Ӕппӕтуӕрӕсеон хъӕууонхӕдзарадон равдыст «Сыгъзӕрин фӕззӕг» ныр 21 хатт ацыд Мӕскуыйы. 55 уӕрӕсейаг регионы ӕрбаластой сӕ хъӕууонхӕдзарадон продукци. Ивгъуыд азы къухы цы бафтыд, уыцы ӕнтыстдзинӕдтӕ ӕвдыст цыдысты экспозицион равдыстыты, уӕлдай ӕргом аздӕхтой экологон ӕгъдауӕй сыгъдӕг продукцимӕ.
Равдыст ацыдис Адӕмон Хӕдзарады Уӕлдӕр Равдысты. Бабӕрӕг ӕй кодтой Уӕрӕсейы Хицауады Сӕрдар Дмитрий Медведев, йӕ хӕдивӕг Алексей Гордеев, хъӕууон хӕдзарады министр Дмитрий Патрушев, ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ.
Нӕ республикӕйы Хъӕууон хӕдзарады ӕппӕт къабӕзтӕ парахатӕй ӕвдыст ӕрцыдысты Цӕгат Ирыстоны стенды. Нӕ равдыст хуыздӕртимӕ нымад кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй журналисттӕн радзырдта РЦИ-Аланийы хъӕууон хӕдзарады министр Уазиты Хъазыбег. Цымыдисаг равдыст бацӕттӕ кӕнынмӕ се ‘ххуысы хай бахастой республикӕйы агропромышленнон куыстуӕттӕ. Иумӕйаг ӕнтыстдзинадыл банымадта министр, къухы кӕй бафтыд 10 сыгъзӕрин ӕмӕ цыппар ӕвзист майданы сласын, авд хъӕууонхӕдзарадон кооперативы хорзӕхджын ӕрцыдысты кадджын дипломтӕй, республикӕ та райста Гран-при, арфӕйы фыстӕг радтой нӕ министрадӕн.
Уазиты Хъазыбеджы ныхасмӕ гӕсгӕ, цы бирӕ адӕм бабӕрӕг кодтой Цӕгат Ирыстоны равдыст, уыдон цымыдисӕй кастысты нӕ кӕсаджы продукцимӕ, дыргътӕ ӕмӕ халсарты хуызтӕм, ног культурӕ у нӕ регионӕн спаржӕ ӕмӕ йӕ фыццаг тыллӕг дӕр ӕвдыст ӕрцыд. Дмитрий Медведев, иннӕ бӕрнон кусджытӕ бабӕрӕг кодтой ирыстойнаг павильон, разыйӕ баззадысты нӕ картофы селекцион мыггагӕй, уымӕн ӕмӕ Уӕрӕсе бирӕ мыггаг ӕлхӕны фӕсарӕнты. Специалисттӕ куыд бафиппайдтой, афтӕмӕй Ирыстоны кӕсагдарынады райрӕзтӕн ис ӕппӕт гӕнӕнтӕ, фыццаджыдӕр, нӕ сыгъдӕг дӕттӕ ӕмӕ суадӕттӕ сты уымӕн ахъаз.
— Фидӕны нӕ куыст афтӕ араздзыстӕм, цӕмӕй зӕххы ӕмӕ фосдарынады куыст кӕнын кӕй фӕнды, уымӕн нӕ бон баххуыс кӕнын уа. Нӕ гӕнӕнтӕ дӕр фӕуӕрӕхдӕр сты, ацы аз паддзахад радих кодта 760 милуан сомы, архайдзыстӕм национ проектты, донхорыджы куыстмӕ хъуамӕ аздахӕм не ‘ргом. ӕхсыр ӕмӕ дзидза нӕхи хӕдзарӕдтӕй куы исӕм, фысвос куы дарӕм, дыргъдӕттӕ ӕмӕ кӕсаджы куыст куы рапарахат кӕнӕм, уӕд хъӕууон лӕджы цард фӕхуыздӕр уыдзӕн. ӕнӕмӕнгӕй нӕм уыдзӕн ӕхсӕрты ӕмӕ ӕнгуз бӕлӕсты фӕзуӕттӕ дӕр.
Ирон адӕмы ‘хсӕн ныффидар уӕлӕнгай, ӕнӕхъӕугӕ хъуыды: «Нӕ гыццыл бакуысты — бирӕ бӕркад». Уымӕй нӕхи сайгӕ цы кӕнӕм, ӕндӕр ницы. Нӕ уыдзӕн бӕркадджын магуса. Иумӕ дысвӕлдӕхтӕй архайӕм, ис нӕм бӕркадджын зӕххытӕ, сыгъдӕг суадӕттӕ, куыстхъом адӕм, — загъта министр.
Дзурынц «Сыгъзӕрин фӕззӕг-2019»-ы архайджытӕ
Кирилл Наседкин, хъӕууонхӕдзарадон куыстуат «Долина спаржи»-йы разамонӕг:
— Нӕ куыстуат ӕрхонкӕйы ис. Ныр дыккаг аз кӕнӕм спаржӕйы куыст. Бирӕазыккон халсар ӕй схонӕн ис, 13 азы бӕрц иу къудзи дӕтты тыллӕг. Сезонмӕ нӕм фӕкусы 60 адӕймаджы бӕрц. Уӕхскуӕз куыст дзы бирӕ ис, чи зоны, уымӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы бирӕтӕ нӕ зонынц йӕ технологи. Йӕ садзинӕгтӕ сты зынаргъ, ӕрбаластам сӕ фӕсарӕнтӕй. Фидӕны нӕ фӕнды нӕ продукцийӕ консервтӕ дӕр кӕнын. Мӕскуымӕ балц мӕнӕн стыр фӕлтӕрддзинад радта, базонгӕ дӕн ног адӕмимӕ. Ирыстоны делегаци, раст цыма иу бинонтӕ уыдыстӕм, афтӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтам алцӕмӕй. Бузныг зӕгъын министрадӕн, афтӕ рӕсугъдӕй, ӕнтыстджынӕй кӕй равдыстой нӕ республикӕ, уый тыххӕй.
Мӕрзойты Зауырбег, хъӕууонхӕдзарадон кооператив «Фат-Агро»-йы сӕрдар:
— Ныр ӕртыккаг хатт архайдтам ӕппӕтуӕрӕсеон равдысты. Ӕмӕ нын ӕнтыстджын рауад. Цӕгат Ирыстон цы бынат бацахста равдысты, уый уӕлахизыл банымайӕн ис. Бирӕ хъӕугӕ бастдзинӕдтӕ нын фӕзынд, бадзырдтӕ бафыстам немыцаг ӕмӕ голландиаг фирмӕтимӕ. Нӕ картофы мыггаг сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, махӕн та уый фадат дӕтты фылдӕр ӕмӕ хуыздӕр кусынӕн.
Созайты Марат, РЦИ-Аланийы равдыстыты ӕмӕ презентациты фонды архайды разамонӕг:
— Цалдӕр мӕйы нӕхи цӕттӕ кодтам ацы равдыстмӕ. Сӕйрагдӕр уыд, цӕстуынгӕ куыд уа нӕ стенд, уый. 77 куыстуаты продукци равӕрдтам тӕрхӕджытыл. Фидӕны цӕмӕ тырнӕм, цӕуыл кусӕм, уый ис.
Ӕрмӕг бацӕттӕ кодта Гугкаты Жаннӕ














