Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ ӕвзарынц муниципалон ӕмбырдты депутаттӕ ӕмӕ цалдӕр горӕт ӕмӕ хъӕуы сӕргълӕуджыты.
Куыд бирӕ уӕрӕсейаг регионты, афтӕ Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы дӕр 8 сентябры цӕуы Хъӕлӕс кӕныны иумӕйаг бон. Райсомы 8 сахатыл республикӕйы байгом сты 159 ӕвзарӕн участочы.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Дзӕуджыхъӕуы цӕрджытӕ ӕвзарынц горӕты Муниципалон ӕмбырды депутатты (уым ӕвзарӕн кампанийы архайынц 8 политикон партийы минӕвӕрттӕ, 32 депутатон мандатыл тох кӕнынц 200 кандидатӕй фылдӕр).
Ӕрӕфы, Дыгуры ӕмӕ Мӕздӕджы районты та абон ӕвзарынц цалдӕр горӕтаг ӕмӕ хъӕууон цӕрӕн бынӕтты сӕргълӕуджыты.














