дæн, зындгонд ахуыргонд, рухстауæг, Ирыстоны журналистты бирæ фæлтæртæ схъомылгæнæг, чиныджы зонадон редактор Мæхæмæтты Ахуырбегæй. Æз бирæ республикæты вæййын, æмæ, уыдонимæ абаргæйæ, ахæм чингуытæ уадзыны хъуыддаг махмæ, зæгъæн куыд нæй, афтæ хорз, бæрзонд æмвæзадыл æвæрд у.
— Дæ царды æмæ зонадон архайды дын рухс фæндагамонæг уыдис филологон наукæты доктор, æхсæнадон архайæг, журналистикæйы къабазы ирæттæй фыццагдæр профессоры ном чи райста, уый — Булацаты Хазби. Цавæр адæймагæй баззад дæ зæрдæйы?
— Бетъырбухы паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты бирæ ахуыргæндтæ куыста, фæлæ дзы иууыл арæхдæр кæй æрымысынц, уыдонæй ахæм кад æрхауд æрмæстдæр Булацаты Хазбимæ. Мах ацы университетмæ куы цыдыстæм Хозиты Барисимæ, уæд æй нæма зыдтам. Уый уыдис алцæмæй дæр: æгъдау, æфсарм, зонд æмæ уды хæрзтæй, йæ алыварс чи уыд, уыцы адæммæ хæстæг. Никуы йæ федтон мæстджынæй, æлхынцъæрфыгæй. Йæ уæздан мидбылхудт, йæ рухсхæссæг фæлгонц мæ абон дæр нæ рох кæнынц. Нæ факультеты бирæ адæмыхæттытæ ахуыр кодтой, æмæ се ‘ппæтмæ дæр Хазби каст фыды цæстæй. Ныртæккæ йæ номыл æрвылаз дæр арæзт цæуынц наукон конференцитæ. Алцыдæр æнкъардта зæрдæйæ, уæлдайдæр та йæ зæрдæ рыст, рæстдзинады ныхмæ-иу исчи куы цыд, уæд. Ныртæккæ дæр Интернеты хызты, æндæр информацион фæрæзты Хазбийы тыххæй æрмæг куы фæзыны (йе йæ раздæры студенттæ фæсарæнтæй, йе нæхи бæстæйæ, уæлдай нæу), нæ университеты студенттæ уыцы æрмæг арæх фæкæсынц, стæй йын йæ зонадон фæллæйттæй пайда кæнынц стыр æхсызгонæй. Иу хатт ма йæ зæгъын: ахæм кады аккаг бирæ зындгонд ахуыргæндтæ не свæййынц. Хазби та йæ цыбыр царды лæгау лæгæй фæцард, æмæ йын йæ амæлæты фæстæ дæр йæ ном мысынц æхсызгонæй, рухс зæрдæйы уагимæ. Хорз æй хъуыды кæнын, цардæй куы ахицæн, йæ фæстаг фæндагыл æй куы æрвыстам, уæд Дзæуджыхъæумæ сæ зынаргъ ахуыргæнæгæн, æмкусæгæн, зындгонд ахуыргондæн, йæ адæмы æцæг патриотæн фæстаг æгъдау раттынмæ цас зындгонд адæм ссыд Ленинградæй, Мæскуыйæ æмæ æндæр горæттæй. Хазбийы кадæй мах, йæ раздæры студенттæ, абон дæр стæм ныфсджын æмæ разæнгард царды æмæ куысты. Йæ зианы бон уыцы дзыллæйы æхсæн раныхас кодта йæ ахуыргæнæг, уырыссаг журналистикæйы патриарх, Алексей Бережной. Уый, Бетъырбухы Хазбийы табæты уæлхъус дзургæйæ, цæссыг калгæйæ дзырдта, Хазби, зæгъы, канд ме студент нæ уыд, фæлæ ма мæ хорз æмбал дæр. Æцæг ирон уæздан лæг Булацаты Хазбийæн ма йæ ахæрæты фæндагыл æрвитгæйæ рæсугъд æгъдау радтой Ленинграды паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты номдзыд ахуыргæндтæ Петр Карасев, Эдуард Летенков. Хазбимæ кæсгæйæ, адæймагмæ цыд цæрын æмæ адæмæн æрмæстдæр хорзы цæуын. Æвæццæгæн, ахæм хорз адæм уыцы бæстæйы дæр хъæуынц…
— Булацаты Хазби ныффыста монографион чиныг Ирыстоны номдзыд рухстауæг, Къостайы биограф, революционер, публицист, журналист Дзасохты Гигойы тыххæй. Уыцы куыст уыд фыццаг номдзыд рухстауæгыл. Фæлæ, цæмæй нæхимæ Ирыстоны хицæн чиныгæй рацæуа, уый тыххæй йæ бахъуыд уæды рæстæджы республикæйы партийы обкомы разамындимæ тох кæнын. Чиныгæн рауагъдадмæ йæ фæндаг се ‘нцонтæй нæ уыд. Уый афтæ кæй уыд æцæгæй, уый тыххæй ис бæлвырд æрмæджытæ?
— Уыцы рæстæг ахæм чиныг рауадзын стыр горæты зын уыд. Хазби та йæ монографи æрласта Ирыстонмæ, фæндыд æй, цæмæй Ирыстоны иузæрдион хъæбул Дзасохты Гигойы тыххæй Дзæуджыхъæуы рацæуа. Фæлæ бынтон афтæ нæ рауад. Йæ монографи афоныл кæй нæ рацыд, уый уыд уый аххосæй, æмæ йын республикæйы разамынд, интеллигенцийы минæвæрттæ хæлæг кодтой йæ зондмæ, йæ зæрдæйы хорзæхтæм. Йæ адзалыл рæстæгæй раздæр кæй сæмбæлд, уыцы хабар дæр уыд уый æвдисæн. Ацы хъуыдытæ æз уый тыххæй нæ зæгъын æмæ мæ адæмы нæ уарзын. Нæ! Фæлæ мæ фæнды, цæмæй, нæ уды æмæ зæрдæйы, зонды уыцы æппæрццæг миниуджытæ фесафæм, уымæн æмæ нын хæссынц сусæг-æргом знаггад. Уыцы знаггадхæссæг миниуджытæй куынæ фервæзæм, уæд нæ фидæн уыдзæн æгъуыз, æбæрæг. Дарддæр афтæ куы уа, уæд не ‘взаг, нæ культурæ, æгъдау нал зондзыстæм. Фæлæ ма мысдзыстæм, кæддæр нæ фыдæлтæ цы кад æмæ радыл цæрæг уыдысты, уый.
— Валери, нæ Иры номдзыд хъæбул Къостайы цард æмæ сфæлдыстадон фæндагæн, йе сфæлдыстадон æмæ граждайнаг сгуыхтæн та цавæр аргъ кæныс?
— Къоста гени кæй уыд, уый амонын, мæнмæ гæсгæ, никæмæн хъæуы. Фæлæ йæ цæмæй хуыздæр зонæм, уый тыххæй йын æрмæстдæр йе сфæлдыстадмæ кæс, уый раст нæу. Уымæн æмæ генитæ сæ зæххон царды мах хуызæн не сты. Къоста дæр уыд ахæм. Мæнмæ гæсгæ, уый, куыд адæймаг, æнкъараг зæрдæйы хицау, йе ‘мдзæвгæтæй, прозаикон, публицистон, драмон уацмыстæй уæлдай, иууыл хуыздæр æвдыст æрцыд йæхи æмæ йæм йæ хæлæрттæ, зонгæтæ, æмхъуыдыгæнджытæ цы фыстæджытæ фыстой, стæй, йæхæдæг цы писмотæ фыста, уыдонæй. Хъæуы сæ лæмбынæг кæсын, ахуыр сæ кæнын, фæсивæды цæстæнгас сæм здахын. Уыдоны фæрцы нæ бон бауыдзæн канд генион поэтæн йæхимæ нæ, фæлæ, йæ алыварс цы адæм уыд (уæлдайдæр Байаты Гаппо, Джиоты Пора), уыдоны цардмæ æмæ рухстауæн архайдмæ цæстæнгас, хъуыды фæхуыздæр, нæхицæн ирддæрæй сын сæ фæлгонцтæ æнусты фæлмæй разынын кæнын. Мæнмæ гæсгæ, ирон литературæйы цы уацмыстæ уыд æмæ ис, уыдоны дæр, нæ фысджыты царды хабæрттимæ иумæ, сбæлвырд кæнын, æмæ фæсивæды ахуыр кæнын.
— Нæ литературæйы, наукæйы æнувыд зиууæтты тыххæй, сæрмагондæй Джусойты Нафи æмæ Джыккайты Шамил ирон адæмæн цы хæрзты бацыдысты, уый тыххæй та цы хъуыды кæныс?
— Джыккайты Шамил уыд йæ дзыллæйы иузæрдион хъæбул. Зондджын, фендджын, уæздан, хæрзæгъдау, бæрзонд монон культурæйы хицау. Нæ цæстæнгастæ царды фарстытæм уыдысты алыхуызон, хаттгай-иу йемæ хъуыддаджы быцæу-ныхас дæр кодтон. Фæлæ йæ зонадон, сгуыхт, йе сфæлдыстадон æнтыстытæ, уæлдайдæр драматургийы йын цы бантыст, уыдонæн кæддæриддæр кæндзынæн стыр аргъ. Мæнмæ гæсгæ, йæ адзал ахæм æвирхъау хуызы кæй рауад, уый дæр дзурæг у, мах нæ хуыздæртæн аккаг аргъ кæй никуы кодтам, кæй сæ нæ хъахъхъæдтам, сæ зонд нын сенæн кæй нæу, уыцы æппæрццæг миниуджытыл.
Джусойты Нафи уыдис тынг цымыдисаг æмныхасгæнæг. Царды, наукæйы, литературæйы вазыгджын фарстытыл дзырдта кæддæриддæр хуымæтæг æвзагæй, уыцы хуызы сæ æмбарын дæр кодта. Йæ прозаикон уацмыстæй мæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæцыд чиныг «Дæттæ рæстмæ нæ кæлынц». Нафи уыд бирæвæрсыг зонындзинæдты æмæ курдиаты хицау. Йæ наукон сгуыхтыты стырдæр æмæ ахадгæдæр, мæнмæ гæсгæ, у «Ирон литературæйы истори» (дыууæ томæй), ацы куыстæй Нафи йæхицæн йæ цардæгасæй самадта удæгас цыртдзæвæн. Уыцы хъуыды йын йæхицæн дæр загътон. Нафийы æз абарин æвзагзонынады пехуымпар Абайты Васоимæ. Уый æмсæр сты йе сгуыхтытæ нæ дзыллæйы раз. Акæсæм-ма, йæ зонадон, литературон куыстытæ кæуылты æмæ цæй бæрц сты, уымæ! Æз раздæр дæр æмæ ныр дæр дис кæнын, куыд бантыст иу лæгæн уый бæрц ныффыссын. Уый у стыр лæгдзинад æмæ сгуыхт. Нафи уыд лæгдзинадæй, цæстуарзондзинадæй æххæст, ахæмæй баззад мæ зæрдæйы.
— Дæ хæстæ Бетъырбухы паддзахадон университеты æмæ Хъырымы цавæр сты ныридæгæн?
— Бетъырбухыы паддзахадон университет у, ахуыр кæм кодтон, æнтыстджынæй каст кæй фæдæн, уыцы артдзæст. Уымæй уæлдай ма дзы куыстон дунеон журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæгæй. Æхсæз азы та уыдтæн журналистикæйы факультеты деканы хæдивæг. Мæ наукон, административон архайд Хæдбар Паддзахæдты Цæдисы бæстæтимæ баст кæй у, уый мын радта фадат Хъырымы кусынæн дæр. Йæ рæстæджы горæт Симферополы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг куы уыдтæн, уæд дзы байгом кодтон, автономон, коммерцион чи нæу, ахæм организаци — Журналистикæйы академи. Ныртæккæ уый æнтыстджынæй кусы. Хъырымы кæддæриддæр мæхи æнкъардтон, куыд райгуырæн уæзæгыл цæрæг, афтæ. Уæвгæ дзы бирæ ис нæ фыдæлтæ-алантимæ баст историон, зæрдылдарæн бынæттæ дæр.
— Цавæрæй уыныс нæ адæмы иумæйаг фидæн?
— Ныртæккæ нæ республикæйы сæргъы лæууы Битарты Вячеслав. Йæ рæстæджы стыр куыстуат чи сарæзта, хи амалхъомад чи райрæзын кодта, ахæм лæг. Чи куыд, уый нæ зонын, фæлæ йæм æз ницы аипп арын. Мæнмæ гæсгæ, уыцы хуызы не ‘ппæты дæр хъæуы йæ фарсмæ æрбалæууын æмæ Ирыстоны иумæйаг фидæныл æмвæндæй, æмзондæй архайын. Уæд ирон адæмæн сæ фидæн уыдзæн рухс æмæ бæллиццаг!
— Бузныг, Валери, де ‘ргом æмæ зæрдæбын ныхасæй. Дæ царды, зонадон, рухстауæн куысты дæм цы бæллицтæ ис, уыдон дын хорзæй сæххæст уæнт!














