«Скъоламӕ — иумӕ»

0
344

Кадалаты Аэлинӕ у авд сывӕллоны мад. Ис ын цыппар лӕппуйы ӕмӕ ӕртӕ чызджы. Хистӕрыл цӕуы 13 азы, кӕстӕрыл та авд мӕйы сӕххӕст. Ацы бинонтӕ цӕрынц Тарскӕйыхъӕуы. Аэлинӕйӕн йӕ чызг Даринӕ ацы аз фыццӕгӕм къласмӕ бацӕудзӕн, ӕмӕ иу хӕдзары уыдзӕн фондз ахуырдзауы.

Кадалаты ӕмӕ иннӕ  бирӕсывӕллонджын, фӕкӕсинаг бинонтӕн баххуыс кӕныны тыххӕй арӕзт ӕрцыд хӕрзаудӕн акци «Скъоламӕ — иумӕ».

Ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты регионалон штаб, ӕхсӕнадон организаци «Парахат зӕрдӕ», РЦИ-Аланийы Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрад фыццаг хатт нӕ равдыстой ахӕм хъӕппӕрис. Ивгъуыд азты мадзӕлттӕ «Сывӕллӕттӕ кӕйдӕр нӕ вӕййынц» ӕмӕ «Зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ» дӕр хорз рауадысты.

— Сусӕггаг нӕу, нӕ алыварс бирӕ ис фӕкӕсинаг бинонтӕ, ӕгайтма кӕстӕртӕ хъомыл кӕнынц. Ног ахуыры азы агъоммӕ уыдонӕн сӕ къух фӕрогдӕр кӕнын, ӕхсызгондзинад сын скӕнын — уыцы нысанимӕ сарӕзтам ацы акци, — зӕгъы ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты регионалон штабы сӕргълӕууӕг Гӕлиты Клим. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ,  Ирыстоны районты ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы  сабитӕн балӕвар кӕндзысты скъолайы уӕлӕдарӕс, дзабыртӕ, пъартфелтӕ ӕмӕ фыссӕнгӕрзтӕ.

Сывӕллӕтты сӕ ныййарджытимӕ ӕрӕмбырд кодтой Фӕсивӕды галуанмӕ, уым бацӕуӕны алкӕмӕн дӕр лӕвӕрдтой сӕлдӕг, хъуысти дзы музыкӕ. Дуканимӕ бацӕуӕгау, дзаумӕттӕ тӕрхӕджытыл ӕмӕ ауындзӕнтыл ӕнхъӕлмӕ кастысты сӕ гыццыл хицӕуттӕм, ӕмӕ сӕ уыдон  сӕхиуыл ӕнӕзивӕгӕй барстой.

Сильвӕ Акопян у амалхъом адӕймаг, ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты регионалон штабы уӕнг, уыимӕ ӕхсӕз сывӕллоны мад. Фӕлмӕнзӕрдӕ сылгоймаг рагӕй кӕны хӕрзаудӕн куыст, йӕхи дуканийӕ йӕм цы ӕфтиӕгтӕ хауы, уыдонӕй.

— Мӕхӕдӕг кӕддӕр ацы мадӕлты бынаты уыдтӕн. 1988 азы Бакуйӕ рацыдыстӕм, нӕ мулк иууылдӕр ныууагътам, афтӕмӕй. Нӕ дыууӕ ӕнахъом сабиимӕ нӕ суазӕг кодта Ирыстон, ам бирӕ хорз адӕмтыл сӕмбӕлдтӕн мӕ зыны рӕстӕг ӕмӕ загътон: «Мӕнӕн ӕххуыс кодтой, ӕмӕ абон та ӕз хъуамӕ ӕххуыс  кӕнон». Раттаджы къух райсаг у. Уымӕй растдӕр ницы ис. Бирӕ арфӕйы ныхӕстӕ хъусын ӕмӕ ма уымӕй ӕхсызгондӕр цы уа, — зӕгъы Сильвӕ. Цыдӕриддӕр дзы лӕппуйы костюмтӕ уыдис, уыдоныл йӕхи ӕхцатӕ бахардз кодта, ӕмӕ дзы стыр бузныг сты, кӕй сывӕллӕтты барӕвдыдта, уыдон.

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here