Йӕ архайд у хъомысджын ӕмӕ ахадгӕ

0
550

Абон цы хъуыддӕгтыл, цы нысантыл архайӕм, уыдон фӕстӕдӕр, фидӕны цавӕрдӕр хъомысджын ахадындзинад куы нӕ равдисой, уӕд уый дзурӕг у, хуымӕтӕг ӕмӕ ахсджиаг нысантӕ ӕвӕрынхъом кӕй не стӕм, ууыл. Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав республикӕйӕн разамынд цы ӕртӕ азы дӕтты, уыдон рауадысты вазыгджын ӕмӕ бӕрнон.  ӕртӕ азы уыйас стыр ӕмгъуыд нӕу, ӕмӕ дзы ӕнӕсӕнкъуысгӕ хатдзӕгтӕ хӕссӕм, фӕлӕ рӕгъмӕ цы рахӕссӕм, уый ис.

Мӕ цӕстӕй акӕсгӕйӕ, йӕ къухы бафтыдис республикӕйы цӕрджыты риссагдӕр фарстытӕ сӕххӕст кӕнын. Битары-фыртмӕ ис хӕдзарадон архайды стыр фӕлтӕрддзинад, ӕмӕ йӕ бон у бӕлвырд уынаффӕтӕ хӕссын. Ома, мӕнӕ ныртӕккӕ, абон Ирыстоны чи цӕры, уыдоны фӕрныгадыл чи фӕзындзӕн, ахӕмтӕ. Уый тыххӕй та бавнӕлдта республикӕйы экономикон хъомыс, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад, культурӕ бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ сисынмӕ. Республикӕйы Сӕргълӕууӕджы ахӕм ахадгӕ архайд ныл фӕбӕрӕг ис, Уӕрӕсейы субъектты ‘хсӕн, Цӕгат Ирыстон инвестицион уавӕрмӕ гӕсгӕ схызт уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ.

Ахсджиагыл банымайгӕ у, бирӕфадатджын центрты амалхъомадӕн ахъазгӕнӕг фадӕттӕ конд кӕй ӕрцыдис, уый. Хъуыддаг байгом кӕнын кӕй бафӕнда, уый ӕппӕт хъӕугӕ хабӕрттӕ базондзӕн, ныридӕгӕн цавӕр ӕххуысы мадзӕлттӕ райсӕн ис, уыдӕттӕ дӕр. Адӕм тынгдӕр цӕмӕй хъӕрзынц, уыдӕттӕ сӕхицӕй фехъусыны охыл Битарты Вячеслав арӕх ӕмбӕлы хъӕуты ӕмӕ горӕтты цӕрджытимӕ. Ӕргомӕй сын ӕмбарын кӕны, ныртӕккӕ цавӕр фарстытыл кусынц, сӕ размӕ цавӕр хӕстӕ ӕвӕрынц, уыдӕттӕ. Социалон политикӕйы республикӕйы Сӕргълӕууӕг сӕйрагдӕр хӕсыл нымайы хистӕр фӕлтӕры, инвалидтӕ, сывӕллӕтты бартӕ хъахъхъӕнын.

Цӕгат Ирыстоны экономикӕ ма къуырцдзӕвӕны куы уыдис, уӕдӕй нырмӕ граждӕнты алы категориты раз сӕвзӕрд бирӕ хӕстӕ, ныр социалон фиддонтӕ адӕммӕ хӕццӕ кӕнын райдыдтой афойнадыл. Раздӕр азты афойнадыл цы хӕстӕ нӕ фыстӕуыд, уыдоны бӕрц дӕр 10 миллиард сомӕй фӕфылдӕр, уый та тӕссагдзинад ӕвзӕрын кӕны республикӕйы дарддӕры рӕзтӕн. Уыцы вазыгджын хъуыддӕгтыл цӕуы ӕрвылбоны куыст. Стыр ӕргом республикӕйы Сӕргълӕууӕг здахы ахуырады хъуыддагмӕ, ӕппӕт фадӕттӕ арӕзт цӕуынц, цӕмӕй сывӕллӕттӕ ахуыр кӕной иу рады. Уӕдӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмбӕлгӕ ӕмвӕзады ахуыр кӕнынӕн дӕр ис фадӕттӕ, Алайнаг гимназ нӕм кӕй байгом, уый дӕр ахӕсгӕ у ахадгӕ мадзӕлттӕм.

Цавӕрфӕнды нысантӕ дӕр фӕкъуыхцы уыдзысты, бӕрзонд квалификациимӕ специалисттӕ нӕм куы нӕ фӕзына, уӕд. Битары-фыртӕн уыцы фарст хуымӕтӕг нӕу, ахуырады ведомствӕты, куыстуӕтты разамонджыты раз ӕвӕры ахъаззаг хӕстӕ. Ӕрмӕстдӕр ахуырад ӕмӕ куыстад баиу кӕнгӕйӕ, ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕм фӕзындзӕн фӕлтӕрддзинад, сӕ зонындзинӕдтӕ куысты мидӕг равдисыны фадат сын у тынг ахсджиаг. Уӕдӕ рӕзгӕ фӕлтӕрты патриотон хъомылад дӕр рохуаты нӕ баззад Битарты Вячеславӕй. Фӕбӕрӕг, бирӕ азты дӕргъы нӕм идеологи кӕй нӕ уыдис, уый, уымӕ гӕсгӕ, фӕсивӕдӕн царды раст фӕндаг бацамонын, рӕдыдӕй сӕ бахизын у стыр хъуыддаг.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабаз дӕр ӕййафы хорзӕрдӕм ивддзинӕдтӕ, ӕрмӕст дадзинты низтӕ дзӕбӕхгӕнӕн центры фӕзынд дӕр рынчынтӕн стыр ахъаз фӕцис. Нырма медицинон кусӕндӕтты 40 проценты сты зилинаг, домынц бындурон цалцӕг ӕмӕ рацарӕзт. Битарты Вячеслав йе ‘мкусджытимӕ агуры фӕрӕзтӕ, цӕмӕй рынчындӕттӕ ӕмӕ поликлиникӕты рынчынтӕн уа аккаг уавӕртӕ.

Ӕнӕзӕгъгӕ нӕй, комплекс «Мамысон»-ыл ногӕй куыст кӕй бацайдгъ, уый тыххӕй дӕр. Битарты Вячеслав ацы фарст цалдӕр хатты рахаста Уӕрӕсейы Федерацийы разамынды размӕ. Хицауады Сӕрдар Дмитрий Медведевимӕ йын ӕрӕджы цы бӕстон ныхас рауад, уый адыл «Мамысон»-ы хъысмӕт фӕрӕстмӕ. Ацы аз федералон бюджетӕй проектон-хӕрдзты документацийӕн лӕвӕрд ӕрцыд 100 милуан сомы, республикон бюджет та радих кодта 20 милуан сомы.

Битарты Вячеслав у, коррупциимӕ ӕргом тохы чи бацыд, ахӕм разамонӕг, уый сиды граждайнаг ӕхсӕнады минӕвӕрттӕм, депутаттӕм, барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕм, цӕмӕй ахъаззаг цӕлхдуртӕ ӕвӕрой коррупцийӕн. Раст зӕгъгӕйӕ, уыцы мадзӕлттӕ нырма уыйас нӕ фӕбӕрӕг сты нӕ алыбоны царды. Мӕнмӕ гӕсгӕ, Битарты Вячеславы кад — куыд Цӕгат Ирыстоны разамонӕгӕн, афтӕ ноджы фӕбӕрзонддӕр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ размӕ цы социалон-экономикон, ӕхсӕнадон-политикон ӕмӕ ӕндӕр вазыгджын фарстытӕ ӕвӕры, уыдоныл архайы ӕнӕрынцойӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй.

Хъойбайты Барис,

ЦИПУ-йы профессор, политологийы кафедрӕйы сӕргълӕууӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here