Нӕ республикӕйы сӕйраг горӕт Дзӕуджыхъӕуӕй Мӕздӕгмӕ комкоммӕ фӕндаг кӕй уыдзӕн, уыцы ӕхсызгон хабар уайтагъд айхъуыст адӕмы ‘хсӕн. Ацы фӕндаг аразыны хъуыддаг ныфс ӕмӕ циндзинад, удӕнцойдзинад хӕсдзӕн ӕрмӕст Ирыстоны нӕ, фӕлӕ сыхаг республикӕты цӕрджытӕн дӕр.
Ацы бонты автомобилон фӕндаг «Кавказ-Хурыхъӕу-Малгобек-Мӕздӕг»-ы рацарӕзт йӕ тыхы бацыдис. Ног фӕндаг уыдзӕн ӕнцонвадат ӕмӕ ӕдас, цӕудзӕн нӕхи зӕххыл, уымӕ гӕсгӕ уыдзӕн дыууӕ хатты цыбырдӕр.
Фӕндагаразӕг дагестайнаг компани «Дагспецстройсервис»-ы сӕйраг инженер Абдула Магдиевимӕ бабӕрӕг кодтам ацы ахсджиаг объекты арӕзтадон фӕзтӕ. Уыцы-иу рӕстӕг адӕм кӕрӕй-кӕронмӕ кусынц 57,7 километры дӕргъӕн фӕндаджы уаццагыл.
Райдыдта Зилгӕйы хъӕуӕй, йӕ кӕрон та уыдзӕн Мӕздӕджы районы хъӕу Сухотскоемӕ бацӕуӕны.
Кусджыты иу къорд Камбилеевкӕйы доны сӕрты аразынц ног, 28 метры дӕргъӕн хид, ныридӕгӕн уал цӕттӕ сты йӕ быцӕутӕ, хидаразджытӕн ӕххуыс кӕны уӕззау техникӕ. Чысыл дарддӕр дӕр аразынц ног хид, фӕлӕ — Цӕлыччы донхорыггӕнӕн къанауы сӕрты, 18 метры уыдзӕн йӕ дӕргъ. Куыстытӕ ам дӕр цӕуынц ӕнӕкъуылымпыйӕ.
Проектмӕ гӕсгӕ фидӕны автомобилон фӕндаг рафидаудзӕн ӕдӕппӕтӕй ӕртӕ хидӕй, трассӕйы бынты цӕхгӕрмӕ цӕудзӕн 34 донуадзӕн цыппӕрдигъон ӕфсӕнбетон хӕтӕлы. Ныридӕгӕн уал сӕ бынат ссардтой 12 ахӕм арӕзтады.
Сидахъаты Артур Беслӕны цӕрӕг у. Фӕндагаразӕджы дӕсныйад ӕм нӕй, фӕлӕ арӕзтады кусджытӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, куы базыдта, уӕд ӕрбацыд. Ныр разы у йӕ архайдӕй, фӕзынд ӕм фӕлтӕрддзинад.
— Хицӕн бригад стӕм, донуадзӕн хӕтӕлтӕ ӕвӕрӕм. Зонӕм ӕй, нӕ куыст куыд ахсджиаг у, бирӕ адӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ног фӕндагмӕ, уый ӕмӕ ӕнӕрынцойӕ архайӕм сменӕгай, суанг ӕхсӕвыгон дӕр. Уый тыххӕй куысты бынӕттӕм электрон рухс бауагътой, — зӕгъы Артур.
Сӕйраг инженер нын равдыста, 11 километры бӕрц хъӕд кӕм ссыгъдӕг кодтой зӕронд бӕлӕстӕ ӕмӕ къудзитӕй, уыцы бынат, ног фӕндаг ауылты дӕр цӕудзӕн.
— Цӕттӕгӕнӕн куыстытӕн, зӕгъӕн ис, сӕ 70 проценты конд ӕрцыдысты. ӕнӕмӕнг, афӕдзы кӕронмӕ сцӕттӕ уыдзысты ӕртӕ хиды, донуадзӕн хӕтӕлтӕ дӕр сӕ бынат ссардзысты, — зӕгъы сӕйраг инженер.
— Ныртӕккӕ фӕндаджы арӕзтады кусы 100 адӕймаджы бӕрц, бирӕ уӕззау техникӕ. Арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ласынц Краснодары крайӕ, Ростовы облӕстӕй, Дагестанӕй, хуыр, змис, бетон та бынӕттон сты. Фӕндаджы арӕзтады сӕйрагдӕр у йӕ ӕдасдзинад, уымӕ гӕсгӕ сӕрмагонд лаборатори бӕрӕг кӕны ӕппӕт ӕрмӕджыты хӕрзхъӕддзинад. Цӕмӕй нӕ размӕ ӕвӕрд хӕстӕ сӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй пайда кӕнӕм куыстӕн бӕзгӕ алы сахатӕй дӕр. Машинӕтӕ ӕмӕ механизмтӕ цӕмӕй ӕнцад ма лӕууой, ууыл архайынц участокты хицӕуттӕ, прорабтӕ ӕмӕ бригадиртӕ, — зӕгъы Абдула. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, реконструкцийы ӕппӕт куыстытӕ ахицӕн уыдзысты 2020 азы фӕстаг бонты. Ног фӕндаг дзуапп дӕтдзӕн III техникон категорийы домӕнтӕн, йӕ уӕлцъар асфальт ӕмӕ бетонӕй ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн, йӕ уӕрх уыдзӕн авд метры.
Цӕмӕй шофыртӕ ӕмӕ фистӕгцӕуджытӕ сӕхи ӕдасӕй ӕнкъарой, уый тыххӕй ифтонг ӕрцӕудзӕн электрон рухсытӕй.
Уӕззау куыст чи кӕны, уыдонӕн хъуамӕ сӕ хӕрд дӕр нывыл уа. Уарзиаты Ритӕ ӕмӕ Фатимӕ Юнусова хӕрӕндоны кусынц. Бон ӕртӕ хатты хӕрзад ӕмӕ хъарм хӕринаг кӕнынц фӕндагаразджытӕн. Сӕ ӕнӕзӕрдӕхудт куысты тыххӕй арӕх фехъусынц арфӕйы ныхӕстӕ.
Арӕзтадон куыстытӕм иудадзыг йӕ цӕст дары заказгӕнӕг — РЦИ-Аланийы фӕндӕгты хӕдзарады комитет.
Гугкаты Жаннӕ
Авторы ист къамтӕ














