Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ 20 сентябры сбӕрӕг кодтой сӕ Республикӕйы бон. Бӕрӕгбоны мадзӕлтты архайгӕйӕ сын зӕрдиаг арфӕ ракодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, уый ӕрмӕст Хуссар Ирыстоны бӕрӕгбон нӕу, фӕлӕ у ӕппӕт Ирыстоны бӕрӕгбон дӕр.
1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны автономон облӕсты адӕмон депутатты Совет райста Хуссар Ирыстоны советон демократон республикӕйы паддзахадон суверенитеты деклараци.
— Нӕ хуссайраг ӕфсымӕртӕ бирӕ азты дӕргъы бӕллыдысты сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинадмӕ, ӕмӕ сӕ къухы бафтыдысты бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ тугкалӕн хӕстыты фӕстӕ. Сӕ декларацийы фӕрцы стыр санчъех акодтой республикӕ паддзахадон уагыл сӕвӕрыны хъуыддаджы. Уый сси Хуссар Ирыстоны цӕрджыты ныры ӕмӕ фидӕны фӕлтӕрты хъысмӕтыл тохы нысан, — бахахх кодта Битарты Вячеслав.
Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг куыд бафиппайдта, афтӕмӕй фидарӕй фидардӕр кӕны дыууӕ бӕстӕйы ‘хсӕн бастдзинад. Куыд хӕдбар демократон паддзахад, афтӕ Хуссар Ирыстон, ныфсджын къахдзӕфтӕ кӕнгӕйӕ, тырны иннӕ бӕстӕты ‘хсӕн аккаг бынат ӕрцахсынмӕ.
— Ирон адӕм, сӕ амондыл хъуыды кӕнгӕйӕ, цы хорздзинӕдтӕм бӕллынц, уыдон сӕ къухы бафтӕнт хуссары дӕр ӕмӕ цӕгаты дӕр. Нӕ фыдӕлты ӕрдхӕрӕны зӕххыл фидарӕй фидардӕр кӕнӕнт сӕрибардзинад ӕмӕ сабыр цард! — йӕ раныхасы кӕрон загъта Битары-фырт.
Дыууӕ республикӕйы Сӕргълӕуджытӕ бахахх кодтой Уӕрӕсейы ахадындзинад Хуссар Ирыстоны сӕрибардзинадыл тохы.
— Нӕ тӕккӕ зындӕр рӕстӕджыты нын Уӕрӕсе цы ӕххуыс кодта, уый нын нӕ зӕрдӕты уагъта стыр ныфс. Уӕрӕсейы ӕфсад Хуссар Ирыстонӕн ӕрхаста сабырдзинад. Уӕрӕсейы Федерациимӕ нӕ бастдзинад сфидар кодтам паддзахадон бадзырдтӕ ӕмӕ фидыды гӕххӕттытӕй. Уыдоныл ӕнцайгӕйӕ, рӕзы ӕмӕ хъахъхъӕд цӕуы нӕ республикӕ, — загъта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.














