Цинвӕлыст ӕмӕ райдзаст сабидуг

0
369

Абон нӕ бӕстӕйы бӕрӕг кӕнынц Хъомылгӕнӕг ӕмӕ рӕвдауӕндӕтты ӕппӕт кусджыты бон. Алы адӕймаг дӕр, ӕнӕмӕнг, хъомылгӕнӕг у. Бинонты ӕхсӕнӕй райдайы хъомыладон куыст. Фӕлӕ ӕхсӕнадон царды сӕрмагондӕй йӕ архайд, йӕ хъысмӕт ӕрмӕст хъомыладон куыстӕн чи снывонд кӕны, сабиты зӕрдӕмӕ дунейы фарн чи хӕссы, йӕ чысыл уды йын царды рӕсугъд фӕндӕгтыл ацӕуынмӕ ныфсы ӕмӕ уарзондзинады цырӕгътӕ чи ссудзы, уыцы хъомылгӕнджытӕ сты рӕвдауӕндоны. Ацы кусджытыл цы стыр бӕрнондзинад ӕвӕрд ис, уымӕн хуымӕтӕг ныхӕстӕй зӕгъӕн нӕй.

27 сентябр —  Хъомылгӕнӕг ӕмӕ рӕвдауӕндӕтты ӕппӕт кусджыты бон хуымӕтӕджы нӕу. Уӕд, 1863 азы, Бетъырбухы байгом нӕ бӕстӕйы ӕппӕты фыццаг рӕвдауӕндон. Бындурӕвӕрӕг та уыдис фыццаг хъомылгӕнӕг Аделаидӕ Симонович, ӕхсӕнадон архайӕг. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Уӕрӕсейы алы рӕтты гом кодтой ныййарджыты удӕнцойӕн ӕмӕ ӕххуысӕн сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕттӕ.

Мызуры сывӕллӕттӕн ӕппӕты фыццаг рӕвдауӕндон сарӕзта 1938 азы Садоны зды ӕмӕ цинчы ӕрзӕткъахӕн комбинаты разамынд. Шахтӕты кусӕг ӕрыгон бинонтӕн уый ӕвӕджиауы лӕвар уыд, ӕмӕ, кӕд ирон бинонты рагӕй-ӕрӕгмӕ сабийы нанатӕ хъомыл кодтой, уӕддӕр царды ног ивддзинад сӕ зӕрдӕмӕ айстой Мызуры цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ сабиты зӕрдиагӕй хуыдтой хъомылады «къонамӕ».

Цымыдисаг ма уый у, ӕмӕ Мызуры 1-ӕм сывӕллӕтты рӕвдауӕндон куы сарӕзтой, уӕдӕй абонмӕ дзы сӕргълӕуджытӕй куыстой ӕрмӕстдӕр дыууӕ адӕймаджы — Дзылыхты Фаинӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕ абон дӕр 48 азы кусы Магкӕты Клавдия. Клавдия педагогон училищӕ каст куы фӕцис, уӕд ӕй 1971 азы ӕрӕрвыстой ардӕм хъомылгӕнӕгӕй, 38 азы та дзы кусы сӕргълӕууӕгӕй.

Клавдия йӕ цард хъомыладон куыстӕн дзӕгъӕлы не снывонд кодта. Сабитимӕ кусын рагӕй дӕр уарзта ӕмӕ йӕ равзӕрст фӕндаг нал аивта. Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй сывӕллӕттӕн ис хорз уавӕртӕ сӕ хъомыладон цардӕн.

— Бӕстыхай зӕронд у, фӕлӕ нын стыр ӕххуыс кӕны Зӕрӕмӕджы ГЭС-ы разамынд. Дыууӕ азы размӕ нын кӕрӕй-кӕронмӕ ногтӕй баивтой нӕ рудзгуытӕ — 75 рудзынджы. Ногӕй нын рацарӕзтой нӕ хъармгӕнӕн системӕ, аивтой бӕстыхайы сӕр, бамбӕрзтой йӕ ногдӕр ӕрмӕгӕй. Ныр та нын нӕ ӕрбацӕуӕнтӕ ног гӕрӕнтӕй ивынц, стӕй кӕрт, фӕзуат ӕнӕхъӕнӕй дӕр асфальт скӕндзысты. Ацы ӕххуыстӕ махӕн стыр ахъаззаг сты ӕмӕ сын бузныг зӕгъӕм ӕнӕхъӕн коллективӕй дӕр, — загъта Магкӕты Клавдия.

Сывӕллӕтты къордтӕ дзы дыууӕ ис — хистӕр ӕмӕ кӕстӕр, фӕлӕ ӕдӕппӕтӕй сабиты нымӕц у 46 адӕймаджы. Ирыстоны иннӕ хӕххон районтимӕ абаргӕйӕ, фылдӕр, ӕмӕ уый ӕхсызгон хабар у. Ницы хъуаг ӕййафынц ӕппындӕр чысыл хъомылгӕнинӕгтӕ, сты буц ӕмӕ рӕвдыд. Семӕ кусынц фӕлтӕрдджын хъомылгӕнджытӕ: Таболты Фатимӕ, Хъайтмазты Ганӕ, Дарчиты Ларисӕ, Кучиты Иринӕ, физикон цӕттӕдзинады специалист Мӕрзойты Маринӕ. Се ‘нӕниздзинадмӕ сын йӕ цӕст дары Хъотайты Наташӕ, хӕрзад хӕринаг та сын кӕны Зӕгӕлаты Зӕлинӕ.

Сывӕллӕттӕ архайынц алыхуызон конкурсты районты ӕмӕ ӕрмӕст сывӕллӕттӕ нӕ, фӕлӕ хъомылгӕнджытӕ ӕмӕ сӕргълӕуджытӕн дӕр арӕзт цӕуынц конкурстӕ.  Ацы кусджыты къорд ӕмӕ сывӕллӕттӕ алы хатт дӕр райсынц 2-3 бынӕттӕ. Магкӕты Клавдия ма куыд загъта, афтӕмӕй сывӕллӕттӕ иттӕг хорз цӕттӕгонд ӕрцӕуынц райдайӕн скъоламӕ бацӕуынмӕ. Ууыл зӕрдиагӕй бакусынц Таболты Фатимӕ ӕмӕ Хъайтмазты Ганӕ. Раздӕр сӕ цӕттӕдзинады нымӕц кӕд 80 проценты уыдис, уӕд ныр та — 95.

— Сӕ цӕст нӕм иудадзыг дарынц Алагиры районы ахуырады хайад, йӕ сӕргъы Хӕдарцаты Альбинӕ ӕмӕ депутаттӕ. Хойраджы продукттӕм цӕуы биноныг каст. Дзидза, кӕсаг, дыргътӕ ӕдзух дӕр вӕййынц нӕ сывӕллӕтты хӕлцады. Хӕрзхъӕд продукттӕ иудадзыг, — дзырдта дарддӕр сывӕллӕтты рӕвдауӕндоны сӕргълӕууӕг. Рӕвдауӕндоны ис ӕвӕрӕз бинонты сывӕллӕттӕ дӕр. Ӕмӕ уыдонӕн ӕнӕмӕнг, ӕххуыстӕ бакӕны районы социалон фӕдзӕхстад, куы — дзаумӕттӕй, куы — ӕхцайӕ. Сывӕллоны иу мӕйы хардз ныййарӕгӕн сысты 1300 сомы. Нӕхи кусджытӕй ацы ранмӕ кӕй сывӕллон цӕуы, уыдон сты уӕгъд фиддонӕй. Хъомылгӕнӕджы мӕйы мызд та нӕм у 11 мин сомы, уыдонӕй сыгъдӕгӕй сӕ къухмӕ райсынц 9 мин сомы.

Ахӕм чысыл мызд ис, ӕмӕ дӕ куыстмӕ алы бон дӕр цингӕнгӕ уай, дӕ мидбылхудт дӕ цӕсгомӕй ма цӕуӕд, уый стыр сгуыхтдзинад у, уымӕн ӕмӕ кӕд ацы хъомылгӕнджытӕ «сау» куыст нӕ кӕнынц, уӕддӕр рӕзгӕ фӕлтӕримӕ кусын ӕнцон нӕу, алы сывӕллоныл дӕр стыр бӕрнондзинад хӕссынц, йе ‘нӕниздзинадӕй райдай ӕмӕ йӕ ӕдасдзинады фарстӕй фӕу.

Саутӕты Тамилӕ

Къам систа Юлия ВАСИЛЕНКО

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here