Хъуылаты Тамерлан рамбылдта Гран-при

0
462

 

Грознайы кæронмæ ахæццæ сты хъæбысхæсты æмхæццæ хуызты æппæтдунеон ерыстæ «Berkut Young Eagles» æмæ дзы æрыдойнаг 27-аздзыд сæрæн лæппу Хъуылаты Тамерлан ссис уæлахиздзау. Хæцыд 61 кг онг уæзы. Йæ тренер у Илаты Марат. Йæ ныхмæлæууæг уыд Цæцæны Республикæйæ Сайд-Магомед Батукаев. Æртыккаг раунды йæ Тамерлан йæ техникон арæхстдзинады ‘руаджы æрбынæй кодта.

Турниры алы бæстæтæй цы фæлтæрдджын æмæ арæхстджын спортсментæ архайдта, уыдон хæцыдысты дыууадæс рейтингон ерысы. Фæлæ кæронбæттæны Гран-прийыл æхсæз уæзы ерыстæ систы турниры сæйраг архайдыл нымад. Уым Тамерлан нымад æрцыд рог уæзы хæцджыты ‘хсæн æппæты хуыздæрыл.

— Мæ ныхмæлæууæгæй мыл фыццаг раунды цæфтæ дзæвгар сæмбæлд. Агуырдтон ын йæ лæмæгъдæр бынæттæ. Улæфты рæстæр мын мæ тренер дæр бацамыдта, кæм цуды уый, æмæ йæ афтæмæй, æртыккаг раунды мæхи фæхъæддыхдæр кæнгæйæ, æрбырстон. Æнцон, ай гъай, нæ уыд, фæлæ мæ къухы бафтыд. Мæ æнтысты арфæйаг у мæ тренер Илаты Марат.

Уый йæ куыстыл иузæрдион уæвгæйæ, фæсивæдимæ кусы, хоны сæ уæлахизтæм. Æппынæдзух нæ фарсмæ чи балæууы, уыцы арфæйаг адæмæй иу у Уататы Тамерлан. Стыр бузныг, цы спортивон комплексы архайæм, уый саразæг Уалыты æфсымæртæ Дмитри æмæ Денисæн. Ацы арфæйаг адæмы ‘руаджы ис уæлахизтæм цæуæн”, — загъта Хъуылаты Тамерлан. Уымæй уæлдай ма турниры архайæг дыууæ ирон сæрæнгуырды: Бекъойты Азæмæт 74 кг уæзы (йæ тренер Илаты Марат) æмæ Джыккайты Азæмæт 77 кг уæзы (йæ тренер Къадзты Геннади) дæр рамбылдтой турниры рейтингон тохтæ.

Бекъойты Азæмæт фæуæлахиз Михаил Алахвердяныл астæуккаг уæзы. Джыккайты Азæмæт та Хамзат Дадоевыл æрдæгастæуккаг уæзы.

Хъуылаты Тамерлан йæ профессионалон карьерæ райдыдта 2014 азы. Ныридæгæн архайдта фараст ерысы. Уыдонæй фæхæрд æрмæст иу хатт.

ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here