18 августы Дзӕуджыхъӕуы, Советон Цӕдисы Хъӕбатыр Дзусаты Ибрагимы номыл авиацион клубы аэродроммӕ цы цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы ӕрбацыди, уыдон ӕвдисӕн уыдысты рӕсугъд бӕрӕгбонӕн. Кадимӕ ам бӕрӕг кодтой Уӕрӕсейы Уӕлдӕфон флоты бон ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы ДОСААФ-ы авиацион-спортивон клубы 85 азы бӕрӕгбон.
Авиацион-спортивон клубы кусджытӕ ӕмӕ хъомылгӕнинӕгтӕ бацӕттӕ кодтой рӕсугъд равдыст. Сӕ дӕсныдзинад ӕвдыстой тӕхджытӕ, планеристтӕ, авиамоделон спорты архайджытӕ, парашютисттӕ. Сӕ алкӕмӕ дӕр цӕст кӕсынӕй не ‘фсӕсти. Бӕрӕгбоны кадджын уазджытӕ уыдысты нӕ республикӕйы зындгонд ӕмӕ уарзон хистӕртӕ. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджытӕ Мамсыраты Ислам ӕмӕ Гулуты Хизир, ӕфсады ӕмӕ фӕллойы ветерантӕ, инӕлар-майор Къаболаты Солтан, инӕлар-майор Бедойты Руслан, булкъонтӕ: Азиаты Алыксандр, Юрий Титоренко, Леонид Зенков, Василий Володин, Залеты ӕхсар.
Бӕрӕгбон гом кӕнгӕйӕ, РЦИ-Аланийы ӕфсады ӕмӕ Фӕллойы ветеранты цӕдисы сӕрдар, инӕлар-майор Къаболаты Солтан зӕрдиаг арфӕ ракодта бӕрӕгбонмӕ ӕрбацӕуджытӕн: Уый загъта: «Уӕлдай ӕхсызгондӕр у, ацы ран нӕ уарзон хистӕрты, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты хъазуатонӕй чи тох кодта, уыцы хистӕрты уынын. Уӕдӕ куыд нӕ хъуамӕ раарфӕ кӕнӕм, хӕрз ӕрыгонӕй хӕсты азты сӕ хистӕртимӕ ӕмгуыст чи кодта, уыцы кадджын хистӕртӕн дӕр».
Къаболаты Солтан ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты ветеранты цӕдисы сӕрдар Золойты Игорь хӕрзаудӕнгӕнӕг фонд «ӕххуысы къух»-ы номӕй Кады грамотӕтӕ радта Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджытӕ: Мамсыраты Ислам, Гулуты Хизир, Залеты ӕхсар ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы аэроклубы хицау Кодзырты Русланӕн.
99-аздзыд, Ирыстоны уарзондӕр хистӕрты минӕвар Мамсыраты Ислам, ацы бӕрӕгбон йӕ зӕрдӕйы цы бынат ахсы, уый тыххӕй загъта: «Ме ‘рыгоны азтӕ ӕрцыдысты хӕсты заманмӕ. Фронты уӕвгӕйӕ, мӕ службӕ фылдӕр цыди, нӕ хӕдтӕхджытӕ тохмӕ цы аэродромтӕй ӕрвыстам, уыдоны. Махӕй бирӕ аразгӕ уыди, афойнадыл уӕлдӕфон ӕфсӕддонтӕн ӕппӕт уавӕртӕ аразын, ӕмӕ, нӕхиуыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, куыстам. Ӕз уӕдӕй нырмӕ стыр аргъ кӕнын, тӕхӕджы фӕндаг чи равзӕрста, уыцы хъӕбатыр адӕймӕгтӕн. Ӕхсызгон мын у, ацы бӕрӕгбон Ирыстоны раздӕрау кадджын кӕй у, уый. Мӕнӕ та абон дӕр ацы ран ахӕм рӕсугъд бӕрӕгбон чи сарӕзта, уыдоны цӕрӕнбон бирӕ уӕд!». Тӕхӕг, авиацийы инӕлар-майор Бедойты Руслан йӕ раныхасы загъта: «Ирыстон рагӕй нымад у тӕхджыты республикӕйыл, ӕмӕ ӕхсызгон у, абон дӕр нӕ фӕсивӕды ‘хсӕн тӕхӕджы дӕсныйад райсынмӕ чи тырны, ахӕмтӕ кӕй ис, уый. Раст зӕгъгӕйӕ, мах рӕстӕг тӕхӕг суӕвынмӕ фылдӕр лӕппутӕ тырныдтой. Ирыстонӕй ӕрмӕстдӕр Советон Цӕдисы Хъӕбатыры ном чи райста, уыцы тӕхджытӕ уыдысты 21. Уыдонӕн сӕ фылдӕр авиацимӕ сӕ фыццаг къахдзӕфтӕ кодтой ацы аэроклубы. Хъыгагӕн, ныртӕккӕ Уӕрӕсейы тӕхджытӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг тынг фӕцудыдта. Раздӕр Уӕрӕсейы уыди цыппӕрдӕс тӕхджытӕ цӕттӕгӕнӕг училищӕйы. Абон ма уыдонӕй баззад ӕрмӕстдӕр иу. Уый хорзмӕ нӕ фӕзындзӕн куыд ӕфсӕддон-уӕлдӕфон тыхтыл, афтӕ граждайнаг авиацийы хъысмӕтыл дӕр. Уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм, ацы хабармӕ нӕ бӕстӕйы разамонджытӕ се ‘ргом кӕй раздахдзысты, ууыл. Ӕхсызгон у, абон Уӕрӕсейы хуыздӕр тӕхджытӕй иу ирон лӕппу Датиты Алан кӕй у, уый. Хорз уыдзӕн, нӕ республикӕйы Аланы бафӕзмӕг кӕстӕртӕ куы уа, уӕд”.
Фӕллой ӕмӕ спорты сгуыхт ветеран Едзаты Виктор дзырдта: «Ацы бӕрӕгбонӕй зӕрдӕ райы. Акӕсут-ма, цас адӕм ӕрбацыд нӕ Уӕлдӕфон тыхты боныл бацин кӕнынмӕ. Мӕнӕ уынӕм, нӕ аэроклубы ахуыргӕнинӕгтӕ уӕлдӕфы сӕхи куыд сӕрӕнӕй ӕвдисынц, уый. Нӕ тӕхджытӕ, планеристтӕ, парашютисттӕ, диссаджы дӕсны архайынц. Уый иуӕй хъӕбатырдзинад ӕвдисӕг у, иннӕмӕй та рӕсугъддзинад. Цы сывӕллӕттӕ сӕм кӕсынц, уыдонӕй, ӕвӕццӕгӕн, кӕйдӕрты бафӕнддзӕн тӕхӕг суӕвын, ӕмӕ-иу рӕствӕндаг уӕнт. Абон дӕр нӕ сӕр бӕрзӕндты кӕмӕй хӕссӕм, уыцы Ирыстоны уарзон фыртты кадыл цӕуӕг уӕнт!»
Бӕрӕгбон рауад зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Фӕстагмӕ, ‘рбацӕуӕг адӕмӕй кӕй фӕндыд, уыдонӕн фадат уыди хӕдтӕхӕджы Дзӕуджыхъӕуы сӕрмӕ ӕрзилынӕн. Ӕмӕ уымӕй къорд адӕймаджы спайда кодтой.
БАСКТЫ Уырызмӕг
Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон














