РЦИ-Аланийы сӕрмагонд информацион проект «ӕргом хицауад»-ы фӕлгӕты уыд Мыхуыры ӕмӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты республикон комитеты сӕрдар Фидараты Юрийы фембӕлд журналисттимӕ. Фидары-фырт бӕстон ӕрдзырдта ведомствӕйы архайды тыххӕй.
Фембӕлд амыдта республикӕйы Сӕргълӕууӕджы пресс-службӕйы разамонӕг Сабанты Фатимӕ.
Фидараты Юри ведомствӕйы куысты тыххӕй радзырдта: “Нӕ республикӕйы ӕдӕппӕтӕй ис 96 дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзы, уыдонӕй 60 сты периодикон мыхуыры фӕрӕзтӕ — газеттӕ ӕмӕ журналтӕ, 11 — телеуынынадон каналтӕ, 15 — радио каналтӕ, 10 — мыхуыры хӕдзары ӕмӕ 1 информацион агентад. Фӕлӕ уыдон се ‘ппӕт Комитеты дӕлбар не сты. Комитетмӕ хауынц: Национ телеуынынад, республикон газеттӕ «Рӕстдзинад», «Северная Осетия», «Слово»; журналтӕ «Ирӕф», «Мах дуг» ӕмӕ «Ногдзау».
Нӕ ведомствӕйы сӕйрагдӕр хӕс у, дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты ӕппӕт куыстӕн уавӕртӕ дӕр саразын, ӕххуыс сын кӕнын, цӕмӕй къуылымпы мацӕмӕй кӕной, сӕ куыст ӕнтыстджын уа. Уыимӕ, нӕ хӕс у республикӕйы Хицауады ӕмӕ УФ-йы Хицауады политикӕ адӕмы рӕгъмӕ хӕссын, адӕмӕн ӕмбарын кӕнын”.
Фидараты Юри йӕхӕдӕг фӕкуыста газеты, радиойы ӕмӕ телеуынынады дӕр. Уый та дзурӕг у ууыл, ӕмӕ йын ацы куысты сусӕгдзинӕдтӕ зындгонд сты, зоны йын йӕ риссаг ӕмӕ хынцинаг фарстытӕ дӕр. Дыууӕ азы кусы ведомствӕйы разамонӕгӕй.
— Фӕстаг дыууӕ азы сӕйрагдӕр хъуыддагыл нымайын Национ телеуынынады фӕзынд. Уый у стыр ӕнтыстдзинад нӕ республикӕйы культурон царды рӕзтӕн. Ацы хъуыддагмӕ стыр ӕвӕрӕн бахаста нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.
Национ телеуынынад кусы суткӕйы дӕргъы. Йӕ равдыстыты 50 проценты цӕуынц ирон ӕвзагыл. Уый у йӕ сӕйрагдӕр хӕс, цӕмӕй адӕм фылдӕр хъусой ирон ӕвзаг, нӕ фыдӕлты рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ нӕ ирон фарн парахат кӕной кӕстӕрты ‘хсӕн. Уе ‘ппӕт дӕр куыд зонут, афтӕмӕй ныртӕккӕйы рӕстӕг, хъыгагӕн, Интернеты тыгъдады ис бирӕ ӕнӕхъӕугӕ ӕмӕ тӕссаг информаци ӕмӕ махӕн нӕ хӕс у газеттӕ ӕмӕ телеуынынады руаджы рӕзгӕ фӕсивӕды бахъахъхъӕнын, сӕ зонд сын зыгъуыммӕ чи кӕны, уыцы ахадындзинадӕй сӕ бахизын. Национ телеуынынад нырма хӕрз ӕрыгон у, фӕлӕ ныридӕгӕн бирӕ информацион конкурсты уӕлахиздзау сси, райста бирӕ Кады гӕххӕттытӕ, арфӕйы ныхӕстӕ. Ис дзы бирӕ хынцинаг фарстытӕ нырма. Телеуынынадмӕ кӕсджытӕй бирӕтӕ ӕрбадзурынц, разы нӕ вӕййынц кӕцыдӕр равдыстытӕй, фӕлӕ уый диссаг нӕу, дыууӕ азмӕ йӕ къӕхтыл чи слӕууыд, ахӕм телеуынынадӕн. Газетты тыххӕй куы дзурон, уӕд зӕгъдзынӕн афтӕ: архайӕм, цӕмӕй газетты тиражтӕ дӕлӕмӕ ма ‘рхауой, ууыл.
Нӕ куысты стыр ӕргом здӕхт цӕуы Хуссар Ирыстонимӕ информацион бастдзинад ӕнгомдӕр кӕныны хъуыддагмӕ. Фӕстаг рӕстӕг нын Хуссар Ирыстоны дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттимӕ уыд ӕртӕ фембӕлды. Цӕгат Ирыстоны хабӕрттӕ цӕуынц мыхуыргонд хуссайраг газетты, Хуссар Ирыстоны хабӕрттӕ та — Цӕгат Ирыстоны газетты, ӕвдыст цӕуынц Национ телеуынынадӕй дӕр. Нӕ хӕс у арӕхдӕр ӕмбӕлын ӕмӕ нӕ иудзинадыл фылдӕр архайын.
Чингуыты рауагъдад «Ир», хъыгагӕн, ссӕдз азы размӕ кӕйдӕр ӕнӕсӕрфат уынаффӕйӕ сси коммерцион куыстуат, фӕлӕ ныр фидыны мадзӕлттӕ ивд ӕрцыдысты ӕмӕ хӕсты бын фесты, сӕ чингуытӕ та амадӕй лӕууынц, рыджы бын фесты. Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ горӕты Сабырдзинады проспекты уыд ирон чингуыты дукани. Ныр уый нал ис, ӕмӕ сӕ чингуытӕ цы фӕкӕной. Библиотекӕтыл сӕ байуарынц. Ацы хъуыддаг фӕхуыздӕр кӕныныл архайы нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг, ӕмӕ ирон чингуыты дукани тагъд рӕстӕджы Дзӕуджыхъӕуы фӕзындзӕн.
Иннӕ хъуыддаг. Битарты Вячеславы фӕндонмӕ гӕсгӕ, хуыздӕр журналистон куыст чи ныффысса, уый хорзӕхджын ӕрцӕудзӕн сӕрмагонд премийӕ. Хицӕн премийӕ та хорзӕхджын цӕудзысты, ирон ӕвзагыл чи фыссы, уыдон. Преми лӕвӕрд цӕудзӕн, наркотикты ныхмӕ тохы тыххӕй хуыздӕр уацхъуыд чи ныффысса, уымӕн, — фӕнысан кодта комитеты сӕрдар.
Фембӕлд рауад мидисджын ӕмӕ цымыдисаг. Дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттӕм уыд бирӕ фарстытӕ, ӕмӕ сын ведомствӕйы разамонӕг радта бӕлвырд дзуаппытӕ. Уыцы фарстытӕй иу уыд ахӕм:
— Национ мыхуыр ныртӕккӕ зын уавӕры ис. Цавӕр мадзӕлттӕ аразы нӕ республикӕйы Хицауад уыцы уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн?
— Ныртӕккӕ ирон ӕвзагыл чи фыссы, уыдоны нымӕц дзӕвгар фӕкъаддӕр. Иронау бирӕтӕ кӕсгӕ дӕр нал кӕнынц. Уыцы уавӕр хынцгӕйӕ, нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг махӕн бабар кодта, цӕмӕй республикӕйы Хицауады хардзӕй ЦИПУ-йы журналистикӕйы факультеты байгом кӕнӕм фондз бынаты, иронау чи фыссы, ахӕм студенттӕн. Махӕн нӕ сӕйрагдӕр хӕс у, ацы уавӕр сраст кӕнын, — уыд йӕ дзуапп Фидары-фыртӕн.
Гӕбуаты Галинӕ














