Ног рӕвдауӕндон, скъола, ӕндӕр социалон объекттӕ

0
271

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сбӕрӕг кӕны, фыццаградон национ проектты фӕлгӕты республикӕйы горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты цы ахсджиаг социалон объекттӕ арӕзт цӕуы, уыдоныл куыст куыд цӕуы, уый.

Ацы хатт дӕр та премьер-министр йӕ кусӕг балцы рӕстӕг ӕрзылд Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ республикӕйы цалдӕр районыл. Тускъайы-фырт ӕмӕ профилон министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты бӕрнон кусджытӕ цы бынӕттӕ бабӕрӕг кодтой, уыдонӕй иу уыд Мӕздӕджы район дӕр.

Фыццаджы-фыццагдӕр, премьер-министр федта Мӕздӕджы сывӕллӕтты ног рӕвдауӕндоны бӕстыхай. Аразджытӕн цы ӕмбӕлд, уыцы куыстытӕ афойнадыл сӕххӕст кодтой. Ӕппӕт нырыккон домӕнтӕн ӕххӕстӕй дзуапп чи дӕтты, уыцы хъомыладон кусӕндон ацы бонты ифтонггонд цӕуы хӕдзары дзаума ӕмӕ ӕндӕр хъӕугӕ фӕрӕзтӕй.

Муниципалитеты разамонджытӕ Тускъаты Таймуразӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй рӕвдауӕндон кадджын уавӕры байгом кӕндзысты 30 августы. Уыимӕ, иумӕйаг хъомыладон къордтӕй уӕлдай, рӕвдауӕндоны уыдзӕн дыууӕ логопедон къорды дӕр. Уым ныртӕккӕ кӕнынц фидӕны хъомылгӕнинӕгты номхыгъдтӕ, стӕй куыст цӕуы иннӕ организацион фарстытыл дӕр.

Уырдыгӕй Хицауады Сӕрдар йӕ фӕндаг акодта, ног скъола ӕмӕ 12-ӕм рӕвдауӕндоны уӕлӕмхасӕн бӕстыхай арӕзт кӕм цӕуынц, уыцы бынӕттӕм. Зӕгъӕм, ног скъола арӕзт цӕуы, ахуырадон бынӕттӕ фаг кӕм нӕй, ӕмӕ скъоладзаутӕ дыууӕ радӕй кӕм ахуыр кӕнынц, уыцы микрорайоны. Социалон объекты арӕзтад хъуамӕ ахицӕн уа фидӕн азы, бынӕттӕ та дзы уыдзӕн 500 сывӕллонӕн.

Ацы ӕмӕ иннӕ ахсджиаг арӕзтӕдты чи кусы, уыцы подрядон организациты минӕвӕрттӕн Тускъаты Таймураз радта бӕлвырд амынддзинӕдтӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here