Ныхас горӕты сыгъдӕгдзинадыл

0
339

Знон Дзӕуджыхъӕуы муниципалон сконды сӕргълӕууӕг Икъаты Русланбегӕн уыдис фембӕлд горӕты префектурӕты сӕргълӕуджытимӕ. Ныхас цыдис горӕты аив ӕмӕ сыгъдӕгдзинадыл, ӕнӕзакъон базарад ӕмӕ арӕзтӕдтыл. ӕмбырды архайджытӕ ӕрдзырдтой, уӕлдӕр амынд лыггӕнинаг фарстытӕ банывыл кӕнынӕн ахъаззагдӕр мадзӕлттӕ ссарыныл.

Терчы галиуфарс администрацийы сӕргълӕууӕг Таутиаты ӕхсар куыд радзырдта, афтӕмӕй ӕнӕзакъон базарад ӕмӕ ӕнӕзакъон арӕзтӕдты фарстытыл дӕсгай азты дӕргъы куыст цыдис, фӕлӕ хъуыддаг гӕххӕттыл фыстӕй баззайы.

— Фарон сбӕрӕг кодтам ацы фарстыты фӕдыл ӕртӕ мин ӕгъдаухӕлды. Уыдон фылдӕр уыдысты Дзӕуджыхъӕуы Рӕмоны-фырты уынджы ӕнӕзакъон базарад ӕмӕ ӕнӕзакъон арӕзтӕдтӕ, куыд хицӕн адӕймӕгты архайдӕй, афтӕ куыстуӕтты аххосӕй дӕр. ӕмбӕлдыстӕм базарты хицӕуттимӕ, ныхас кодтам, горӕты уынгты базар чи кӕны, уыцы адӕймӕгтимӕ. Ивар бафидын кӕнӕм, фӕлӕ, зӕгъӕм, уыцы ивары бӕрц 500 сомӕй фылдӕр куы нӕ уа, уӕд нын нӕ ивартӕй чи хъуамӕ тӕрса? Ивары бӕрц фылдӕр фӕкӕнынӕн та нын бартӕ нӕй. Уӕйгӕнджытӕ сты кардзыд адӕм ӕмӕ ӕвӕрӕз бинонтӕй.

Иннӕ ахӕм лыггӕнинаг фарст ма у, арӕзтӕдтӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты фыццаг уӕладзгуыты цӕрджытӕй иуӕй-иутӕ сӕ агъуыстытӕм бафтауынвӕнд куы скӕнынц, уӕд уый дӕр чысыл хъаугъайаг не свӕййы. Администрацимӕ сыхӕгтӕ сӕ хъаст ӕрбахӕссынц. Къамисы уӕнгтимӕ ӕмӕ пъӕлицӕйы бынӕттон хайады сӕргълӕууӕджы дӕр немӕ акӕнӕм. Акттӕ сыл саразӕм, зӕрдӕ нын бавӕрынц арӕзтад дарддӕр кӕй нал цӕудзӕн, уымӕй. Фӕлӕ ныхас ныхасӕй баззайы, — загъта Таутиаты ӕхсар.

Икъаты Русланбег лӕмбынӕг байхъуыста префектурӕйы сӕргълӕууӕджы ныхасмӕ, стӕй бацамыдта, уӕлдӕр амынд ахсджиаг фарстытӕ банывыл кӕныны куысты ногдӕр мадзӕлттӕ.

— Бындуронӕй хъӕуы ивын куыст. Гӕххӕттыл кӕй баззайынц фарстытӕ, уый абон бӕрӕг у уавӕрыл. Саразын хъӕуы сӕрмагонд хайад, къамис нӕ, фӕлӕ, уыцы хайад кусдзӕн ӕрмӕстдӕр ӕнӕзакъон базарад ӕмӕ арӕзтӕдты ныхмӕ ногдӕр мадзӕлттӕй. Ивары бӕрц дӕр 500 сомы нӕ, фӕлӕ 5 мин соммӕ куы схиза, уӕд ничиуал уӕнддзӕн ӕгъдау халын. Стӕй, акттӕ аразын нӕ хъӕуы, фӕлӕ бынатмӕ ӕвӕстиатӕй уӕлдӕр оргӕнты минӕвӕрттимӕ цӕуын. Куы бахъӕуа, уӕд бынаты баззайын, цалынмӕ арӕзтад фӕстӕмӕ халын нӕ райдайой, уӕдмӕ. ӕппӕт уыцы мадзӕлттӕ аразын хъӕуы закъоны бындурыл, — загъта Икъайы-фырт.

Рахизфарсы администрацийы сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Дзотты Ацӕмӕз дӕр ӕмбырды архайджытӕн радзырдта, афӕдзы дӕргъы сӕ къухы цы бафтыд саразын ӕмӕ бахаста фӕндон, Уӕрӕсейы иннӕ регионты цы проекттӕй пайда кӕнынц, уыдонӕй иу нӕхи республикӕйы дӕр ӕххӕст кӕнын.

— Фыццаджыдӕр, нӕ куыст райдыдтам, нӕ фӕзуӕттыл цыдӕриддӕр куыстуӕттӕ, хицӕн адӕймӕгты дуканитӕ ис, уыдоны хицӕуттимӕ  фембӕлыны ӕгъдауӕй. Нӕ нысан уыдис, сыгъдӕгдзинады уавӕр цӕмӕй сӕ зӕрдыл дарой, уый сын бамбарын кӕнын. Цӕрджытӕ районы префектурӕйӕн аргъ кӕнынц. Уымӕн ӕвӕстиатӕй лыг кӕнӕм нӕ бӕрны фарстытӕ. Балхӕдтам нӕхи хъаруйӕ кӕрдӕг кӕрдӕнтӕ ӕмӕ ацы аз нӕ районы  кӕрдӕг ӕмӕ хъамыл ныккарстам 54 гектары. Ацы мӕй нын радих кодтой фӕззыгон сыфтӕр сӕмбырд кӕнын ӕмӕ аласынӕн ӕртӕ КАМазы. Фӕлӕ та махӕн дӕр нӕ куыст къуылымпы кӕнынц иуӕй-иу куыстуӕттӕ, Чермены хъӕумӕ фӕндагыл куыстуӕттӕн сӕ хицӕуттӕ Ирыстоны не сты, ӕмӕ сӕ алыварс амбрози кӕрдӕг астӕуӕй уӕлӕмӕ ӕрзад, адӕмы ӕнӕниздзинадӕн зиан хӕссы. Аллергийӕ рынчынтӕ цалдӕргай мӕйтӕ хӕхтӕм цӕрынмӕ алидзынц. Амбрози ахӕлиу уынгтыл ӕмӕ кӕртытыл дӕр. Ацы кӕрдӕг кӕрдынӕй нӕй сихсийын кӕнӕн, ӕдуидаг ӕй бындзарӕй сыгъдӕг кӕнын хъӕуы. Уымӕн та ис сӕрмагонд техникӕ, махмӕ чи нӕй, ахӕм, — загъта Дзотты Ацӕмӕз.

Горӕты муниципалон сконды сӕргълӕууӕг бузныг загъта Дзотты Ацӕмӕзӕн, Сабырдзинады проспектмӕ кӕй базылдысты, уый тыххӕй. Фӕлӕ ма бафиппайдта, зӕронд архитектурон бӕстыхӕйттыл цы рекламӕтӕ ӕмӕ кондиционертӕ ис, уыдон айсыны фарст дӕр, ӕнӕмӕнг ӕххӕстгӕнинаг кӕй у.

Саутӕты Тамилӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here