Иудзинад, сабырдзинад, разыдзинад ӕвдисӕг бӕрӕгбон

0
404

Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ зӕрдиагӕй сбӕрӕг кодтой Республикӕйы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы бӕрӕгбонтӕ. Ӕппӕт горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты конд ӕрцыдысты дзыллон-культурон мадзӕлттӕ, равдыстытӕ, ерыстӕ, хойраджы, ӕрмдӕсныты ӕрмӕджыты армукъатӕ, фестивалтӕ.

Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы сӕйраг проспект ссис дзыллон мадзӕлтты стырдӕр бынат. Хетӕгкаты Къостайы номыл культурӕ ӕмӕ фӕлладуагъды парк ӕхсызгонӕй йӕ фӕзуӕттӕ радих кодта, Цӕгат Ирыстоны цы бирӕ адӕмыхӕттытӕ цӕры, уыдоны культурон центрты равдыстытӕн, ӕндӕр хъӕлдзӕг хъуыддӕгтӕн.

Ӕппӕт уыцы рӕсугъд бынӕттыл ӕрзылдысты республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Парламенты Сӕрдар Алексей МаЧнев, Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, йӕ хӕдивджытӕ Дзанайты Барис, Иринӕ Азимова, министртӕ, Дзӕуджыхъӕуы муниципалон сконды разамонӕг Икъаты Русланбег, иннӕ бӕрнон адӕймӕгтӕ.

Ацы бӕрӕгбоны фембӕлдты цы зӕрдӕбын ныхас рауад, уый рӕстӕг Битарты Вячеслав бафиппайдта, ома, бирӕнацион Ирыстонӕн иудзинад, сабырдзинад ӕмӕ разыдзинад сты ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ. «Уыдон сты нӕ республикӕйы социалон-экономикон фӕрныгады бындуртӕ. Ацы бӕрӕгбон ӕвдисы, Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕй кӕнынц, кӕрӕдзи традицитӕм, историмӕ къӕрцхъус кӕй сты, зӕрдиагӕй йӕ кӕстӕртӕм кӕй дӕттынц, уыдӕттӕ», — бафиппайдта Битары-фырт.

Бӕрӕгбоны архайджытӕ ӕхсызгонӕй фӕныхас кодтой республикӕйы Сӕргълӕууӕгимӕ, арфӕ йын ракодтой, адӕммӕ ахӕм ахаст кӕй ӕвдисы, уый тыххӕй, скодтой йын зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ ӕмӕ ма иумӕ сӕ къам дӕр систой.

Дыууӕ боны, 21 ӕмӕ 22 сентябры нӕ республикӕйы бирӕнацион адӕм бӕрӕг кодтой Ирыстон Уӕрӕсеимӕ баиуы 245 азы, Цӕгат Ирыстоны автономон республикӕйы сконды 95 азы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы 235 азы кадджын бӕрӕгбӕттӕ.

Фыццаг бон бӕрӕгбоны мадзӕлттӕ уыдысты Хъесайы-фырты уынджы Терчы был. Боныхъӕд зӕрдӕмӕдзӕугӕ нӕ рауад, ӕваст ӕрбауазал, хатгай-иу фӕззыгон сӕлфынӕг хаста, фӕлӕ уӕддӕр адӕм стырӕй, чысылӕй ӕрбамбырд сты бӕрӕгбоны фӕзмӕ.

Дзӕуджыхъӕуы администрацийы культурӕйы управлени бацӕттӕ кодта хъӕздыг культурон-хиирхӕфсӕн программӕ. Арӕзт ӕрцыдысты ирон чъиритӕ, цыхты ӕмӕ бӕгӕныйы фестивалтӕ. Бынӕттон ӕрмдӕснытӕ ӕвдыстой сӕ арӕхстдзинӕдтӕ, хъӕууон хӕдзарады кусджытӕ сӕ продукци рахастой армукъатӕм, бӕрӕгбоны архайджытӕн фадат уыд балхӕнын экологон ӕгъдауӕй сыгъдӕг дыргътӕ ӕмӕ халсартӕ.

Ирон чъириты фестивал нӕ горӕты ныр ӕхсӕзӕм хатт цӕуы, фӕлӕ йын «ӕппӕтуӕрӕсеон конкурсы» нысаниуӕг фыццаг хатт лӕвӕрд ӕрцыдис.

Бӕрӕгбоны архайдтой РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсады командӕгӕнӕг Владимир Жаров, Дзӕуджыхъӕуы муниципалон сконды разамонӕг Икъаты Русланбег, Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы хицауы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Фӕрниаты Тамерлан, РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова, РЦИ-Аланийы ӕххӕстбарджын минӕвар УФ-йы Президенты цур Дзанайты Барис.

Бӕрӕгбоны архайдтой «Ирон бӕгӕны»-йы дунеон фестивалы национ-культурон конкурсы 8-ӕм ӕрдӕгкӕронбӕттӕны архайджытӕ сӕ конд бӕгӕнытимӕ.

Нӕ республикӕйы мыдуарзджытӕн сӕ бон уыд балхӕнын, хӕххон ӕрдзы хъӕбысы цы сыгъдӕг мыд ӕмбырдгонд ӕрцыд, уый. Владимир Клапцов мыдгӕсӕй кусы, у ООО «Темп»-ы разамонӕг. Йӕхӕдӕг дары мыдыбындзытӕ, зилы сӕм. Хъыгагӕн, нӕ республикӕйы ахӕм хӕдзарӕдтӕ дыууӕ йеддӕмӕ нал баззад. Владимир куыд зӕгъы, афтӕмӕй ӕййафынц тыхстдзинӕдтӕ.

— Ирыстоны хъӕдты ӕнауӕрдонӕй цӕгъдынц сусхъӕды бӕлӕстӕ, алыхуызон химикаттӕй быдыртӕ пырх кӕнынц ӕмӕ уыдонӕй мыдыбындзытӕ цагъды кӕнынц,— загъта мыдгӕс.

58-ӕм ӕфсады хъӕппӕрисӕй арӕзт ӕрцыдысты хӕстон-спортивон ерыстӕ ӕмӕ хъӕзтытӕ. Ӕфсӕддонтӕ азарыдысты патриотон зарджытӕ. Ам контрактон службӕмӕ бацӕуыны куырдиат кӕмӕ фӕзынд, уыдоны ӕфсадмӕ райстой.

Фӕсивӕд, уӕлдайдӕр та лӕппутӕ, цымыдисӕй кастысты, бӕрӕгбоны цы хӕстон техникӕ ӕвдыст ӕрцыд, уыдонмӕ. Сӕ бон уыд хӕцӕнгӕрзтӕм къухӕй бавналын, райхалын сӕ ӕмӕ сӕ ногӕй ӕрӕмбырд кӕнын. Развӕдсгарджытӕ, суворовонтӕ ӕмӕ чысыл ӕфсӕддонтӕ равдыстой сӕ арӕхстдзинӕдтӕ хъӕбысӕй ӕмӕ армӕй хӕцынӕй.

Бӕрӕгбон йӕ тӕмӕны куы бацыд, уӕд ӕфсӕддонтӕ нӕ республикӕйӕн балӕвар кодтой 10-ӕм гвардион Фистӕгӕфсӕддон корпусы тырыса, уый Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг уыд Ирыстоны зӕххыл, фашистон лӕгмарты ныхмӕ тохты рӕстӕг ӕмӕ у Уӕлахизы тырысайы къопи.

***

Республикӕйы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы бӕрӕгбонты кадӕн мадзӕлттӕ 22 сентябры сӕйрагдӕр конд уыдысты Дзӕуджыхъӕуы Сӕрибары фӕзы, Сабырдзинады проспекты ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы номыл культурӕ ӕмӕ фӕлладуадзӕн парчы.

Сӕрибары фӕзмӕ хӕстӕг 58-ӕм ӕфсадӕн уыд йӕ ӕфсӕддон машинӕты (50 фылдӕр) БТР-ы равдыст.

Нӕ республикӕйы ӕмӕ горӕты иуӕй-иу бинонтӕм ис рагон, уӕрӕсейаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕтӕ. Уыдоны хицӕуттӕн дӕр уыд фадат се ‘вӕрӕнты фӕндаггон хӕзнатӕ равдисынӕн.

Национ музейы бӕстыхайы акомкоммӕ та сӕ продукци: ирон, уырыссаг чингуытӕ, журналтӕ, буклеттӕ ӕмӕ ӕндӕр мыхуыры продукци аив тӕрхӕджытыл равӕрдтой нӕ республикӕйы литературон, аивадон, ӕхсӕнадон-политикон журналты редакцитӕ, рауагъдадтӕ «ИР», » Харизма», Абайты Васойы номыл гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕнты институты рауагъдад. Уымӕй уӕлдай ма Национ наукон ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы центрон библиотекӕты кусджытӕ, бӕрӕгбоны архайджытӕн бацӕттӕ кодтой чингуыты равдыстытӕ, Иры номдзыд хъӕбул Хетӕгкаты Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстадон архайдимӕ баст викторинӕтӕ.

Литературӕуарзджытӕн ӕмӕ ӕрыгон автортӕн та сценикон фӕзы арӕзт уыд «Сӕрибар микрофон». Ӕмӕ сӕ алкӕй бон дӕр уыд фадат йӕхи кӕнӕ ирон, уырыссаг, фӕсарӕйнаг поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ бакӕсын. Фӕсивӕды хъуыддӕгты комитет дӕр нӕ фӕсивӕдӕн, сӕрмагонд конкурсы фӕрцы бар радта сӕ литературон ӕмӕ сфӕлдыстадон курдиат равдисынӕн. Ӕхсызгон уый у, ӕмӕ ацы дыууӕ конкурсы архайджытӕн сӕ арӕхстдзинад ӕвдисыны бар уыд, куыд ирон, афтӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл.

Бӕрӕгбонмӕ нӕ республикӕмӕ цы уазджытӕ ссыд, уыдонӕн ӕмӕ нӕ республикӕйы ӕппӕт цӕрджытӕн алыхуызон акцитӕй, конкурстӕй ӕмӕ равдыстытӕй сӕ зӕрдӕтӕ барухс кодтой фӕсивӕдон организацитӕ, ӕхсӕнадон-хӕрзаудӕн фондтӕ, сывӕллӕтты сфӕлдыстады хӕдзӕрттӕ.

Сабырдзинады проспекты ма Театралон фӕзы, нӕ республикӕйы районты ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы профессионалон ӕмӕ хихъӕппӕрисадон аивадон къордтӕ сценӕйы сӕ курдиат равдыстой кафынӕй, зарынӕй, музыкалон инструменттӕй цӕгъдынӕй.

Национ хӕринӕгтимӕ, нӕ республикӕйы цы адӕмыхӕттытӕ цӕры, уыдоны культурӕимӕ, аивадимӕ, ӕрмдӕсныйады куыстытимӕ та бӕрӕгбонмӕ ӕрбацӕуджытӕ базонгӕ сты Хетӕгкаты Къостайы номыл культурӕ ӕмӕ фӕлладуадзӕн парчы. Алы национ-культурон ӕхсӕнадӕн дӕр дзы арӕзт уыд сӕрмагонд фӕзтӕ ӕмӕ цатыртӕ. Паркмӕ чи йӕхӕдӕг ӕрбацыд, чи йӕ сабиимӕ. Се ‘ппӕтӕн дӕр уыд фадат, Хӕлардзинады хӕдзары цы национ-культурон ӕхсӕнадтӕ ӕрбынат кодта, уыдоны сфӕлдыстадон къордты аивадимӕ базонгӕ уӕвынӕн, национ хӕринӕгтӕй саходынӕн, алыхуызон равдыстытӕ фенынӕн.

Изӕры авд сахатыл Сӕрибары фӕзы уыд бӕрӕгбоны стыр концерт. Архайдтой дзы нӕ республикӕйы зыдгонд эстрадон зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ музыканттӕ. Сӕрмагондӕй Дзӕуджыхъӕумӕ нӕ бӕрӕгбоны архайынмӕ Мӕскуыйӕ ссыд зындгонд уырыссаг вокалист Алексей Чумаков. Ӕмӕ адӕмы зӕрдӕтӕ барухс кодта йӕ вокалон курдиатӕй.

Фӕсизӕр Дзӕуджыхъӕуы сӕрмӕ арв ныррухс бӕрӕгбоны кадӕн лӕвӕрд салютӕй.

Ӕрмӕджытӕ бацӕттӕ кодтой

Хъойбайты Галинӕ ӕмӕ Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here