Нӕ газеткӕсджытӕ ӕнӕзонгӕ не сты, йӕ фӕсном Волна кӕмӕн у, уыцы раззагазиаг сыл фыранк 2018 азы сӕрды уагъд кӕй ӕрцыд ӕрӕфы районы Национ парк «Алани»-йы территорийы. Дӕргъвӕтин рӕстӕг йӕ цӕрӕнбынат бӕрӕг нӕ уыд, фӕлӕ ныр Уӕрӕсейы Наукӕты академийы А.Н. Северцовы номыл экологи ӕмӕ эволюцийы институт ӕмӕ компани «РусГидро»-йы специалисттӕ ӕппӕтдӕр сбӕрӕг кодтой хъӕддаг цӕрӕгойы тыххӕй.
Институт ӕмӕ компанийы фыранкы ногӕй Цӕгат Ирыстоны ӕрцӕрын кӕныны иумӕйаг проекты куратор Артур Алибеков фехъусын кодта:
«Ивгъуыд азы сӕрды ӕрдзон алыварсмӕ уагъд чи ‘рцыд, уыцы раззагазиаг сыл фыранк ӕнтыстджынӕй фӕцахуыр традицион цӕрӕн бынӕттыл ӕмӕ ардыгӕй никӕдӕм цӕуы. Уый фадат ратдзӕн ацы районы фыранкты къорды сӕндидзынӕн, кӕд уый нӕл ссара, раздӕр ма сбирӕ кӕныны программӕйы фӕлгӕты уагъд чи ‘рцыд, уыцы фыранктӕй, уӕд.
Уавӕр афтӕ уыд, ӕмӕ тугдзых территори сбӕрӕг кӕныны фӕстӕ цалдӕр хатты бахызт Кӕсӕг-Балхъармӕ, фӕлӕ та-иу уый фӕстӕ ногӕй ӕрбаздӕхт Цӕгат Ирыстонмӕ йӕ ахуыр цӕрӕн бынӕттӕм. Суанг зымӕджы дӕр Волна йӕхицӕн сбӕрӕг кодта цуан кӕнын ӕмӕ фӕлладуагъды уарзон бынӕттӕ. Йӕ холы та вӕййынц хъӕддаг сӕфтӕгджын цӕрӕгойтӕ, хатгай та манкъа бирӕгътӕ ӕмӕ зыгъарджытӕ. Уыимӕ, сыл фыранк иу ранӕй иннӕ ранмӕ фӕцӕуы арӕхстгай, хъӕд ӕмӕ хӕххон бынӕтты та йӕхи дард ласы цӕрӕн бынӕттӕй”.
Артур Алибеков куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй сыл фыранкы цӕрӕн бынӕттӕ иудадзыг ивд кӕй цӕуынц, уый бӕрӕггонд цӕуы къамахсӕнты матрицӕтӕй.
Фыранк ногӕй сбирӕ кӕныны программӕйы куыд загъд ис, афтӕмӕй ацы хъӕддаг цӕрӕгой арӕх уыд Кавказы ӕмӕ ахста ӕппӕт хӕххон территоритӕ дӕр. Фӕлӕ 1950 азмӕ йӕ нымӕц цӕхгӕр дӕлӕмӕ ӕрхауд, ацы тугдзых ӕппӕтӕй дӕр цагъд ӕрцыд бирӕ рӕтты. Уымӕ гӕсгӕ 2005 азы Уӕрӕсейы хъӕддаг ӕрдзы (W WF) ӕмӕ Уӕрӕсейы Наукӕты академийы Экологи ӕмӕ эволюцийы институты специалисттӕ сарӕзтой фыранк ногӕй Кавказы сбирӕ кӕныны программӕ. 2007 азы уый фидаргонд ӕрцыд УФ-йы Хицауады ӕмвӕзады, 2009 азӕй фӕстӕмӕ та йын ӕххуыс кӕны Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин.
Т. Костин














