Æрыдоны адæмон театры ног æнтыст

0
351

 

 

Æрыдоны Къуымæллæгкаты Мураты номыл адæмон театр куы равзæрд, уæдæй абонмæ бирæ азтæ рацыд. Ацы театры артисттæн абон сæ фылдæр æрыгæттæ сты, æмæ сын, сæ хистæртæ цы хорз æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон дарддæр хæссынц. Уый афтæ кæй у, уымæн хорз æвдисæн уыд, æрæджы Æрыдоны районы Саламты Къолайы номыл Культурæйы галуаны сценæйы Годжыцаты Исахъы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Æз ус нæ курын» кæй равдыстой, уый. Сæвæрдта йæ ног аивадон разамонæг æмæ режиссер, РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ МАЛХЪАРТЫ Зæлинæ.

 

ремьерæмæ æрбацыдысты театрдзаутæ, Æрыдоны районы сæргълæууæг Тотраты Владислав, Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Цæриаты Валери, центры хайады сæргълæуджытæ РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Битарты Ларисæ, Абайты Азау, Коцойты Адолят, дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ.

Годжыцаты Исахъы комедийы æвдыст цæуы æрыгон лæппуйы цард, йæ тæккæ амонд æвзарыны рæстæг. Комедийæн ис социалон — цардыуагон нысан. Æвдыст дзы æрцыд нæ адæмы æхсæн, кæцыфæнды рæстæг дæр ахсджиаг — ус курыны фарста. Ныртæккæйы фæсивæды царды та уый уæлдай ахсджиагдæр у. Ам дæр уый фæдыл быцæуы бацыдысты хистæртæ æмæ кæстæртæ. Æппынфæстаг кæрæдзи бамбарынц, æмæ спектаклы кæрон æрцæуы чындзхастмæ.

Æрыдоны адæмон театры хæдахуыр артисттæ, хистæр æмæ кæстæр фæлтæрæй спектаклы чи архайдта, уыдонæн се ‘рдзон зонды, хъуыдыкæнынады авналæнтæ куыд амыдтой, афтæ, фидарæй зæгъæн ис, æмæ сæ хъарутыл нæ бацауæрстой.

Спектаклы режиссер Малхъарты Зæлинæйы къухы бафтыд, алы архайæгæн дæр йæ удыхъæды æппæт миниуджытæй дæр спайда кæнын. Цæмæй сæ алчидæр цы сурæт аразы, уым йæхи сфæлдыстадон æгъдауæй раргом кæна. Рауад зæрдæмæдзæугæ равдыст. Цæттæгонд æрцыд Театры дунеон бонмæ. Архайдтой дзы: Салам — Гæбуты Алан, Цомайты Алик, Косер — Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Дзугкойты Зинæ, Дзирæтхан — Боциты Мирæ, Сæлимæт — Абойты Зæлинæ: Тымыгъ — Кобесты Ацæмæз, Бындз — Дзоцъиты Мурат, Барон — Баситы Азæмæт, Жули — Гæбуты Арсен, Сыхаг — Дзасохты Руслан.

Ацы адæмон театры канд æрыдойнæгтæ нæ архайынц, фæлæ ма дзы сæ уды цæхæр æхсидынц Кировы æмæ Къостайыхъæуы цæрджытæ дæр. Спектакл тынг фæцыд йæ фенынмæ чи æрбацыд, уыдонæн се ппæты зæрдæмæ дæр. Куы фæци, уæд сценæмæ рахызт Æрыдоны районы сæргълæууæг Тотраты Владислав, зæрдиаг арфæ ракодта спектакльмæ чи æрбацыд, уыдонæн. Уый фæстæ та раныхас кодта Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор Цæриаты Валери: “Дыууæ азы иу хатт, адæмон театры æхсæн цы æркаст расидæм, сæ кадджын ном «Адæмон»-æн дзуапп дæттынц æви нæ, уый базоныны тыххæй, уым кæддæриддæр Æрыдоны адæмон театр вæййы æппæты æнтыстджындæр. Афæдз æмæ æрдæг, цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ, ацы артдзæст йæ архайд фæмынæг кодта, æмæ йын радтам æмгъуыд, цæмæй та ногæй йе сфæлдыстадон хъаруйы бацæуа, æмæ куыд федтам абон, афтæмæй йæ кадыл аууон ницæмæй баппæрста, æмæ йæ номæн хорзæй дзуапп дæттынц. Стыр бузныг, театры ног режиссер Малхъарты Зæлинæйæн, хæдахуыр артисттæн се ппæтæн дæр. Сæрмагондæй арфæ кæнын спектаклы нывгæнæг Биазырты Таймуразæн, оператор Годжиты Хазбийæн.

Æрæджы та ацы адæмон театры архайæг Дзугкойты Зинæйæн лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы кадджын ном. Æмæ йын, театры коллективимæ иумæ нæ цæст уарзы ноджы стырдæр уæлахизтæ”.

Культурæйы галуаны фойейы та æвæрд æрцыд Æрыдоны адæмон театры хъæздыг сфæлдыстадон архайдыл дзурæг æрмæджыты равдыст.

ГАСАНТЫ Валери Къамтæ систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here