Тыхстаг фарстытимӕ — республикӕйы Сӕргълӕууӕгмӕ

0
208

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн радон фембӕлд уыд республикӕйы цӕрджыты къордимӕ сӕ царды тыхстаг фарстыты фӕдыл. Уӕрӕсейы Президенты ӕхсӕнадон исӕн уатмӕ уыцы бон алыхуызон куырдиӕттимӕ ӕрбацыд 23 адӕймаджы.

Зӕгъӕм, Р. Беллӕ йӕ лӕппу ӕмӕ чызгимӕ цӕрынц ӕртӕуатон самандур хӕдзары, цӕлгӕнӕн ӕмӕ сӕм абана нӕй. Чызг у фыццӕгӕм къорды инвалид, лӕппу та йе ‘нӕниздзинады уавӕрмӕ гӕсгӕ ӕппӕт хъарутӕй кусынхъом нӕу. Бинонтӕ йӕ рӕстӕджы хостӕ ӕлхӕнынӕн ӕмӕ хӕдзары сӕр раивынӕн банчы ӕфстӕуттӕ райстой ӕмӕ сӕ ныр гыццылгай фидынц. Республикӕйы Сӕргълӕууӕгмӕ та ӕххуысагур уымӕн ӕрбацыдысты ӕмӕ сӕ коммуналон фиддонты хӕстӕ бабирӕ сты — бафидын сӕ хъӕуы 50 мин сомӕй фылдӕр. Уыимӕ, чызджы радон хатт дзӕбӕх кӕнынмӕ аласын хъӕуы Налцыкмӕ. Уыцы ӕууӕлтӕ хынцгӕйӕ, республикӕйы Сӕргълӕууӕджы уынаффӕйӕ бинонтӕн финансон ӕххуысы хуызы радих кӕндзысты 150 мин сомы.

Ахӕм куырдиӕттимӕ Битарты Вячеславмӕ уыцы бон ӕрбацыдысты цалдӕр адӕймаджы. Уыцы бинонтӕн дӕр финансон ӕххуыс уыдзӕн.

Дзӕуджыхъӕуы 71-ӕм рӕвдауӕндоны хицау та республикӕйы разамонӕгмӕ бахатыд, цӕмӕй сын баххуыс кӕной хъомыладон кусӕндоны алыварс быру сӕвӕрыны хъуыддаджы. Ахӕм ӕххуысӕй Битарты Вячеслав зӕрдӕ бавӕрдта, стӕй, куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй рӕвдауӕндоны бакӕндзысты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ дӕр ӕмӕ дзы сараздзысты хъазӕн фӕз.

Ӕрӕфы районы Мӕцутӕйы хъӕуы цӕрджытӕ та фӕндон бахастой, цӕмӕй хъӕуы арӕзт ӕрцӕуа фелсырон-акушерон пункт. Куырдиатимӕ ӕрбацӕуӕг адӕмӕн Битарты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй пъланмӕ хаст ӕрцыд хъӕуы поликлиникӕйы арӕзтад. Уыцы медицинон кусӕндоны арӕзтадӕн нысангонд ӕрцӕудзӕн 18 милуан сомы. Уымӕй уӕлдай, куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыцы комы цӕрджыты тыхсын кӕны транспортон бастдзинады фарст дӕр. Хъуыддаг банывыл кӕныны фӕдыл Битарты Вячеслав бӕлвырд амынддзинӕдтӕ радта профилон ведомствӕты разамонджытӕн.

Адӕмы куырдиӕттӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуой, уымӕ бӕстон цӕстдард уыдзӕн.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here