Битарты Вячеслав фембӕлд мӕскуыйаг ирон студенттимӕ

0
387

 

Цӕгат Ирыстоны разамынд ӕппӕт фадӕттӕ араздзӕн, цӕмӕй, раззагдӕр уӕрӕсейаг университеттӕ каст чи фӕци, уыцы ӕрыгон специалисттӕн сӕ чысыл фыдыбӕстӕйы уа сӕ зонындзинӕдтӕй спайда кӕныны фадат. Ахӕм хъуыдыимӕ РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав раныхас кодта, ирыстойнаг фӕсивӕдӕй мӕскуыйаг институтты чи ахуыр кӕны, уыдонимӕ фембӕлды.

Ныхасы архайдтой республикӕйы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова ӕмӕ Фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл республикон комитеты сӕрдар Джусойты Руслан дӕр.

— Алкӕддӕр зӕрдӕрухсӕй цӕут уӕ уарзон республикӕмӕ! Иудадзыгдӕр уӕ зӕрдыл дарут, бӕстӕйы иннӕ регионты цӕрджыты цӕсты Цӕгат Ирыстонӕн цы кад уыдзӕн, уый сымахӕй дӕр аразгӕ кӕй у, уый. ӕндӕр бынӕтты сымах ӕрмӕст уӕ бинонтӕ ӕмӕ мыггӕгты минӕвар не стут, фӕлӕ ном кӕнут ӕппӕт республикӕйӕн дӕр. Нӕ адӕмы истори ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ сымахыл ӕвӕрынц уӕлдай бӕрнондзинад. Курын уӕ, цӕмӕй алкӕддӕр уӕ зӕрдыл дарат, цас хъӕбатыртӕ ӕмӕ ӕндӕр кадджын адӕм рацыд Ирыстонӕй, — фембӕлды райдайӕны фӕнысан кодта Битарты Вячеслав.

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, республикӕйы ӕнтыстджын размӕцыдӕн ахсджиаг у, арф ӕмӕ нырыккон зонындзинӕдтӕ чи райста, стӕй йӕ профессионалон дӕсныдзинад равдисынмӕ цӕттӕ чи у, уыцы ӕрыгон специалистты архайд. Уыцы фӕсивӕдмӕ зӕрдиаг куыстмӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕн пайда ӕрхӕсынмӕ тырнындзинад куы уа, уӕд сӕ къухы ӕфтдзӕн ӕнтыстдзинӕдтӕ.

РЦИ-Аланийы разамынд фидӕны ӕрыгон специалисттӕн иудадзыгдӕр ӕххуыс кӕндзӕн сӕ ахуыры, стӕй ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Республикӕйы Сӕргълӕууӕджы амынддзинадмӕ гӕсгӕ, хицауады ӕххӕстгӕнӕг оргӕнтӕ студентты куыстадон практикӕйӕн фадӕттӕ сараздзысты. Практикӕйы рӕстӕг йӕхи хъӕппӕрисджын ӕмӕ арӕхстджынӕй чи равдиса, уыцы фӕсивӕдӕн сӕ ахуыры фӕстӕ кусӕн бынӕттӕ дӕр уыдзӕн. Фембӕлды архайджытӕ Битарты Вячеславӕн бузныг загътой, ахӕм фадат сын кӕй фӕзындзӕн, уый фӕдыл.

ӕрыгон специалистты зонындзинӕдтӕ ӕмӕ хъӕппӕристӕ сахаддзысты ӕрмӕст паддзахадон структурӕты архайдыл нӕ, фӕлӕ куыстадон къабӕзтыл дӕр. Битарты Вячеслав студентты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, амалхъомадӕн ӕххуысы программӕтӕ республикӕ кӕй ӕххӕст кӕны, уый. Зӕгъӕм, республикӕйы Сӕргълӕууӕджы амынддзинадмӕ гӕсгӕ, РЦИ-Аланийы Экономикон рӕзты министрад бацӕттӕ кӕндзӕн ӕрыгӕтты амалхъомадон архайдӕн ахъазгӕнӕг сӕрмагонд программӕ.

ӕргом ӕмӕ бӕстон ныхасы рӕстӕг фӕсивӕдӕн фадат уыд республикӕйы разамонӕгмӕ сӕ фарстытӕ радтынӕн, сӕ дарддӕры царды нысанты тыххӕй радзурынӕн. Зӕгъӕм, Экономикӕйы уӕлдӕр скъолайы студенткӕ Цопанты Миланӕ фӕндон бахаста, цӕмӕй Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕй мӕскуыйаг университеттӕ ӕмӕ институтты ӕнтыстджынӕй чи ахуыр кӕны, уыдонӕн нысангонд ӕрцӕуа сӕрмагонд стипендитӕ. Уыцы хъӕппӕрисӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, Иринӕ Азимова куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй республикӕ йӕ рӕстӕджы ахӕм студенттӕн снысан кодта Хъӕбӕлоты Билары номыл стипенди (йӕ бӕрц у 10 мин сомы). Ахӕм стипенди ныртӕккӕ исынц ӕхсӕз адӕймаджы. Уыимӕ, стипенди исыны фӕдыл ноджыдӕр ма куырдиӕттӕ куы уа, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стипендиантты нымӕц дӕр фӕфылдӕр уыдзӕн.

Экономикӕйы уӕлдӕр скъолайы иннӕ студеткӕ Багаты Эллинӕ куыд радзырдта, афтӕмӕй Мӕскуыйы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ арӕзт ӕрцӕуынц Национ культурӕты бонтӕ. Уыцы мадзӕлтты ирыстойнаг фӕсивӕд зӕрдиагӕй фӕархайынц. Нӕ лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ иннӕ уӕрӕсейаг регионты минӕвӕртты базонгӕ кӕнынц Ирыстоны культурӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттимӕ, радзурынц сын ӕндӕр цымыдисаг хабӕрттӕ сӕ чысыл фыдыбӕстӕйы тыххӕй. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, Эллинӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕгӕй ӕххуыс ракуырдта национ уӕлӕдарӕс ӕлхӕнын ӕмӕ сӕрмагонд тематикон стендтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы. Битарты Вячеслав куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ирыстойнаг студенттӕн ахӕм уӕрӕх дзыллон мадзӕлтты рӕстӕг хъуамӕ уа республикӕ аккаг хуызы равдисыны фадат. Уыимӕ, республикӕйы разамонӕг УФ-йы Президенты цур ӕххӕстбарджын минӕвар ӕмӕ иннӕ ведомствӕты бӕрнон кусджытӕн, цӕмӕй студенттӕн ӕппӕтвӕрсыг ӕххуыс уа уыцы хъуыддаджы.

Мӕскуыйы паддзахадон юридикон академийы студенткӕ Дзгойты Зӕринӕ куыд радзырдта, афтӕмӕй ногазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕг (уӕлдӕфон транспорты билетты аргъ ӕппӕты бӕрзонддӕр куы вӕййы) иуӕй-иу регионты студенттӕн фадат вӕййы льготон билеттӕ самал кӕнын. Студенткӕ Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕгмӕ бахатыд, цӕмӕй уыцы фарстмӕ дӕр каст ӕрцӕуа. Битарты Вячеслав УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Иудадзыгон минӕварады разамындӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ӕркӕса, уыцы фарсты иннӕ регионтӕм цы фӕлтӕрддзинад ис, уымӕ, ӕмӕ ӕрбадӕтта йӕ фӕндӕттӕ.

 

РЦИ-Аланийы

 Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады

пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here