Цæгат Ирыстоны исбонадмæ — иумæйаг уынаффæйæ

0
335

 

Зындгонд куыд у, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав æмæ Урайлаг хæххон-металлургон холдинджы разамынды ‘хсæн завод “Электрочцинчы” дарддæры хъысмæты фæдыл ис разыдзинад. Уый бындурыл Цæгат Ирыстоны разамындмæ холдингæй æрбарвыстой куырдиат, цæмæй республикæ лæвары хуызы райса, «Электроцинк»-æн Дзæуджыхъæуы цы змæлгæ æмæ æнæзмæлгæ исбон ис, уый. Ныхас цæуы цыппар объектыл — «Металлургты галуан», дыууæ рæвдауæндоны æмæ санатори «Нæзы къох»-ыл.

Знон республикæйы паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан æмæ фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбиаты Барис фембæлдысты дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ æмæ радзырдтой, лæвæрттæ бабæстон кæнынæн, республикон исбонмæ сæ бахæссынæн, се ‘нæрынцой архайдæн цы мадзæлттæ фæбæрæг кодтой, уыдæтты тыххæй.

Тедеты Руслан куыд бамбарын кодта, афтæмæй 20 мартъийы бавнæлдтой хъуыддæгтæ банывыл кæныны фæндæттæм, 22 мартъийы та Хицауады æмбырды фидаргонд æрцыд, уыцы объекттæ Цæгат Ирыстоны исбонмæ радтыны уынаффæ. Закъон куыддæриддæр амоны, афтæ 28 мартъийы документтæ балæвæрдтой «Росреестр»- мæ. Дарддæр объекттæ дихгонд æрцæудзысты сæ архайдмæ гæсгæ министрадтыл. «Металлургты галуан» — Культурæйы министрадмæ, дыууæ рæвдауæндоны — Ахуырад æмæ наукæйы министрадмæ, санатори «Нæзы къох» та — Фæллой æмæ социалон рæзты министрадмæ. Афтæмæй, Цæгат Ирыстон ссис æппæт уыцы змæлгæ æмæ æнæзмæлгæ исбоны хицау сæ зæххы хæйттимæ. Ведомствæйы разамонæг бæстон радзырдта æппæт уыцы исбоны тыххæй, цавæр уавæры сты, сæ зæххыты бæрц, дзуаппытæ радта уацхæсджыты фарстытæн.

Фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбиаты Барис куыд бацамыдта, афтæмæй йын санатори «Нæзы къох»-ы кусджытимæ уыдис фембæлд, æргомæй сын бамбарын кодта уавæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, кусæндоны архайд хæстæг у нæ санатори «Ирыстон»-ы архайдмæ. Афтæмæй бауынаффæ кодтой, цæмæй «Нæзы къох» суа «Ирыстон»-ы хай. Ныридæгæн «Ирыстон»-ы архайдæн бюджеты бæрæггонд æрцыдысты йæ хæрдзтæ, «Нæзы къох»-ы дарддæры хъысмæтыл дæр архайд цæудзæн. Хъуамæ бацæттæ кæной ацы азы бюджеты тыххæй закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл документ. Куыддæриддæр закъон амоны, афтæ «Нæзы къох»-ы кусджытæ куырдиæттæ ныффыстой, сæ куыстæй кæй цæуынц, уый тыххæй. Уайтагъд бафыстой æндæр куырдиæттæ, санатори «Ирыстон»- мæ сæ куыстмæ райсыны тыххæй.

Æппæт уыцы хъуыддæгтæ конд цæуынц, цæмæй адæм къуылымпыдзинæдтæ мацæмæй бавзарой, сæ архайд нывыл уа. «Нæзы къох»-ы бæстыхай, йæ уавæртæ, Хуыбиаты Барисы хатдзæгмæ гæсгæ, сты дзæбæх, æнаипп. Зæрдæ дарын хъæуы, адæм дзы дарддæр сæ фæллад дæр кæй уадздзысты, дзæбæхгæнæн мадзæлттæ дæр дзы кæй исдзысты, ууыл. Уыдæттæ фæзындзысты сæ финансон авналæнтыл. Хуыбиайы-фырт дæр уацхæсджыты æппæт фарстытæн радта бæстон дзуаппытæ.

 БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here