«Экономикон рӕзт цы инвестицион проекттимӕ баст у, уыдон равзарын, сбӕрӕг сӕ кӕнын у тынг ахсджиаг ӕмӕ бӕрнон хъуыддаг. Уымӕ гӕсгӕ, хӕс ӕвӕрын, цӕмӕй йӕм бынтон ӕндӕр ахаст равдисӕм. Хъуамӕ пайдайаг ӕмӕ ахадгӕдӕр проекттӕ ссарыны мадзӕлттӕ фӕпарахатдӕр уой, хъуамӕ куыст райдайа муниципалон скондтӕй. Уыдон уал хъуамӕ хи къамисы фӕрцы фӕбӕрӕг кӕной, царды пайда чи ратдзӕн, ахӕм проекттӕ, дарддӕр сӕм хъуамӕ ӕркӕса республикон къамис», — знон Хицауады ӕмбырды, йӕ Сӕрдар Тускъаты Таймураз ахъаззаг хӕс сӕвӕрдта министртӕ, районты разамонджыты раз.
Ӕмбырдмӕ цы фарстытӕ хаст ӕрцыд, уыдонимӕ уыдис, 2017-2019 азты РЦИ-Аланийы инвестицион архайдӕн ӕххуысы мадзӕлтты тыххӕй паддзахадон программӕмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл документ дӕр. Экономикон рӕзты министр Томайты Хъазыбег куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй ацы аз цы цыппар инвестицион проекты ӕххӕстгонд цӕуы, уыдон хаст сты Уӕрӕсейы ӕмӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды паддзахадон программӕтӕм. Федералон бюджетӕй цы ӕхца радих кодтой, уыдон хъӕудзӕн фӕстӕмӕ здахын. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтӕмӕй, цӕмӕй паддзахадон программӕтӕм хъомысджындӕр проекттӕ хаст ӕрцӕуой, уый тыххӕй архайын хъӕуы министрадты, районты разамонджыты дӕр.
«Кӕд ӕмӕ инвестицион проекттӕ бацӕттӕ кӕнын, рӕгъмӕ сӕ рахӕссын нӕ иумӕйаг хӕс у, уӕддӕр кӕцыдӕр ведомствӕтӕ ӕппындӕр уыцы нысантыл нӕ архайынц. Хъавӕм туризм, ӕрдзон хӕзнатӕ къахын, кусын, хъӕууон хӕдзарад, промышленност, экологи размӕ ракӕнын, экономикон ӕгъдауӕй сӕ бӕллиццаг ӕмӕ пайдайаг скӕнын. Уый тыххӕй та хъӕуы архайын, хъуамӕ алы министр дӕр, йӕ бӕрны цы къабаз ис, уый раиртаса, сбӕрӕг дзы кӕна пайдайаг рахӕцӕнтӕ. Уыдоны бындурыл бацӕттӕ кӕна рӕзты проект ӕмӕ йӕ дарддӕр рахӕццӕ кӕна республикон, уымӕй дарддӕр та — Цӕгат Кавказы федералон зылды ӕмвӕзадмӕ», — бацамыдта Тускъаты Таймураз.
Уый ӕмбырды архайджыты раз сӕвӕрдта бӕрнондӕрӕй архайыны хӕс, ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй паддзахадон программӕтӕм хаст инвестицион проекттӕ уыдзысты хъомысджын, ӕнаипп, царды рауадзынӕн бӕзгӕ.
Ахсджиагыл банымайгӕ уыд финансты ведомствӕйы разамонӕг Бутаты Хъасболаты раныхас дӕр. Уый баст уыдис РЦИ-Аланийы 2020 азӕн ӕмӕ 2021-2022 азтӕн бюджетон ӕмӕ хъалонты политикӕйы сӕйраг рахӕцӕнтимӕ. Фыццагдӕр уал Бутайы-фырт фӕбӕрӕг кодта, ацы азы дӕргъы бюджетон ӕмӕ хъалонты политикӕ цӕуыл ӕнцадис, уыцы бындуртӕ. Куыд бацамыдта, афтӕмӕй сӕ сӕйрагдӕр хӕс уыдис бюджеты нывылдзинад бахъахъхъӕнын ӕмӕ хи ӕфтиӕгты бӕрц фӕфылдӕр кӕнын. Министр ӕрхаста нымӕцтӕ, ӕппӕт бӕрӕггӕнӕнтӕ дӕр, радзырдта, ног ӕмгъуыдмӕ бюджеты ӕмӕ хъалонты политикӕ куыд сӕххӕст кӕнынмӕ хъавынц, уыцы нысанты тыххӕй.
Ӕмбырды ма равзӕрстой ӕндӕр ахсджиаг фарстытӕ дӕр, сфидар кодтой ӕмбӕлгӕ уынаффӕтӕ.
Бутаты Эльзӕ













