Къоста, Тугъанты Махарбег, Санаты Барис. Ӕртӕ фарны лӕджы, ӕртӕ фӕлтӕры минӕвӕрттӕ, ӕртӕ Ироны. Ирон адӕмы, Ирыстоны йӕ удӕй фылдӕр чи уарзта, ахӕмтӕ. Сфӕлдыстадӕй — базырджын,ирон адӕмы рыстӕй — рыст. Ӕртӕ дӕр, фыццаджыдӕр, тынг ӕнувыд уыдысты сӕ мадӕлон ӕвзагыл, сагъӕс кодтой йӕ фидӕныл, фыстой йыл аивадон уацмыстӕ. Ӕмӕ дзы кӕд «Ирон фӕндыр»-ӕн ӕмбал нӕй, Махарбег ӕмӕ Барисӕн, куыд ӕппӕт ирон адӕмӕн, афтӕ уыдонӕн дӕр ахуыргӕнӕн чиныджы хуызӕн уыд, уӕддӕр иу уыдис сӕ нысан, сӕ бӕллиц. Ацы ӕртӕ Ироны ма ӕнгом бабаста хуызаивад. Растдӕр зӕгъгӕйӕ, Тугъанты Махарбегӕн аивады йӕ ахуыргӕнӕг, йӕхи кӕуыл барста, уый уыд Къоста, Санаты Барисӕн та — сӕ дыууӕ дӕр. Махарбег Къостайы тыххӕй ныффыста ахӕм уацтӕ: «Нывгӕнӕг Хетӕгкаты Къоста», «Иу хатт ма нывгӕнӕг Хетӕгкаты Къостайы тыххӕй», «Хетӕгкаты Къостайы нывкӕнынад», «Къоста куыд нывгӕнӕг ӕмӕ нывкӕнынады бындурӕвӕрӕг», «Хетӕгкаты Къостайы тыххӕй», фыста драмон уацмыс «Къоста — уӕлыгӕс» ӕмӕ ӕндӕртӕ. Йӕ уацтӕй иуы фыссы: «Санаты Ибрагимы фатер уыд Краснорядскийы уынджы Цӕнгӕт хидӕй чысыл дарддӕр. Хуссары ‘рдыгӕй уаты цардис Хетӕгкаты Къоста, Бетъырбухӕй куы ссыд, уӕд. Мах, Ибрагимы сывӕллӕттӕ, дыууӕ лӕппуйы ӕмӕ чызг хъыгдардтам нӕ хъӕр ӕмӕ рагӕпп-багӕппӕй фыццаг ирон нывгӕнӕг ӕмӕ поэт Къостайы. Иуӕй иу хатт-иу ӕм дуарӕй бакастыстӕм. Нӕ цӕстытӕ-иу къулыл ацахстой ныв. Фӕстӕдӕр куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй уый уыд “Кӕуӕг зӕд”. Иннӕ стырдӕр ныв уыдис мольбертыл… Уый — “Сывӕллӕттӕ — дурсӕтджытӕ”. Къоста тынг уарзта сывӕллӕтты ӕмӕ ӕппынӕдзухдӕр йӕхимӕ хуыдта ӕппӕты кӕстӕр Бибийы. Уымӕ кӕсгӕйӕ, Къостайы бафӕндыд сныв кӕнын гом гуыбын чысыл лӕппуйы. Ӕмӕ уыцы гыццыл лӕппу лӕууы нывы дӕр.»
Фӕстӕдӕр Махарбег реалон училищӕйы куы ахуыр кодта, уӕд Къостамӕ гӕсгӕ нывтӕ кӕныныл архайдта. Иуахӕмы йын йӕ куыстытӕ
Къостамӕ равдыста йӕ хорз зонгӕ Алыккаты Аннӕ. Къоста уарзгӕ Цӕлыккаты Аннӕйы кодта «Уазджытӕ куы ацыдысты, уӕд хъавгӕ бафарстон Костайы хӕлары: «Ацы нывты тыххӕй мӕм Къоста тынг смӕсты?» — фыссы Махарбег. — «Нӕ , мӕсты дӕм не ссис, фӕлӕ загъта: алцыдӕр йӕхицӕй кӕнгӕ у, йӕхӕдӕг ацы хъуыддагмӕ куыд бавнала… Реалон училищӕйы фӕстӕ ма йӕ нывгӕнӕг суӕвын бафӕнддзӕн — уый у фарст. Ахӕм хъуыддаг фӕндонӕй аразгӕ у». Уыцы ныхӕстӕ мын алыг кодтой мӕ дарддӕры царды фӕндаг».
Къоста Санатимӕ хӕлар уыд, Махарбег та — сӕ хӕрӕфырт, ӕмӕ зыдтой кӕрӕдзи. Сӕ дыууӕ дӕр Санаты Барисӕн систы царды, аивады фӕндагыл размӕ хонӕг стъалытӕ. Фыццаг хатт Махарбеджы куыстыты равдыстмӕ куы бацыд, уӕд уымӕн та уый фӕци аивадмӕ фӕндагамонӕг, ӕмӕ дзы рауад курдиатджын скульптор. Йӕхӕдӕг куыд фыссы, афтӕмӕй йӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ Къоста ӕмӕ Махарбеджы конд нывтӕ йӕ цӕстыты раз уыдысты сӕ хӕдзары къултыл конд. Цардысты Бруты. Йӕ фыд Адылджери ахуыргонд уыд, Тугъанты ӕлдӕрттӕм куыста бӕрнон бынаты. Бруты сарӕзта европӕйаг егъау хӕдзар голландиаг пецимӕ. Йӕ уазӕгуаты къултыл ын бакодта Къостайы автопортрет, стӕй Тхостаты Туттийы портрет — Адылджерийӕн йӕ мады портрет, Къостайы конд, Махарбеджы фыд Сафарбийы портрет, стӕй йӕхи портрет — сӕ дыууӕ дӕр Махарбеджы конд. Уымӕй уӕлдай ма къултыл ауыгъд уыдысты Глинкайы, Пушкины, Лермонтовы ӕмӕ ӕндӕр портреттӕ.
Иу цымыдисаг цау та ма уый у ӕмӕ, Махарбег дӕр ма йӕ куы зӕгъы, Къоста йӕ ныв «Сывӕллӕттӕ — дурсӕтджытӕ»-йы дыууӕ лӕппуйы сурӕттӕ скодта Барисы фыды ӕфсымӕр Ибрагимы чысыл лӕппутӕ Аслӕнбег (Биби) ӕмӕ Русланмӕ кӕсгӕйӕ.
Цгъойты Хазби