Байгом ног базарадон центр

0
402

Дзӕуджыхъӕуы ивгъуыд къуырийы кӕрон кадджын уавӕры байгом Цӕгат Кавказы фыццаг гипермаркет «Леруа Марлен». Уый , цалцӕг кӕнынӕн ӕмӕ хӕдзӕрттӕ фӕлгонц кӕнынӕн ӕппӕт товартӕ дӕр балхӕнӕн кӕм ис, ахӕм егъау базарадон центр. Ӕрбацӕуӕг адӕммӕ дзы ӕнхъӕлмӕ кастысты 30 мины бӕрц алыхуызон арӕзтадон, фӕлгонцгӕнӕн ӕрмӕджытӕ, цыдӕриддӕр фатер, куыстуат саив кӕнынӕн хъӕуы, уыцы товартӕ.

Ацы кадджын хъуыддаджы архайдта нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, уый иннӕ уазджытимӕ федта центры уавӕртӕ, йӕ авналӕнтӕ. Йӕ хатдзӕгмӕ гӕсгӕ, базарадон центры 180 ног кусӕн бынаты кӕй фӕзындис, уый, ӕнӕмӕнг, хорзӕрдӕм фӕзындзӕн нӕ республикӕйы дӕсгай ӕмӕ дӕсгай бинонты цардыл. Уӕрӕсейы «Леруа Марлен»-ӕн цы дуканитӕ байгом, уыдон архайынц аслам ӕргътыл кусыныл ӕмӕ уый фӕрцы адӕмӕн лӕггад кӕныныл.

Ног гипермаркет ӕрбынӕттон ис горӕты Цӕгат-Ныгуылӕн районы, Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрбахизӕны, йӕ адрис: ӕрхонкӕйы соса, 1 «а». «Леруа Марлен»-ы генералон директоры хӕдивӕг Дэнис Шис куыд загъта, афтӕмӕй райгонд сты, Дзӕуджыхъӕуы сӕ фыццаг дукани кӕй байгом, уымӕй. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, Дзӕуджыхъӕу Уӕрӕсейы Хуссары нымад у егъау промышленнон, наукон ӕмӕ культурон центрыл.

Базарадон центры директор Аяз Абдулжелилов ӕрбацӕуӕг адӕмӕн радзырдта, дукани Дзӕуджыхъӕу, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ сыхаг республикӕты цӕрджытӕн цавӕр ӕнцойдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдӕтты тыххӕй. Дукани кусдзӕн алы бон дӕр 8 сахатӕй 22 сахатмӕ, йӕ цуры ис 500 машинӕйы фаг лӕууӕн бынат. Интернет-дуканийы фӕрцы адӕмӕн сӕ бон уыдзӕн ӕлхӕнинӕгтӕ кӕнын, дукани-иу сыл сӕ йӕхӕдӕг дӕр сӕмбӕлын кӕндзӕн.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here