Мӕскуыйы ирон аргъуан бындуронӕй рацараздзысты

0
224

Мӕскуыйы кусӕг балцы уӕвгӕйӕ, Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бабӕрӕг кодта Сыгъдӕг Мады-Майрӕмы ирон аргъуан. Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Фыццаджы-фыццагдӕр, Цӕгат Ирыстоны разамонӕг дидинджытӕ сӕвӕрдта, Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы арӕзт террористон фыдракӕнды рӕстӕг чи бабын, уыцы ӕнаххос адӕмы номарӕн мемориалыл (куыд зонӕм, афтӕмӕй уыцы цыртдзӕвӕн ӕрбынӕттон кӕрты).

Уый фӕстӕ Битары-фырт ӕрзылд аргъуаны бӕстыхӕйттыл ӕмӕ сбӕрӕг кодта, цалцӕггӕнӕн куыстытӕ куыд цӕуынц, уый. Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй 2022 азы ацы аргъуаны цӕудзӕн Аланийы аргъуыды 1100 азы кадӕн мадзӕлтты иу хай. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, юбилейон мадзӕлтты райдайӕнмӕ аргъуаны рацарӕзты куыстытӕ хъуамӕ ахицӕн уой.

Зӕгъын хъӕуы, аргъуаны цалцӕггӕнӕн куыстыты цыд фӕрӕвдздӕр кӕныныл бацархайдта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Уый бахатыд Мӕскуыйы разамындмӕ, цӕмӕй ирон аргъуаны рацарӕзтмӕ се ‘ргом раздахой. Уый фӕстӕ Мӕскуыйы Хицауады уынаффӕйӕ горӕты бюджетӕй аргъуаны цалцӕгӕн радих кодтой 120 милуан сомы.

— Мӕскуыйы Сыгъдӕг Мады-Майрӕмы аргъуан Ирыстонӕй ӕппӕт рацӕуӕг адӕмӕн уӕлдай зынаргъдӕр бынат у. Сӕ цины дӕр, сӕ зыны сахат дӕр уырдӕм бацӕуынц, сӕ зӕрдӕты арфдӕр ӕнкъарӕнтӕ дӕр уым раргом кӕнынц, — фӕнысан кодта Битарты Вячеслав аргъуаны сауджын фыд Вячеславимӕ ныхасы рӕстӕг. Цӕгат Ирыстоны разамонӕг зӕрдӕ бавӕрдта, аргъуаны кусджытӕн сӕ арфӕйаг архайды ӕппӕтвӕрсыг ӕххуыс кӕй кӕндзӕн, уымӕй.

Фембӕлды архайдта УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы ӕххӕстбарджын минӕвар — РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Дзанайты Барис.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here