«Мамысон»-ӕн — сӕрмагонд экономикон нысаниуӕг

0
261

Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауады Сӕрдар Дмитрий Медведев ӕмӕ РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн Мӕскуыйы цы фембӕлд уыдис, уым ныхас рауадис хӕххон-туристон комплекс «Мамысон»-ы проект царды рауадзыныл.

Стыр ӕргом аздӕхтӕуыд фидӕны фӕлладуадзӕн бынаты сӕрмагонд экономикон фӕз саразынмӕ. Дмитрий Медведев куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Уӕрӕсейы Хицауады ‘рдыгӕй ӕппӕт хъӕугӕ документтӕ цӕттӕ сты. «Мӕ къух бавӕрдтон Хицауады уынаффӕйыл ӕмӕ йӕ тыхы бацыд. Ацы туристон объект саразынӕн уал ныртӕккӕ бавналӕн ис сӕрмагонд экономикон фӕзтимӕ баст ӕппӕт хъуыддӕгтӕм. Мах ма уыцы фарстыл дзырдтам, ӕмӕ ныр рахастам, ацы объекты арӕзтадӕн 2019 ӕмӕ 2020 азты уӕлӕмхасӕн ӕхца радих кӕныны уынаффӕ. Ома, ныхас цӕуы, паддзахады ‘рдыгӕй цы ӕхца лӕвӕрд цӕуы, ууыл. Уыдӕттӕ домы паддзахадон-амалхъомадон ӕмархайд. Мӕ зӕрдӕ дарын, хорз туристон-хӕххон объект та нӕм кӕй фӕзындзӕн, ууыл», — загъта Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауады Сӕрдар.

Битарты Вячеслав арфӕ ракодта Дмитрий Медведевӕн, ахӕм бӕрзонд проект царды рауадзынмӕ ӕппынӕдзух йӕ хъус кӕй дары, уый тыххӕй. Республикӕйы Сӕргълӕууӕг куыд бафиппайдта, афтӕмӕй «Мамысон»-ӕн ис егъау социалон-экономикон ахадындзинад. «Цӕгат Ирыстоны фӕзындзӕн 3 мин ног кусӕн бынаты, уый нын тынг ахсджиаг фарст у. Уӕдӕ бафтдзӕн хъалонты фиддонтыл, нӕ республикӕмӕ фылдӕр туристтӕ цӕуын райдайдзӕн. Дзырд уын дӕттын, ацы хъуыддагӕн нын цы ӕхца лӕвӕрд цӕуы, уыдонӕй алы сом дӕр йӕ нысаныл сӕмбӕлдзӕн», — зӕрдӕ бавӕрдта Битары-фырт.

Сӕрмагонд экономикон фӕзты фӕзынды фӕрцы инвестортӕ се ‘ргом раздахдзысты проектмӕ, бавналдзысты уазӕгуӕттӕ, ауындзгӕ фӕндӕгтӕ, хиирхӕфсӕн бынӕттӕ, лыжӕтӕй бырӕн тӕлмыты арӕзтӕдтӕм. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй фарон фӕндӕтты тыххӕй разыдзинады документ бафыстӕуыд хъомысджын инвестортӕ «Гудмаш» ӕмӕ «Меркада»-имӕ. Ацы аз республикӕйӕн федералон бюджетӕй радих кодтой 100 милуан сомы, нӕхи бюджет — 20 милуан сомы, уыдон лӕвӕрд ӕрцыдысты «Мамысон»-ы проектон хӕрдзты документацийӕн. Уырдӕм хаст ӕрцыдысты фыццаг къӕпхӕны мидӕггаг хызтӕ ӕмӕ инфраструктурон объекттӕ саразыны нысантӕ.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы

ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here