“Къостайы фарн нӕ цудын нӕ уадзы”

0
475

Стъараполы цӕрӕг ирӕттӕй фыццагдӕр ӕмӕ номдзыддӕр у ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕг, поэт, прозаик, драматург, нывгӕнӕг, публицист, Кавказы фӕллойгӕнӕг адӕмы сӕрхъуызой, ирон адӕмы тырыса Хетӕгкаты Къоста.

1871 азы йӕ 12-аздзыдӕй йӕ фыд Леуан ӕрласта Стъараполмӕ ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнынмӕ бакодта гимназмӕ. Къоста ам, нывгӕнӕг ӕмӕ ахуыргӕнӕг Василий Смирновы хӕдзары, цы 10 азы арвыста, уыдон ирд фӕдӕй баззадысты йӕ царды. Къоста ӕрмӕст бинонты хъарм ахастдзинад ӕмӕ узӕлд нӕ банкъардта. Смирнов, Бетъырбухы нывкӕнынады академийы рауагъдон, фидӕны генийы курдиат райхалынӕн стыр ӕххуыс фӕцис. Ӕмӕ нӕ абон дӕр Къостайы фарн цудын нӕ уадзы.

Стъараполы крайы культурон-рухсадон ӕхсӕнад «Амонд»-ы сӕрдар у Тӕтӕраты Майрӕмы фырт Батрадз.  Уый райгуырд ӕмӕ схъомыл Цӕгат Ирыcтоны, Олгинскӕйы хъӕуы. 1971 азы каст фӕцис Дзӕуджыхъӕуы уӕлдӕр ӕфсӕддон командон училищӕ, уый фӕстӕ та — Фрунзейы номыл иумӕйаг ӕфсӕддон академи.

Службӕ кодта Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты алыхуызон командӕгӕнӕн бӕрнон бынӕтты. Авд азы — Фӕскавказ ӕмӕ Кавказы «тӕвд» бынӕтты, йӕ интернационалон хӕс ӕххӕст кодта Африкӕйы, йӕ хорз службӕйы тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд дыууӕ орден ӕмӕ Советон Цӕдисы Хъахъхъӕнынады министрады 15 майданӕй.

Нӕ уацхӕссӕгӕн фадат фӕцис Тӕтӕраты Батрадзимӕ фембӕлынӕн ӕмӕ сӕм рауад ахӕм ныхас:

— Батрадз, службӕ куы фӕдӕ, уӕдӕй нырмӕ дӕ бинонтимӕ цӕрыс Стъараполы, 2002 азӕй фӕстӕмӕ ныр цалдӕр хатты ӕвзӕрст ӕрцыдтӕ ирӕтты ӕхсӕнады сӕрдарӕй. Нӕ газеткӕсджыты уе ‘хсӕнады истори ӕмӕ йӕ разагъды лӕгтимӕ куы базонгӕ кӕнис.

— Не ‘хсӕнадыл ӕвӕрд ис стыр хӕс, ам Хетӕгкаты Къоста рӕсугъд фӕд кӕй ныууагъта, уымӕ гӕсгӕ. Ам ӕй чи нӕ зоны, ахӕм адӕймаг зын ссарӕн у. Къостайы фарны цӕстӕнгасӕй кӕсынц бынӕттон цӕрджытӕ алы ирон адӕймагмӕ дӕр. Не ‘хсӕнады минӕвӕрттӕ уый ӕмбарынц, ӕмӕ алчидӕр архайы йӕхи хуыздӕрӕрдыгӕй равдисыныл. Къостайы фарн нӕ цудын нӕ уадзы. Горӕты раздӕры Европӕйаг уынджы ном раивтой ӕмӕ йӕ схуыдтой Хетӕгкаты Къостайы номыл.

1959 азы горӕты бульвары райдайӕны ӕвӕрд ӕрцыд Къостайы цыртдзӕвӕн. Стъараполы иу микрорайон адӕм хонынц «Осетинка». Ацы номы уидӕгтӕ хӕццӕ кӕнынц 1890 азмӕ. Уӕд Терчы хъазахъхъӕгты ӕфсады арӕзт ӕрцыд барджыты дивизион. ӕфсӕддон ахуыртӕ-иу арӕзтой, Таман ӕмӕ Круглыйы хъӕдты ӕхсӕн цы фӕз ис, уым ӕмӕ йӕ адӕм рахуыдтой «Осетинка».

Ныртӕккӕ Стъараполы крайы цӕры 8 мин ироны.

Уӕрӕсейы хуссар хайы ӕппӕты егъаудӕр Цӕгат Кавказы федералон университеты разамонӕг у не ‘мзӕххон Левитская-Цомартаты Алинӕ. Бирӕ азты дӕргъы Стъараполы крайы ӕфсӕддон комиссар уыд Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг, инӕлар-майор Дзылыхты Михал.

Не ‘хсӕнадон организацийы фыццагдӕр аразджытӕ уыдысты:

— техникон наукӕты доктор Малиты Владимир;

— отставкӕйы булкъон Чехойты Джерихан;

— отставкӕйы дӕлбулкъон Хъиргъуты Анзор;

— Стъараполы  “Газпром”-ы сгуыхт кусӕг Гуытъиаты Махарбег;

— арӕзтадон компани «Тында Строй»-ы генералон директор Хъалӕгаты Эльбрус.

Не ‘хсӕнад арӕзт ӕрцыд 1998 азы. Сӕрдарӕй йын сӕвзӕрстам Хъалӕгаты Петры фырт Эльбрусы. Уый тынг хъӕппӕрисджынӕй архайдта ирон адӕмы кӕрӕдзиуыл бӕттыныл, ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ хъахъхъӕныныл.

Не ‘хсӕнады правленийы уӕнгтӕ ӕмӕ мӕ хӕдивджытӕ сты РЦИ-Аланийы минӕвар Стъараполы крайы Мысыкаты Алан, Бӕцойты Савели ӕмӕ Дзанайты Таймураз.

— Рӕзгӕ фӕлтӕрӕн ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ бауарзын кӕнынӕн цавӕр мадзӕлттӕ аразут?

— Ӕрвылаз дӕр нывгӕнӕг Василий Смирновы музейы Хетӕгкаты Къостайӕн цы хицӕн бынат ис, уырдӕм 15 майы, 15 октябр ӕмӕ 1 апрелы ӕрӕмбырд кӕнӕм фӕсивӕды. Сывӕллӕттӕ ӕрбацӕуынц Къостайы цыртдзӕвӕнмӕ сӕ ныййарджытимӕ, сӕвӕрынц ыл дидинджытӕ, фӕкӕсынц йе ‘мдзӕвгӕтӕ.

— Батрадз, Стъараполы крайы ӕмӕ йӕ сӕйраг горӕты разамынд ӕмӕ ӕхсӕнадон организацитимӕ та уын цавӕр бастдзинӕдтӕ ис?

— 2015 азы байгом Хӕлардзинады хӕдзар, уым бынӕттӕ радтой 14 диаспорӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон организацийӕн. Уыдонимӕ нын ис фидар бастдзинӕдтӕ. Сӕ алыхуызон мадзӕлтты фӕархайӕм уырыссӕгты, абазинты, сомихӕгты, вайнахты, хъазахъхъы ӕмӕ иннӕ адӕмыхӕттыты ӕхсӕнадон организациты бӕрӕгбӕтты. Мӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Мысыкаты Алан стӕм Стъараполы крайы Губернаторы этикон советы уӕнгтӕ. Мӕ иннӕ хӕдивӕг Дзанайты Таймураз та у администрацийы цур советы уӕнг.

— Ирон ӕгъдӕуттӕ, ирон ӕфсарм ӕмӕ уыдонимӕ баст мадзӕлтты сӕ бахъахъхъӕныныл куыд кусут?

— Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, горӕты алы рӕтты кӕй цӕрӕм, уый нын зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕны, фӕлӕ уӕддӕр мӕй иу хатт ӕмбӕлӕм. Хистӕртӕ ӕрвылаз дӕр бӕрӕг кӕнынц Джеоргуыбайы бон. Уый ӕрмӕст хӕрд ӕмӕ нозты бӕрӕгбон нӕ вӕййы, фӕлӕ, кӕстӕрты лӕггад кӕныныл ахуыр кӕныны бон, цин, зард ӕмӕ кафты бӕрӕгбон. Уыцы хъуыддӕгтӕ ныр цалдӕр азы фӕд-фӕдыл тынг зӕрдиагӕй ӕмӕ тынг рӕсугъд саразынц амалхъомтӕ Тедеты Константин, Дзанайты Таймураз ӕмӕ Таматы Сергей. Зӕгъын мӕ фӕнды уый, ӕмӕ цыфӕнды хорз хъуыддагимӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ дӕр, рагацау, ӕнӕмӕнг бафӕрсӕм нӕ буц хистӕр Хъиргъуты Анзоры.

Ныр нӕм афӕдзӕй фылдӕр кусы кавказаг кӕфтыты ансамбл. Разамынд ын дӕтты Цгъойты Алан. Ам фӕсивӕд ӕрмӕст кафыныл нӕ ахуыр кӕнынц, фӕлӕ ма базонынц ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕхсӕнады хи дарыны бирӕ ӕнӕуынгӕ, фӕлӕ хъӕугӕ сусӕгдзинӕдтӕ. Базонынц, ирон адӕймагӕн сӕрмӕхӕссинаг цы нӕу, ӕгадӕй хи куыд хъахъхъӕнын хъӕуы, уыдӕттӕ, хистӕр ӕмӕ кӕстӕр, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаджы ӕхсӕн ахастдзинӕдты рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ.

— Батрадз, ацы аз Хетӕгкаты Къостайы 160 азы бонмӕ уӕхи куыд цӕттӕ кӕнут?

— Къостайы юбилейон аз, махыл ӕвӕры фылдӕр хӕстӕ ӕмӕ нӕ нысантӕ дӕр сты фылдӕр. ӕнӕмӕнг, сараздзыстӕм Къостайы 160 азы кадӕн литературон, литературон-аивадон изӕртӕ крайы музей ӕмӕ Михаил Лермонтовы номыл библиотекӕйы, стӕй горӕты библиотекӕты ӕмӕ университетты. Уым 15 октябры ӕдзухдӕр фӕбӕрӕг кӕнынц Къостайы райгуырӕн бон, фӕлӕ дзы ацы аз мах архайд хъуамӕ уа зынгӕдӕр, бӕрӕгбонхуыздӕр ӕмӕ аивдӕр. Цы мадзӕлттӕ снысан кодтам, уыдонмӕ ма крайы музейы директоримӕ иумӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ сӕ фӕбӕлвырддӕр кӕндзыстӕм, цӕмӕй сыл дыууӕ мӕйы дӕргъы хуыздӕр ӕмӕ бӕстондӕр бакусӕм. Фидӕнмӕ нӕм цы бирӕ нысантӕ ис, уыдонӕй иу у нӕ правленийы уӕнгтӕ ӕрыгондӕр кӕнын, сӕрӕн фӕсивӕд нӕм бирӕ ис.

— Бузныг, Батрадз! Бирӕ хорз фӕндтӕ ӕмӕ нысантӕ уӕм ис, ӕмӕ уӕ къухы бафтӕнт. Къостайы фарн уӕ фӕцудын макуы бауадзӕд!

КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here